27 декабря 2024

АФГАНИ ТУГЪД: Æ НАМУС ÆМА Æ РИСТ НÆ НИДÆН КÆНУНЦÆ НÆ ЗÆРДИТИ…

18.02.2023 | 20:31

Цуппæрдæс æма инсæй анзей размæ, 1989 анзи 15 феврали Советон Цæдес е ’фсæддон хæйттæ æнæгъæнæй дæр ракодта Афганистанæй… Æма уоййадæбæл фæцæй æ архайд еци бæсти зæнхæбæл тугъдон гъуддæгути. Фал абони уæнгæ дæр еци тугъд (фæццудæй 1979 анзи декабрæй 1989 анзи феврали уæнгæ – 3335 боней дæргъи) нæ адæмæн нерæнгæ дæр евгъуд цау нæй, абони дæр нæ зæрдити нæ нидæн кæнунцæ æ кадæ дæр æма æ уæззау рист дæр.

Гъе уомæ гæсгæ алли анз дæр 15 феврали Уæрæсей еугур рауæнти дæр бæрæггонд цæуй тугъдонтæ-интернационалистти Бон. Цитгинæй бæрæггонд æрцæуй махмæ, Цæгат Иристони дæр. Не ’мзæнхон фæсевæдæй мин æма дууæсæдемæй фулдæр се ’фсæддон ихæс æнхæст кодтонцæ Афганистани, уоми адæмон хецаудзийнади нихмæ архайæг душманти хæццæ карз тохи бацæугæй… Фондз æма цуппаринсæй си нæ цард иснивонд кодтонцæ, се ’фсæддон ихæс кæрæй-кæронмæ бæгъатæрæй исæнхæст кæнгæй.

Сæ рохс нæмттæ еу бон дæр нæ дзиллæй иронх некæд æнцæ, фал 15 феврали, сæрмагондæй сæ намусгин æскъуæлхтдзийнæдтæбæл дзорæг имисæн бони ба сæ уæлдай зæрдхъурмæй имисæн, сæ рохс нæмттæ син исцитгин кæнæн.

Æма евгъуд æртиккæги, 15 феврали бабæй Дзæуæгигъæуи тугъдон интернационалистти номбæл парки син сæ номерæнæн ци мемориал арæзт æрцудæй, уой рази арæзт æрцудæй номерæн митинг. Сæргубурæй хъонцгæнгæй æрæмбурд æнцæ ардæмæ æдзард æфсæддонтæ, хеуæнттæ, зонгитæ, абони дæр сæ æгъатир карнæбæл ке зæрдæ ресуй, еци адæм, афгайнаг тугъди ветерантæ…

Аци номерæн мадзали архайдта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æма æ радзубандий загъта:

– Хъæбæр ахсгиаг æй, абони ами ке æрæмбурд ан æма не ’дзард тугъдонтæ-интернационалистти рохс нæмттæ ке имисæн, е. Етæ рæстуодæй исæнхæст кодтонцæ сæ ихæс Фидибæсти размæ. Мах æнгъалдтан, еци тугъд нин уодзæнæй фæстаг, фал не ’мзæнхонтæ абони дæр æрлæудтæнцæ тохи будури. Гъулæггагæн, тугъд æнæ зиантæй нæ фæууй. Бæгъатæр тохи ба ка фæммард æй, уони нæмттæ гъæуама ма иронх кæнæн.

Нæ республики Сæргълæууæг ма æ радзубандий бахаста уæхæн фæндон, цæмæй аци цирт айдагъ Афгайнаг тугъди архайгути номбæл ма уа, фал ма иннæ тугъдтити архайæг уæрæсейаг æфсæддонти номерæн дæр. Абони дæр нæ Фидибæсти æдасдзийнади сæрбæл тох кæнгæй æ цард ка иснивонд кодта, уони рохс нæмттæ дæр гъæуама æносонгонд цæуонцæ.