22 декабря 2024

«ÆЗ ХУÆНХТИ НÆ НИУУН ЕУГУР ДЗÆГЪÆЛ, ÆЗ ИССЕРУН ХУÆНХБÆСТИ МÆХЕ…»

17.12.2022 | 22:42

Ку бахаун хатгай хуæнхбæстæмæ,

Цидæр-куддæр ниууй уæд мæ тог.

Æз фестун донхауæн къæдзæхтæбæл,

Хуæнхаг донау фестун фуррæсог.

’Ма мæ кеми æппун нæбал уогæй,

Исуй къахнад мæ уод уæд мæнæн.

Æй тар медком, æз ба еци уаги

Артæн фестун æ еу æрдæфæн.

 

Æрсæуми ба, арвæй ка фæттар уй,

Исун еци æстъалуй æмсæр.

Раст цума мæ думгæ æ низзари,

Исæнтъухта уæлцъонг кумæдæр.

Мæ къæхтæй еуварсгæнгæй сифтæртæ,

Идзирдæй исуинун арви цъæх.

Нæуæгæй исрæуæг уй мæ зæрдæ,

Æнгъæлун: нæма бадæн зæрдцъæх.

 

Цидæр тухæ, цидæр исзинзæгъæн

Фæккæнуй мин мæ уод уæд дууех.

Æз хуæнхти нæ ниуун еугур дзæгъæл,

Æз иссерун хуæнхбæсти мæхе…

* * *

Аци æмдзæвгæ ниффинста Гуржибекти Иринæ (уруссаг æвзагæй æй ратæлмац кодта Колити Витали). Æма æ кæронбæттæни дууæ рæнгъей гъудимæ гæсгæ нæ бон æй федарæй зæгъун: айдагъ хуæнхти нæ ниууй еугур дзæгъæл, фал цардиуаги нæдтæбæл цæугæй, рæствæндаг кæнуй æ рæстзæрдæдзийнадæй, æ уодигъæди федардзийнадæй, æ адæмуарзондзийнадæй… Уомæй си боз æнцæ нæ дзиллæ. Рæхги, 22 декабри ба уæлдай зæрдиаг арфитæ кæндзæнæнцæ Цæгат Иристони адæмон поэт Гуржибекти Геуæргий кизгæ Иринæн æ юбилейи фæдбæл. Мах дæр ин зæрдиагæй арфæ кæнæн – Иринæ нæ газетбæл уоййасæбæл æновуд æй æма нæ еудадзуг деси æфтауй.