26 декабря 2024

ФИНАНСТÆ

14.01.2023 | 21:08

Нæуæг, 2023 анзæн Цæгат Иристони федаргонд æрцудæй 90 финансон бадзурди. Нæ республики экономикон райрæзти министр Кучити Заур куд фегъосун кодта, уотемæй аци анз нæ регионæн агъази хузи гъæуама лæвæрд æрцæуа 28,5 миллиард соми. Уонæй 26 миллиард соми гъæуама радех кæна фæрæзнитæ федералон бюджет. Кучий-фурти радзубандимæ гæсгæ, куд нисангонд цæуй, уотемæй аци анз  гъæуама 157 арæзтади капиталон æгъдауæй кæронмæ исцæттæ уонцæ.

Нæ республики сæргълæууæг Сергей Меняйло министрти кабинетæн байхæс кодта, 2024 анзи ци арæзтæдтæ гъæуама æрцæуонцæ конд, уонæн цæмæй бацæттæ кæнонцæ еугур æнæмæнгæ гъæугæ гæгъæдитæ дæр националон проекттæ æма паддзахадон программити архайунæн.