21 декабря 2024

«СÆ НÆРГÆ КАД, СÆ НÆРГÆ НАМЫС … СУДЗГÆ СТЪАЛЫТÆЙ БАЗЗАДЫСТЫ ÆНУСМÆ …»

10.02.2023 | 22:26

Цæгат Иристони адæмон финсæг Цæгæрати Максим (1916-1990) дæр архайдта Сталингради тугъдтити. Уоми 1942 анзи 19 ноябри ци æмдзæвгитæ ниффинста, уонæй еуей («Тæхуды…») абони мухур кæнæн цубуртæгондæй.

 

 

 

 

 

Ард дын нæ хæрын,

Сомы дын нæ кæнын,

Мæ чысыл Ир!

Мæ цард æгасæй дæр уыди

Æнæзæгъгæ сомы,

Æнæской ардбахæрд…

 

…Цас лæгдзинад равдисын хъæуы,

Цал хохы сæрты ахизын хъæуы,

Цæмæй уыцы сомыты аккаг ысуай,

Уый тыххæй!

 

Сæ фæстаг улæфты,

Сæ уæлахизы бæрзондыл-иу басыгъдысты

Сæ карздæр сомытæ.

Арвы ферттывдау-иу

Цæхæртæ скалдтой,

 

Дзыллæты сæрмæ-иу стахтысты

Сæ нæргæ кад,

Сæ нæргæ намыс.

Изæрон арвыл-иу

Судзгæ стъалытæй баззадысты  æнусмæ.

Скæс-ма сæм –

Цас æмæ цас сты!

 

Куыд цæхæртæ калынц!

Де нæрцæф хъæбултæ…

Дæ зынгхуыст кæстæртæ…

Дæ балхон хистæртæ…

Ард бахæрынмæ кæй нæ равдæлд,

Сомы кæныныл чи нæ сахуыр,

Уыцы хъæбултæ…

 

Тæхуды, уыдонæй иу фест!

Кæцыфæнды дæр уæд.

Æрмæст уыдонæй уæд!

Æхсæв-бонмæ цырагъдарæй

Фæсудз дæ сæрмæ, Ир.

Мæйдар æхсæв фæтъæбæртт лас

Уарзæтты разæй нарæг къахвæндагыл,

Ныррухс сын кæн сæ фидæнмæ

фæндаг.

Тæхуды!..