23 ноября 2024

СТУДЕНТТÆ ÆМА СÆ АХУРГÆНГУТÆН УОДЗÆНÆЙ АККАГ УАВÆРТÆ

18.03.2023 | 20:59

Республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис  бабæрæг кодта Дзæуæгигъæуккаг аййевæдти училище æма æркастæй аци ахургæнæндони уавæртæмæ.

 

Зундгонд куд æй, уотемæй «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий ирæзт»-и республикон паддзахадон программæмæ гæсгæ аййевæдти училищей исцалцæг кодтонцæ дууæуæладзугон бæстихай. Уоми нуртæккæ ахуртæ арæзт цæунцæ, училищемæ бацæун ке фæндуй, еци фæсевæдæн. Ахургæнæндони исæвардтонцæ нæуæг ефтонггæрзтæ, региони бюджетæй училище райста фараст миллион соми.  Исфæлгонц си кодтонцæ коммуналон хайадæ æма ахургæнæн аудиторитæ.

Училищей директор Хетæгкати Аслани дзубандимæ гæсгæ, нуртæккæ хъæбæр ахсгиаг æй сæйраг бæстихаймæ базелуни фарста. Арæзт æрцудæй 1914 анзи, бахастонцæ æй культурон бунтæмæ. Æмдзæрæн, æрмадзитæ æма буфет кæми уодзæнæй, уæхæн хецæн нæуæг бæстихай дæр гъæуй исаразун. Дзанайти Барис æркастæй, уомæн дехгонд фæзуатмæ, æй училищей бæстихаййи.

Нуртæккæ Цæгат Иристон æма синхаг республикитæй училищей ахур кæнунцæ 167 лæхъуæн æма кизги. Уонæй  дæс æма дууинсæй хъæбæр тухсунцæ, æмдзæрæн си ке нæййес, уомæй.

Ахургæнгутæ æма ахурдзаути хæццæ дзубанди кæнгæй, Дзанай-фурт загъта:

– Аци анз училищебæл исæнхæст уодзæнæй дæс æма дууинсæй анзи. Е æхцæуæн цау æй, никки æхцæуæндæр ба е æй, æма ами  ахур кæнун ке фæндуй, уони нимæдзæ еудадзугдæр ке ирæзуй. Уомæ гæсгæ ба æ уавæртæмæ гъæуама гъæугæ æргом æздæхт цæуа. Историон бæстихаййи бундорон райарæзти фарста исбæлвурд кæнун мин байхæс кодта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Училищей бæстихай æнхæстæй исбæрæг кæнуни фæсте исцæттæ кæндзинан проектон-хæрзти гæгъæдитæ. Еузагъдæй, байархайдзинан, цæмæй аци ахургæнæндони ка косуй æма ахур кæнуй, уонæн уа  нуриккон домæнтæмæ гæсгæ равналæнтæ.