27 декабря 2024

БÆРЗОНД ТИЛЛÆГÆРЗАДÆН УОДЗÆНÆЙ ХУАРЗ БУНДОР

28.01.2023 | 14:08

Цæгат Кавкази хуæрзмуггаг картофи селекцион центр æрæги байгон кодтонцæ Цæгат Иристони æнæнхæст бæрнæдзийнади æхсæнадæ «Фат-Агро»-й. Авд гектари фæзуатбæл æрбунæттон æнцæ, еугур нуриккон домæнтæн дзуапп ка дæттуй, уæхæн диагностикон лабораторитæ, картофи минкъий муггæгутæ кæми зайун кæндзæнæнцæ, гъаруæтти уæхæн комплекс æма 10 мин тонни картоф кæми уодзæнæй, уæхæн нуриккон æфснайæнтæ. Хуæрзмуггаг картофи селекцион центр æй компанити къуар «Бавари»-й дæлхайæдтæй еу, ефтонггонд æй куд уæрæсейаг, уотæ фæсарæйнаг нуриккон косæнгæрзтæй.

Æрæги центр кадгин уавæри æ дуæрттæ байгон кодта. Ци берæ иуазгутæ ’рбацудæй, уони хæццæ адтæнцæ Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавкази Юрий Чайка, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсей гъæууон хæдзаради министри хуæдæййевæг Иван Лебедев, банк «ВТБ»-й Цæгат Кавказаг филиали разамонæг Александр Дыренко, картофи муггæгутæ æртасæг федералон Центри директор Сергей Жиров, уæдта «Фат-Агро»-й æмгустгæнгутæ Ярославли, Костромай, Дæллаг Новгороди æма æндæр облæсттæй.

Селекцион центр байгон кæнуни фæдбæл арæзт цитгин мадзали рæстæг радзубанди кодтонцæ Юрий Чайка æма Сергей Меняйло. Æма етæ куд баханхæ кодтонцæ, уотемæй аци центр гъæууон хæдзаради райрæзтæн устур агъаз ке уодзæнæй, е дузæрдуггаг нæй. Е фадуат ратдзæнæй 2025 анзмæ 40 мин тонни хуæрзгъæдæ муггаг æрзайун кæнунæн, е ба æй 14 мин гектари фæзуатæй тиллæг исесуни фагæ. Хуæрзмуггаг картоф ку зайун кæнæн, уæд уодзинан ерисгъон, фæззиндзæнæй фадуат  инвесторти æргом нæмæ раздахунæн.

Æнæмæнгæ зæгъун гъæуй уой дæр, æма цæмæй нæмæ ауæхæн Центр фæззиндтайдæ, уой фæдбæл хъæппæрес бавдиста нæ республики раздæри разамонæг Битарти Вячеслав. Уой Сергей Меняйло дæр æ радзубандий баханхæ кодта:

– Фæлварæ нæмæ Битарти Вячеслави хæццæ дзубанди адтæй кустуати райрæзтбæл. Селекцион центр исаразуни туххæй инвестицион бадзурдбæл бакустан. Мæ бон зæгъун æй, Уæрæсей картофи хуæрзгъæдæ муггæгути хузтæн сæ 20 проценти уагъд цæудзæнæнцæ центрæй. Е æй, нæ бæсти Президент нæ размæ ци ихæс æвæруй – хуаллаги базаради æдасдзийнадæ æма фидибæсти уагъд продукци фæффулдæр кæнун – уой æнхæст кæнуни фæдбæл  нæмæ бæлвурд архайд ке цæуй, уой æвдесæн. Арфæ кæнун, аци хуарз æма гъæугæ гъуддагбæл ка бакуста, уонæн.

Компанити къуар «Бавари»-й коллективи номæй Битарти Вячеслав райарфæ кодта еугур иуазгутæн дæр æма баханхæ кодта, аци дессаги центр цубур рæстæгмæ исаразун ке бантæстæй фиццагидæр еумæйаг хъауритæй æмархайди фæрци: .

– Уæрæсей гъæууон хæдзаради Министради, нæ республики разамунд æма гъæууон хæдзаради Министради, банк «ВТБ»-й Цæгат Кавкази филиали агъазæй исаразтан нуриккон лабораторитæ æма гъаруæтти комплекс, бацæттæ кодтан 2030 анзи уæнгæ картофи муггаги райрæзти программæ. Уой бундорбæл 2025 анзмæ æрзайун кæндзинан, æмбал кæмæн нæййес, уæхæн картофи 40 мин муггаги. Уонæй «Садон», «Спринтер» æма «Алания» нуриуæнгæ зундгонд æнцæ гъæууон хæдзаради косгутæн.