27 декабря 2024

ЕЦИ ДЗОЛИ КАРСТ ИССÆЙ УОДФЕДАРИ ÆВДЕСÆН…

28.01.2023 | 14:14

Устур Фидибæстон тугъди хабæрттæ æма цаутæ сæ рæстæгмæ гæсгæ кæд идардæй-идарддæр кæнунцæ, уæддæр нæ дзилли нури кæстæртæн идæрдтаг нæ ’нцæ, зæрдтагонæй сæ имисунцæ. Уомæн еума ирд æвдесæн иссæй, Ленинградбæл немуцаг-фашистон æрдонгтæ ци блокадæ исаразтонцæ, уой батонуни 80 анзей фæдбæл арæзт Еугуруæрæсеуон акци «Блокади дзол». Уоми архайдтонцæ нæ республики скъолати ахурдзаутæ дæр. Еци мадзали рæстæг сабийтæн дзурдтонцæ блокади бахаугæй æдеугурæй 125 граммей бæрцæ дзол кæмæн лæвæрд цудæй æма ма берæ æндæр æверхъаудзийнæдтæ ка бавзурста, еци ленинградæгти уодфедардзийнади туххæй. Æвдистонцæ син еци цаути фæдбæл документалон кинонивтæй скъуддзæгтæ.

Акций рæстæг ма скъоладзаутæн бæгъатæрдзийнади уроктæ аразтонцæ нуртæкки сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ дæр.