03 декабря 2024

ДÆХУÆДÆГ ДÆХЕ БАГЪÆУАЙ КÆНÆ!..

30.11.2022 | 23:10

Фæстаг бæнтти бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй Уæрæсей еуцæйбæрцæдæр исирæзтæй грипп æма æндæр уæхæн незтæй сæйгити нимæдзæ. Еци æууæл лæдæргæй, Уæрæсей Федераций æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради специалисттæ адæмæн амонунцæ, цæмæй дзиллон бунæтти даронцæ сæрмагонд маскитæ.

Уой фæдбæл министради хуæцгæ незти фæдбæл сæйраг æнæштатон специалист Владимир Чуланов уотæ зæгъуй:

– Æхсæнадон транспорти, базарадон центртæ æма æндæр уæхæн дзиллон бунæтти еугуремæй растдæр уодзæнæй маскитæ дарун, уомæн æма етæ минкъийдæр кæнунцæ грипп æма æндæр уæхæн хуæцгæ незтæй фæссæйгæ уни къæпхæн.

Специалистти дзубандимæ гæсгæ, фæстаг цалдæр боней дæргъи Уæрæсей зингæ исирæзтæй грипп æма æндæр уæхæн хуæцгæ незтæй сæйгæ адæми (уой хæццæ, сувæллæнтти ’хсæн дæр) нимæдзæ. Еци æууæл лæдæргæй, алли адæймаг дæр гъæуама къæрцгъос уа  е ’нæнездзийнадæмæ. Владимир Чуланов байамудта, уæхæн рæстæг гриппи нихмæ прививкæ искæнуни еугуремæй растдæр ке уодзæнæй, уой дæр. «Уæхæн прививкæ афæззæги ка не ’скодта, уомæн е ’скæнунæн нуртæккæ дæр ма фадуат ес», – баханхæ кодта æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради минæвар.