26 декабря 2024

«ГЪАРГÆНÆН РÆСТÆГМÆ РЕСПУБЛИКÆ ЦÆТТÆ ÆЙ!..»

03.11.2020 | 21:41

ТАМАТИ Майрæн

Проект «Æргом Хецауа-дæ»-йи» фæлгæти республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ фембалдæй республики цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министр Тамати Майрæн.

Министради куст куд ахсгиаг æй, уой алкедæр зонуй. Уомæн æма, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæ ци уавæри æй, куд косуй æма æ ихæстæ куд æнхæст кæнуй, уомæй комкоммæ аразгæ ’й нæ республики адæми цард æма экономики еугур къабæзти райрæзт.

Республики коммуналон инфраструктурæ фæззигон-зуймон рæстæгмæ куд цæттæ ’й, коммуналон лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнади хæццæ баст циуавæр программитæ æнхæст кæнуй министрадæ æма адæми цæруни уавæртæ фæххуæздæр кæнунбæл куд архайуй, уой фæдбæл министр ракодта лæмбунæг хабæрттæ.

– Мæ бон зæгъун æй, коммуналон æма цæрæнуæтти къабæзти еугур кустуæттæ дæр зуймон гъаргæнæн рæстæгмæ цæттæ ке ’нцæ, уой. Еугур системитæ дæр нуртæккæ косунцæ æмбæлгæ уагæбæл, Дзæуæгигъæуи еугур гъаргæнæнтæ дæр, уæдта, гъар ци хæтæлтæбæл цæуй, етæ сæ еугурдæр æнцæ цæттæ, – загъта министр.

Коронавируси пандемий хæццæ баст исæвзургæ уавæр хнцгæй, муниципалон искондтæн барæ лæвæрд æрцудæй, цæмæй гъаргæнæн рæстæг райдайуонцæ, алке æхуæдæг æхецæн ци унаффæ рахаста, уомæ гæсгæ. Æма нуртæккæ алли райони дæр, гъаргæнæн рæстæг райдæдта æма цæуй æнæкъулумпитæй. Гъардæттæг, газ хъæртунгæнæг хецæн объектти кусти аййеппитæ ку разинна, уæд етæ дæр афойнадæбæл æма цубур рæстæгмæ еуварсгонд цæудзæнæнцæ. Еци кустмæ дæр сæрмагонд бригадитæ æнцæ цæттæ.

Министрадæ ци программитæ æнхæст кæнуй, уонæбæл куст куд цæуй, уомæ æргом æздахгæй, Тамати Майрæн куд радзурдта, уотемæй республики районти æма гъæутæн сæ  фулдæремæ абони уæнгæ газ хъæртуй. Нуртæккæ ма цæуй Алагири райони хуæнхаг гъæутæмæ – Галонмæ, Уæллаг Згидмæ – газ бауадзуни куст. Е цæудзæнæй хæстæгдæр дууæ анзи. Алагири район еугурæй дæр газæй æфсес ку æрцæуа, уæд бавналдзæнæнцæ Ирæфи райони хуæнхаг гъæутæмæ дæр – Фæснæл, Мæцутæ æма иннетæмæ. Æма уотемæй, 2025 анзмæ республикæ газæй ефтонг уодзæнæй 100 процентæй.

Электрон тухæй æфсадуни æма си пайда кæнунбæл дзубанди кæнгæй, министр загъта, электрон тухæ ка косдзæнæй, æртæ уæхæн минкъий дони электростанцитæ хæстæгдæр дууæ-æртæ анземæ арæзт ке æрцæудзæнæнцæ Уæллаг Фиййагдони, Мæздæги Терки-Кумаг къанауи æма Ирæфи райони Æхсæуи.

Берæфатерон хæдзæртти райдайдзæнæй, ка базæронд æй, электрон тухæ нимайæн еци прибортæ нæугутæй раййевуни куст. Æ исæнхæст кæнунæн акционерон æхсæнадæ «Цæгкавэнерго» радех кодта 500 миллион соми.

«Экологи», зæгъгæ, министрадæ ци иннæ национ проект æнхæст кæнуй, уой фæлгæти арæзт цæуй Дзæуæгигъæуи æма республики районтæ ниуазуни кæдзос донæй æфсадуни куст. Министр куд загъта, уотемæй дони хæтæлтæн сæ 75 проценти, Алагири райони дони хæтæлтæн ба сæ 100 проценти бустæги базæронд æнцæ æма æнцæ æййевуйнаг. Еугур куститæн сæ аргъ æй 10 миллиард соми. Уонæй бал программæмæ гæсгæ лæвæрд ци æхца æрцудæй, уомæй арæзт æрцудæй Реданти донуадзæн. Фæстагмæ ма дехгонд ци 300 миллион соми æрцудæй, етæ, ке зæгъун гъæуй, æнцæ минкъий æхцатæ, фал си уæддæр нуртæккæ цалцæггонд цæунцæ Алагири дони хæтæлтæ хайгай.

Министрадæ ма ци æндæр программитæ æнхæст кæнуй, етæ баст æнцæ: адæми сæ кæлæдздзаг хæдзæрттæй нæуæг цæрæнбунæттæмæ раййевунмæ, уæдта берæуæладзугон хæдзæртти, ка базæронд æй, еци лифттæ нæугутæй раййевуни кусти хæццæ. Дзæуæгигъæуи æма респубики районти цæргутæн аразуй царди æнцон уавæртæ, аййев кæнуй берæфатерон хæдзæртти тургътæ æма сæ алливарс фæзуæттæ, ци бартæ имæ хауй, уонæмæ гæсгæ ахедуй тарифти политикæбæл, косуй Беслæни коммуналон инфраструктури райрæзти генералон пъланбæл æма ма архайуй берæ æндæр программитæ царди рауадзунбæл. Сæ еугуребæл дæр Тамай-фурт кодта лæмбунæг дзубанди.

Уомæй уæлдай министр дзуæппитæ равардта журналистти фарстатæн. Етæ адтæнцæ, цæрæнуатон-коммуналон къабази хæццæ баст гъуддæгутæй цæргути хъæбæрдæр ка тухсун кæнуй, уони фæдбæл – коммуналон лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнади æма сæ феддонти, берæфатерон хæдзæрттæн разамунддæттæг компанити кусти, тарифти ирæзти æма æндæрти туххæй.