26 декабря 2024

ИРИСТОНИ ЗÆНХÆБÆЛ УÆЛАХЕЗ ИССÆЙ НÆ АДÆМÆН ЦИТГИН УÆЛАХЕЗМÆ РÆСТВÆНДАГГÆНÆГ!..

14.01.2023 | 21:16

Цуппаринсæй анзей размæ, 1943 анзи фиццаг январи нæ республики сæйраг сахар Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй берæдзиллон æмбурд, Цæгат Иристон  немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй æнæгъæнæйдæр уæгъдæгонд ке æрцудæй, еци агъазиау цауи фæдбæл.

Куд зонæн, уотемæй 1942 анзи сæрди знаги æрдонгтæ æрбахъæрттæнцæ Цæгат Кавказмæ дæр, уомæ гæсгæ ба ами исæвзурдæй уæззау æма тæссаг уавæр. Тæссаг ба уавæр уомæй адтæй, æма знаг цийфæндийæй дæр архайдта Фæскавказмæ байервæзунбæл, уоми гъæздуг фæрæзнитæбæл фæххуæст унбæл. Уомæн неци хузи адтæй æруадзæн. Æма еци фудрæстæг, 1942 анзи 13 августи Дзæуæгигъæуи æрæмбурд æнцæ цæгаткавказаг автономон республикити, уæдта Дони, Кубани, Терки, Сунжи цæрæг адæмихæттити æма Сурх Æфсади минæвæрттæ. Еци мадзал арæзт кæми æрцудæй, уоми фæстæдæр æвæрд æрцудæй сæрмагонд номерæн дор (уинетæ ’й мæнæ уæллаг къари).

Æмбурди ка адтæй, еци мингай адæймæгутæ Цæгат Кавкази дзиллити номæй знагбæл бахъоди кодтонцæ æма ибæл æлгъистаг игакæ бафтудтонцæ, се ’мзæнхонтæмæ фæдздзурдтонцæ, цæмæй, ке бон куд æй, уотемæй æгъатир тох исаразонцæ знаги нихмæ.

Сæ еци ардбахуæрд Цæгат Кавкази адæмтæ куд æнхæст кодтонцæ, уой туххæй минкъий финст не ’рцудæй уацта, киунугутæ, наукон куститæ… Мах газети дæр уой фæдбæл еудадзуг мухургонд цæунцæ аллихузон æрмæгутæ.  Абони дæр бабæй уæхæн æрмæгутæй мухур кæнæн еу цалдæр (3-8-аг фæрстæбæл).