23 ноября 2024

ÆНТÆСТГИН ЦÆМÆЙ УАЙ, УОБÆЛ АРХАЙУН ГЪÆУЙ!..

18.03.2023 | 20:52

Евгъуд цуппæрæни нæ республики Парламенти Советæн ци кезуй æмбурд адтæй, уоми ци фарстатæмæ ’ркастæнцæ, уонæн сæ ахсгиагдæртæй еу адтæй, 2021-2025 анзи нæ национ-культурон ирæзти Цæгат Иристони Паддзахадон программæ куд æнхæстгонд цæуй, уой туххæй. Национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти министради министр Бæгъиати Алан куд фегъосун кодта, уотемæй амунд Программæ исаразуни хъæппæрес равдиста республики раздæри Сæргълæууæг Битарти Вячеслав. 2018-2020 æнзти æнхæстгонд цудæй Программæн ес дууæ дæлпрограмми: «Национ-культурон традицитæ багъæуай кæнун» æма «Ирон æвзаг багъæуай кæнун æма ’й парахат кæнун». 2022 анзи етæ куд æнхæстгонд цудæнцæ, уой фæдбæл Бæгъиай-фурт æ радзубандий æрхаста бæлвурд дæнцитæ.

Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз æ радзубандий æргом раздахта, нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнун æма æ идарддæри райрæзти сæрбæлтау æнæмæнгæ оайаразуйнаг фарстатæмæ æма профилон министрадæн, æндæр бæрнон ведомствитæн бафæдзахста нæ маддæлон æвзаги ахургæнгути цæттæгæнæг уæлдæр ахургæнæндони хæццæ бастдзийнæдтæ фенгондæр кæнун.

* * *

Совети æмбурди ма байгъустонцæ «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий фæзуатбæл национ проект «Культурæ» куд æнхæстгонд цæуй», уой фæдбæл республики  культури министр Галазти Эдуарди игъосункæнуйнагмæ. Е куд загъта, уотемæй 2019-2024 æнзти республики æнхæстгонд цæунцæ æртæ национ проекти: «Культурон фæзуат», «Исфæлдистадон адæймæгутæ» æма «Нимæдзон технологити культурæ». Уотемæй 2019 анзæй 2023 анзи уæнгæ республики фæззиндтæй кенæ райарæзт æрцудæй культури 28 объекти. Министр ма фегъосун кодта, хæстæгдæр дууæ анземæ арæзт ци гъæуама ’рцæуа, уой дæр.

Доклади фæдбæл Тускъати Таймораз дæр загъта æ гъуди:

– Культури хæдзæрттæ арæзт ке цæунцæ, е æй хуарз, фал сæйраг æй, цæмæй етæ æцæгæйдæр исуонцæ культури артдзæстæ, адæм си сæхецæн куд еронцæ уодæнцойнæ.

Дзубанди ци фарстатæбæл фарстатæбæл цудæй, етæ ахсгиаг ке ’нцæ, е лæдæрд æй. Фал нин уотæ лæдæрд гъæуама уа е дæр, æма сæ райаразунбæл ба æновудæй архайун гъæуй. Кенæ ба нæбæл æрцæудзæнæй нæ фидтæлтиккон æмбесонди цау: «Цæуй æма цæуй, æнтæст ба ин нæййес!..»