27 декабря 2024

ЦИТГИН МАДЗÆЛТТÆ НÆ НОМДЗУД ÆМЗÆНХОНИ КАДÆН

08.04.2023 | 23:52

Нæ номдзуд æмзæнхон, игъустгонд уæрæсейаг театралон архайæг Вахтангов Евгений Багратиони фурти райгурдбæл 1 феврали исæнхæст æй авдинсæй анзи. Аци ахсгиаг цау цитгинæй исбæрæг кæнуни нисанеуæгæй Цæгат Иристони арæзт æрцæудзæнæй аллихузон мадзæлттæ. Уой фæдбæл бæлвурдæй дзубанди цудæй, æрæги Мæскуй агентадæ ТАСС-и ци пресс-конференци адтæй, уоми. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хæццæ ма си архайдтонцæ Уæрæсей Президенти Æхсæнадон проектти управлений хецауи хуæдæййевæг Александр Журавский, нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Игорь Барсков, Мæскуй Евгений Вахтангови номбæл Паддзахадон академион театри директор Кирилл Крок, Уæрæсей адæмон артисттæ Евгений Князев, Юлия Рутберг æма æндæртæ.

Еци мадзали рæстæг журналисттæн куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй Дзæуæгигъæуи историон хаййи 30 апърели байгон уодзæнæй Евгений Вахтангови Хæдзарæ-музей. Уой фæдбæл бæрæгбони архайгутæ еци бон ниссадздзæнæнцæ сирени къотæртæ, зундгонд режиссер сæ хъæбæр берæ уарзта. Уой фæсте ба базонгæ уодзæнæцæ нæуæг культурон центри хæццæ. Еци изæр се ’сфæлдистадæ равдесдзæнæнцæ Мæскуй Евгений Вахтангови номбæл паддзахадон академион театри артисттæ æма эстрадон зартæгæнгутæ.

Журналисттæн сæ фарстатæбæл дзуапп дæтгæй Сергей Меняйло загъта:

– Дзæуæгигъæуи Евгений Вахтангов æригонæй ци азгъунсти цардæй, уоми Хæдзарæ-музей ке байгон уодзæнæй, е республикæ æма нæ бæстæн æнæгъæнæйдæр ахсгиаг цау æй. Аци гъуддаг исаразун кæд æнцон нæ адтæй, уæддæр нин бантæстæй, Мæскуй Евгений Вахтангови номбæл театри разамунди хæццæ.

Куд ма фегъосун кодта, уотемæй республики ма ес Мариинаг театри æма А.С. Пушкини номбæл хузæкæнунади аййевади Паддзахадон музейи филиалтæ, е республики культурон цард гъæздугдæр кæнуй. Æ радзубандий ма сæрмагондæй райарфæ кодта Мæскуй Евгений Вахтангови номбæл театри директор Кирилл Крокæн æма вахтанговонтæн, уони агъазиау агъази фæрци Хæдзарæ-музей исцæттæ ’й.

Кирилл Крок æ радзубандий куд фæббæрæг кодта, уотемæй Хæдзарæ-музейи дуккаг уæладзуги исаразтонцæ XVIII-XIX æности къупецæгти хæдзари уавæртæ, фиццаг уæладзуги ба – камерон театралон зал 80 бунатей хæццæ арт-кафей хузæн:

– Ами æвдесдзæнæнцæ моноспектакльтæ, исфæлдистадон фембæлдтитæ, концерттæ. Балхæдтан антикварон хæдзари дзаумау, Евгений Вахтангови бийнонтæ нин балæвар кодтонцæ режиссери тамакудумæн. Хæдзарæ-музей косдзæнæй къуæрей авд бони, æрбацæуæг адæмæн сæ бон уодзæнæй экскурсити архайун, аудиогид райсун æма экспозици фæууинун. Артисттæ хуцаубони музейи æвдесдзæнæнцæ моноспектакльтæ.

Куд ма загъта, уотемæй тагъд музейæн фæззиндзæнæй æхе сайт, уоми равгæ уодзæнæй исфæлдистадон мадзæлтти афишити хæццæ базонгæ унæн, уæдта онлайн уагæй уонæмæ билет балхæнунæн.

– Хæдзарæ-музей байгон кæнунмæ нæ театри артисттæ иссæудзæнæнцæ æмхузонæй, – фегъосун кодта Кирилл Крок. – Сæ еуетæ архайдзæнæнцæ концерти, иннетæ 3 майæй 8 маймæ – Уруссаг æма Ирон академион театрти æвдесдзæнæнцæ спектакльтæ. Бæрæгбони мадзæлттæ равдесуни туххæй Цæгат Иристонмæ ’рцæудзæнæнцæ федералон дзиллон хабархæссæг фæрæзнити 30 косæги, иуазгутæ – 500, – фæббæрæг кодта театри директор.

Дзæуæгигъæуи Евгений Вахтангови номбæл квартал исаразунæн циуавæр уавæртæ гъæуй, зæгъгæ, журналистти фарстæн дзуапп дæтгæй, Кирилл Крок æма Сергей Меняйло куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй гъуддагбæл дæр дзубанди цудæй – музейи алфамбулай Арт-квартали фæззинд банимайæн ес ахсгиаг нисанбæл.

Кирилл Крок æ радзубандий кæронбæттæни ма загъта:

– Сæрмагондæй мæ райарфæ кæнун   фæндуй Сергей Меняйлойæн, алли фарстай фæдбæл дæр цæттæ адтæй фæййагъаз кæнунмæ. Евгений Вахтангови Хæдзарæ-музей цæргутæн æма иуазгутæн дессаги гъæугæ æма агъазиау бунат ке исуодзæнæй, уобæл нæ зæрдæ дарæн…

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ