27 декабря 2024

ÆГÆРОН АДТÆЙ АДÆМÆН СÆ ЦИЙНÆ!..

08.04.2023 | 23:37

Дзæуæгигъæуи космонавтики Скъола 2020 анзи игон кæнуни мадзали архайдтонцæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): нæ республики уæди разамонæг БИТАРТИ Вячеслав, космонавттæ, Уæрæсей Бæгъатæр Александр ЛАЗУТКИН æма Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр Владимир ДЖАНИБЕКОВ, КЪОМАЙТИ Руслан.

*  *  *

Дууæ æма æртинсæй анзей размæ, 1961 анзи 12 апърели æнæгъæнæ дуйнетæбæл ку райгъустæй, адæмæй æруагæс дæр æнхæстæй ка нæ кодта, еци цæмæдесаг хабар, гъома, космосмæ исхъæрттæй зæнхон адæймаг, уой дæр советон адæймаг, уæд дзиллитæн сæ цийнæн кæрон нæбал адтæй. Уотæ еци гъуддаги фæдбæл æгæрон агъазиау адтæй Цæгат Иристони цæргути цийнæ дæр. Еци рæстæги газеттæм

ТОКАТИ Гогки

æ ку ’ркæсæн, уæд си уой фæдбæл бакæсæн ес берæ зæрдæмæдзæугæ æрмæгутæ. Сæ еугурей хæццæ уæ базонгæ кæнуни фадуат нин нæййес, фал уин си еуцалдæр æвдесæни уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан.

Иристони æнæгъæнæйдæр æндæр дзоруйнаг нæбал адтæй – айдагъдæр Юрий Гагарини кой. Алкедæр цийнæ кодта нæ уарзон Фидибæсти алæмæти историон æскъуæлхтдзийнадæбæл.

Хабар надбæл ка фегъуста, етæ сæ бийнонтæмæ, сæ хæстæгутæмæ, сæ зонгитæмæ хæлæф кодтонцæ райарфæ кæнунмæ. Нури кæстæртæй, ка ’й зонуй, е æруагæс дæр нæ кæндзæнæй, фал æцæгæйдæр уотæ адтæй.  Мæнæ газеттæй еуеми куд финстонцæ, уотемæй Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу турбази хуæдтолгити æмæзмæлдмæ цæстдарæг милиционер Дзбой-фурт уæлдай  игъæлдзæг адтæй. Æ зонгæ шофертæмæ исдзоруй:

– Фегъустайтæ? Уæларвмæ лæг фæттахтæй!

– Тагъддæр, тагъддæр, кæд ди космонавт рауайидæ!

– Лæхъуæн, дæ машинæ Гагарини скъæрд ку кæнис!

Хуæдтолгити хецæуттæ сæ медбилти баходиуонцæ æма æхцæуæнæй салам раттиуонцæ милиционерæн.

*  *  *

Юрий ГАГАРИН космосæй зæнхæмæ ку æрæздахтæй, уæд ибæл фиццагидæр ка исæмбалдæй, е адтæй ирон лæг ГАСИТИ Ахмед.

Сумахмæ гæсгæ, цæбæл фæдздзорунцæ,  игурæндони ци æнгъæлмæкæсгутæ æрæмбурд унцæ етæ? Айдагъдæр – нæуæгигурдбæл. Айдагъдæр –  уой цæрабæл. Фал абони  Томай-фурти гъæунги игурæндони еци дзурдтæмæ  неке райевдалдæй. Еугурæйдæр дзурдтонцæ, уæлæрвтæмæ ка фæттахтæй, еци нæуæгигурд бæгъатæри туххæй. Ка ’й?.. Цирдигон æй?.. Фæрсунцæ  æнгъæлмæкæсгутæ, дохтиртæ.

– Верæ Дмитрийи кизгæ, хæстæгдæр мæмæ æрбацæуай, – дохтирмæ æ хуссæнæй дзоруй еу уосæ.

Е Олимпиадæ Георгийи кизгæ Холопова ’й. Абони ин сæумæцъæхæй райгурдæй биццеу – амондгун цæруйнаг. Ном дæр ин, æнгъæлдæн, нæма равардтонцæ… Силгоймагмæ бауадæй дохтир Михайлиди:

– Естæмæй тухсис?

– Нецæмæй тухсун… Мæ бæдоли мæмæ равдесайтæ…

Дууæ устур лимæни адтæнцæ дууæ æмноми – нæ номдзуд æмзæнхон КУЧИТИ Юрий æма Юрий ГАГАРИН.

Сувæллон имæ ку бахастонцæ, уæд исдзурдта:

– Юрик!.. Юрик!.. Мæ уоди гага!

Æ рази ка адтæй, уонæн ба балæдæрун кодта:

– Уæлæрвтæмæ фæттæхунмæ æ нифс ка бахаста, мæ биццеубæл еци бæгъатæри ном æвæрун. Далæ æрбацæуæни мæ сæри хецау лæууй, æма ин фегъосун кæнетæ:  æ фуртбæл ном æвæрд æрцудæй – Юрий!

– Абони, сæумæй нæмæ ци фондз биццеуи райгурдæй, етæ, æвæдзи, еугурæйдæр Юрийтæ уодзæнæнцæ, – цийнæгæнгæй дзурдта Михайлиди…

*  *  *

Космонавт Андриан НИКОЛАЕВ Цæгат Иристони хецауади æма фæллойнадон коллективти минæвæртти хæццæ. 1972 анз.

Космоси мах фиццаг ке адтан, уомæй абони дæр нæ суйни сæрбæл бæрзонд хуæцæн, нæ фæлтæрддзийнадæ нин фæнзунцæ иннæ бæститæ дæр, дæнцæн нæ хæссунцæ. Уæларвон тугъдадæмæ зæнхон минæвæртти рарветуни гъуддаг исаразуни ка фескъуæлхтæй, уонæй еу адтæй не ’мзæнхон, секейраг-ставддортаг Токати Григорий (Гогки). Аэронавтики Гогки абони дæр ма нимад æй номдзуддæр ахургондбæл. Кæд æ бæстæй фæххаудтæй, кæд ин æ цæмæдесаг фæндитæ исæнхæст кæнун, е ’ргъудиконд тæмæссаг техникæ гъуддаги бавдесун айдагъдæр Англис æма Америки бантæстæй, уæддæр си Иристони дзиллитæ сæрустур æнцæ, гъома, махæй дæр космос басгаруни гъуддаги агъазиау байвæрæн ке ес нæ номдзуд æмзæнхони уæларвон хъиамæтти фæрци, уомæй. Уогæ ма еци гъуддагмæ берæ зингæ байвæрæнтæ бахастонцæ не ’мзæнхонтæй беретæ, уони туххæй кæддæр финсгæ дæр кодтан.

Космонавт Валентинæ ТЕРЕШКОВА Дзæуæгигъæуи 27-аг скъолай коллективи хæццæ. 1966 анз.

Æма ма еума гъуддаги туххæй æнæмæнгæ зæгъун гъæуй абони. Космонавтики къабази зундгонд архайæг Къомайти Руслани хъæппæресæй æма уодуæлдай архайди фæрци Дзæуæгигъæуи æртæ анзей размæ байгон æй космонавтики скъола. Цæмæй еци ахсгиаг гъуддаг арæзт æрцудайдæ, уомæн ин хъæбæр фæййагъаз кодта нæ республики уæди Сæргълæууæг Битарти Вячеслав – зæгъун гъæуй уой, æма, ци хæрзтæ гъудæй, уонæн сæ зингæ-зингæдæр хай æхе фæрæзнитæй радех кодта. Нуртæккæ аци скъола нæ кæстæртæн иссæй сæ тæккæ хиццагдæр рауæн. Ка ’й зонуй, æма си кадæртæ исонибони исуодзæнæнцæ кенæ космонавттæ, кенæ ба космос æсгаруни искурдиадæгин архайгутæ, æма уомæй уæлдай бæрзонддæрмæ исесдзæнæнцæ нæ Иристони кадæ æма намус. Бантæсæд син!..