ХЕСТӔРТИ НАМУСИ АККАГ АДТӔНЦӔ КӔСТӔРТӔ
Сӕ фиццӕгти ӕмрӕнгъӕ ӕрлӕудтӕнцӕ фӕсевӕд дӕр. Хестӕртӕ сӕбӕл ке ӕууӕндтӕнцӕ ӕма нӕуӕг цардиуаги исонибон дӕр кӕстӕрти карни хӕццӕ ке бастонцӕ, уобӕл дзорӕг ӕй е дӕр, ӕма син устур бартӕ ке лӕвардтонцӕ – еци хъазауат рӕстӕги хумӕтӕги нӕ райгурдӕй Фӕсевӕди Коммунистон Цӕдес дӕр.
Еци Цӕдеси къуӕрттӕ аразун байдӕдтонцӕ Цӕгат Иристони дӕр. Зӕгъӕн, фиццӕгти хӕццӕ еци кустмӕ бавналдтонцӕ Киристонгъӕуи фӕсевӕд. Ӕма син ӕнтӕстӕй берӕ арфиаг гъуддӕгутӕ аразун. Уой фӕдбӕл ӕй мӕ абони дзубанди ӕма уин райдайӕни радзоруйнаг дӕн еу цауи туххӕй – хестӕр фӕлтӕртӕй ӕй беретӕ фегъустайуонцӕ, абони кӕстӕртӕ ба ’й, ӕвӕдзи, нӕ зонунцӕ.
Цӕветтонгӕ, 1920 анзи Киристонгъӕуи фӕскомцӕдесонтӕ финддӕсемӕй архайдтонцӕ Терки облӕсти конференций. Сӕ кусти туххӕй си доклад искодта Цъебойти Барис. Уӕд е ӕвзурст ӕрцудӕй Фӕсевӕди Еугуруӕрӕсеуон Коммунистон Цӕдеси III съездмӕ делегатӕй, кӕци Мӕскуй цудӕй 2-10 октябри ӕма си архайдтонцӕ 602 делегати. Уордигӕй ку исӕздахтӕй, уӕд ахид ӕмбалдӕй фӕскомцӕдесонти хӕццӕ, ӕма син дзурдта, уӕхӕн бӕрзонд ӕмвӕзадӕбӕл мадзали ци фегъуста, уони. Уӕлдай устур ӕргом ӕздахта, В.И. Ленин ӕ доклади цӕбӕл дзурдта ӕма циуавӕр ихӕстӕ ӕвардта фӕсевӕди размӕ, уомӕ. Ӕримисидӕ, иннӕ делегатти хузӕн е дӕр Ленинмӕ куд барвиста ӕ цубур финстӕг: «Киристонгъӕуи нӕмӕ скъола ниххӕлӕттаг ӕй…» Фӕтӕг ин ӕ финстӕг ку бакастӕй, уӕд еу усмӕ цидӕр сагъӕсти ранигъулдӕй, уӕдта еци ходӕзмолӕй залмӕ ракастӕй ӕма гъӕддухӕй загъта:
– Ниххӕлӕттаг ӕй?.. Барӕвдзӕ ’й кӕнетӕ!..
Аци хабар фегъосгӕй, нури дзиллӕй, ка ’й зонуй, ескетӕ уотӕ зӕгъдзӕнӕнцӕ, гӕрр, Киристонгъӕуи уӕди фӕсевӕд уоййасӕбӕл гъоммӕлгъӕ адтӕнцӕ, ӕма се скъолай хӕлӕттаг уавӕр гъӕуама Ленинмӕ нихъхъӕртун кодтайуонцӕ, ӕма сӕ е ба ӕ дзуаппӕй уотӕ фӕййаллайаг кодта… Уотӕ ка рагъуди кӕна, е, мӕнмӕ гӕсгӕ, раст нӕ уодзӕнӕй. Киристонгъӕуккаг лӕхъуӕни гъаст цӕмӕй раст балӕдӕрӕн, уой туххӕй бӕлвурдӕй зонун гъӕуй уӕди уавӕртӕ. Киристонгъӕу граждайнаг тугъди рӕстӕги уорсгвардион ӕрдонгтӕ бундзагъд никкодтонцӕ ӕма ӕ цӕргутӕн сӕ февналӕнтӕ бустӕги искадавар ӕнцӕ, сӕ цӕрӕнбунӕттӕ барӕвдзитӕ кӕнун сӕ бон ку нӕ адтӕй, уӕд дин скъолайӕн ба ци кодтайуонцӕ…
Уогӕ еци гъуддагӕй дӕр сӕхе еуварс нӕ раластонцӕ – аци гъӕуи дзиллӕ алкӕддӕр ӕхцул адтӕнцӕ ахурбӕл, сӕ бон адтӕй нӕ адтӕй, уӕддӕр иссериуонцӕ фадуат сӕ кӕстӕртӕн зонундзийнӕдти бӕрзӕндтӕмӕ над исаразунӕн.
Уомӕ гӕсгӕ граждайнаг тугъди хуӕдфӕсте сӕ гъӕуи скъолатӕ фӕстӕмӕ сӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун кӕнунбӕл еузӕрдиуонӕй байархайдтонцӕ, адӕмон ахургӕнгути устур къуар си ӕновудӕй кустонцӕ, уотемӕй. Еци гъуддаги дӕр сӕхе хъазауатонӕй бавдистонцӕ. Уогӕ айдагъ уомӕй нӕ фескъуӕлхиуонцӕ.
Киристонгъӕуи фиццаг фӕскомцӕдесонтӕ иссӕнцӕ ӕдхуӕцӕнгарз партизанти ӕма сурхгвардионти рӕнгъити бӕгъатӕрӕй ка тухтӕй уорсгвардионти нихмӕ, етӕ. Зундгонд революцион ӕма ӕхсӕнадон архайӕг Тогойти Данел ӕ имисуйнӕгти уотӕ финста: «Айдагъ кустгъон фӕсевӕд нӕ, фал ма бустӕги ӕригӕнттӕ дӕр разӕнгардӕй архайдтонцӕ партизанти змӕлди». Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма 1920 анзи мартъий мӕйи Киристонгъӕуи партизанти хӕйттӕй еу ӕрвист ӕрцудӕй Дзӕуӕгигъӕу знагӕй исуӕгъдӕ кӕнунмӕ.
Сӕ размӕ ӕвӕрд ихӕс ӕнтӕстгинӕй исӕнхӕст кӕнуни фӕсте киристонгъӕуккаг партизантӕ ӕрӕздахтӕнцӕ сӕхемӕ. Раст зӕгъгӕй, сӕ раздзӕугутӕй еу, Елбати Антон байзадӕй Дзӕуӕгигъӕуи, ӕ ахур астӕуккаг-техникон училищей раизолдӕр кӕнунмӕ. Фал е дӕр еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте курдиадӕ балӕвардта Терки облӕсти фӕскомцӕдесон организаций разамонӕг Хетӕгкати Петри номбӕл, цӕмӕй ӕй рарветонцӕ Киристонгъӕумӕ Фӕсевӕди Коммунистон Цӕдеси хайадӕ исаразунмӕ. Ӕ курдиадӕн ин аразий дзуапп равардта, ӕма 22 апърели 1920 анзи райста мандат.
Партий райони комитет гъӕугӕбӕл банимадта Елбати Антони хъӕппӕрес ӕма ма Елекъоти Геуӕргийӕн бафӕдзахста, цӕмӕй е дӕр еци кусти архайа.
Разӕнгарддӕр фӕсевӕди хӕццӕ радзубанди кӕнгӕй, арӕзт ӕрцудӕй хъӕппӕресгин къуар. Етӕ хъазауатонӕй архайдтонцӕ, цӕмӕй Киристонгъӕуи дӕр Фӕсевӕди Коммунистон Цӕдес фӕззинна. Фиццаг организацион ӕмбурд нисангонд ӕрцудӕй 1920 анзи 14 маймӕ.
…Киристонгъӕуи ӕригӕнттӕ разӕнгардӕй сӕхе бавдистонцӕ. Фиццаг ӕмбурди фӕсте фӕскомцӕдесон Цӕдеси бюромӕ кизгуттӕ ӕма лӕхъуӕнтӕ къуӕрттӕ-къуӕрттӕй цудӕнцӕ сӕ курдиӕдти хӕццӕ, цӕмӕй сӕ фӕскомцӕдесонти рӕнгъитӕмӕ райстайуонцӕ. Се ’хсӕн адтӕнцӕ зӕнхкосгутӕ, ахурдзаутӕ, ӕригон сурх партизантӕ. Гъӕубӕл уайтӕккӕ райгъустӕй фӕскомцӕдеси къуар исаразуни хабар. Дуккаг ӕмбурд ба арӕзт ӕрцудӕй 16 майи. Еци ӕмбурди фӕскомцӕдесонти рӕнгъитӕмӕ ист ӕрцудӕй дӕс ӕма дууинсӕй адӕймаги. Иннӕ радон ӕмбурди дӕр бабӕй фӕскомцӕдесонти рӕнгъитӕмӕ райстонцӕ ӕригон киристонгъӕуккӕгти устур къуар.
Фӕскомцӕдесон еугонди разамунд куд се ’мцӕдесонтӕ, уотӕ ӕнӕцӕдесон фӕсевӕдмӕ дӕр ахид фӕдздзоридӕ, цӕмӕй сабат ӕма хуцаубони лӕвар бакосонцӕ, исцалцӕг кӕнонцӕ базелуйнаг азгъунститӕ, бафснайуонцӕ фӕзуӕттӕ. Ӕма ӕригӕнттӕ алкӕддӕр сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууиуонцӕ ӕма хъазауатонӕй байархайиуонцӕ. Еци хъӕппӕреси туххӕй гъӕути цӕргутӕ си арфиаг адтӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма фӕскомцӕдесонтӕ хъазауатонӕй архайдтонцӕ адӕми ӕхсӕн ӕнахургонддзийнадӕ искунӕг кӕнунбӕл. Ахургӕнгути хӕццӕ ӕмархайд кодтонцӕ фӕскомцӕдесонтӕ сӕхуӕдтӕ дӕр.
1920 анзи майи мӕйи Киристонгъӕуи арӕзт ӕрцудӕй хехъӕппӕресадон аййевадон къуар. Разамунд ин лӕвардта ахургӕнӕг Тӕкъоти Ольгӕ. Ӕнтӕстгинӕй сӕ куст кодтонцӕ музыкалон оркестр, ахурдзаути хор ӕма драмон къуар. Хехъӕппӕресадон къуар 1920-1921 ӕнзти ирон ӕма уруссаг драматургти уадзимистӕмӕ гӕсгӕ ниввардта дӕс спектакли. Еуӕй-еу хатт пьеситӕ финстонцӕ бунӕттон автортӕ дӕр, зӕгъӕн, сценӕбӕл ӕвӕрд ӕрцудӕй Ӕбати Шамили пьесӕ «Ӕхсаргинтӕ» дӕр. Адӕми зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕнцӕ хехъӕппӕресадон аййевадон къуари архайд, устур аргъ син кодтонцӕ. Фал син сӕрмагонд азгъунст ке нӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ спектакльтӕ ӕвдистонцӕ кӕми Киристонгъӕуи уӕллаг квартӕли скъолай ӕмбурдтӕгӕнӕн зали, кӕми ба Гостити хӕдзари рази, цубур рӕстӕгмӕ арӕзт сценӕбӕл.
…Киристонгъӕуи фӕскомцӕдесонти организаци анзӕй-анзмӕ ирӕзтӕй ӕма федардӕр кодта. Кӕд ӕма 1922 анзи ӕ рӕнгъити адтӕй ӕдеугур 150 фӕскомцӕдесони, уӕд 1926 анзмӕ ба сӕ нимӕдзӕ исхъӕрдтӕй 530 уӕнгӕ.
Мадта 1922 анзи ба гъӕуи фӕззиндтӕй нӕуӕгдзаути организаци дӕр. Ӕ рӕнгъити адтӕй 1200 нӕуӕгдзауи. Фӕскомцӕдесонтӕ ӕма нӕуӕгдзаути нимӕдзӕ фулдӕрӕй-фулдӕр ке кодта, уомӕ гӕсгӕ гъӕуи медӕгӕ фӕззиндтӕй ӕртӕ кири – уӕллаг, астӕуккаг ӕма дӕллаг. Фӕскомцӕдесонти ӕмбурдтӕ си цудӕнцӕ хецӕнӕй аллирауӕн дӕр.
Фӕскомцӕдеси хъӕппӕресӕй цидӕриддӕр арӕзт цудӕй, уонӕми лӕхъуӕнти ӕмбӕрцӕ архайдтонцӕ кизгуттӕ дӕр. Уӕди рӕстӕги е кедӕрти зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, гъома, нӕ федауй дигорон кизгӕн лӕгти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг ун, уӕлдайдӕр ба ӕхсӕнадон гъуддӕгути. Фал доги нӕуӕг фӕззиндтитӕ еци зундирахастӕй тухгиндӕр разиндтӕнцӕ, ӕма кизгуттӕ фулдӕрӕй-фулдӕр архайдтонцӕ гъӕубӕсти еумӕйаг гъуддӕгути. Фӕстӕдӕр си цалдӕр ӕрвист ӕрцудӕнцӕ фӕскомцӕдесон кустити уӕлдӕр бунӕттӕмӕ. Уони ӕхсӕн адтӕнцӕ: Залети Сатӕг, Гарданти Надеждӕ, Гостити Нинӕ, Бичерахти Дарья, Акъоти Дуня, Тӕхилти Лизӕ, Гагулати Лизинка, Тӕхилти Любӕ, Калоти Дзиппа ӕма берӕ ӕндӕртӕ.
Киристонгъӕуи фӕскомцӕдесон кирти разамонгутӕ алли рӕстӕг адтӕнцӕ: Туаллӕгти Аса, Тотойти Виктор, Созайти Сергей, Гапботи Кудзиго, Елекъоти Кирилл, Мамати Дӕган, Гагулати Петр, Николти Петр, Толасти Илья, Къорнати ӕнсувӕртӕ – Николай ӕма Сергей, Гульчети Афанасий, Сӕбанти Барис ӕма Кермен.
Киристонгъӕуи Устур Фидибӕстон тугъди агъоммӕ иссӕй гъӕууонхӕдзарадон кусти мадзӕлттӕ ӕма гӕнӕнтӕй хуарз ефтонггонд ӕма гъомусгин, культурон ӕгъдауӕй размӕцуд, интеллигенций нимӕдзӕ дӕр дзӕвгарӕ кӕми адтӕй, уӕхӕн гъӕубӕстӕ. Цанӕбӕрӕг рӕстӕг ма ’й багъудайдӕ, цӕмӕй социалистон цардарӕзти алли къабази дӕр е ’нтӕстдзийнӕдтӕй уойбӕрцӕ исагъазиау адтайдӕ, ӕма дести ӕфтудтайдӕ, уӕдмӕ Устур Фидибӕстон тугъд ку нӕ райдӕдтайдӕ ӕма еугур хъауритӕй архайун ку нӕ багъудайдӕ Райгурӕн бӕстӕ немуцаг-фашистон ӕрбалӕборӕг ӕрдонгтӕй багъӕуай кӕнунбӕл. Ӕма уоми дӕр киристонгъӕуккӕгтӕ, сӕ фулдӕр ӕзиниккон фӕскомцӕдесонтӕ, уотемӕй хъӕбӕр фескъуӕлхтӕнцӕ. Уобӕл дзорӕг ӕнцӕ сӕ тугъдон хъазауати туххӕй син ци паддзахадон хуӕрзеугутӕ исаккаг кодтонцӕ, етӕ. Мадта си ӕхсӕземӕн ба исаккаг кодтонцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри кадгин ном. Киристонгъӕуккаг тугъдонтӕй беретӕ сӕ ӕригон цард иснивонд кодтонцӕ Райгурӕн бӕсти сӕребари сӕрбӕлтау. Абони дӕр син сӕ райгурӕн гъӕубӕсти цитгинӕй имисунцӕ сӕ рохс нӕмттӕ, кадӕ син кӕнунцӕ, уони лӕгдзийнадӕбӕл гъомбӕл кӕнунцӕ ирӕзгӕ фӕлтӕрти. Уогӕ е ӕндӕр, сӕрмагонд дзубандий хабар ӕй…