28 апреля 2024

ӔВӔСМОН АДТӔЙ Ӕ ЦАРД

18.11.2020 | 16:10

Æ рæстæги Боллоти Полийи туххæй уацтæ ка финста, уонæй еу адтæй ЦЪЕБОЙТИ Александр дæр (не ‘хсæн нæбал æй, рохсаг уæд). Абони мухур кæнæн уой бацæттæгонд æрмæг.

Уогӕ ба, адӕймаг ци дессаги конд ӕй: ӕ царди медӕгӕ ин цийфӕнди зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕ ку рауайуй, уӕддӕр е ба, бонӕй-бонмӕ хуӕздӕр цардмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй, фӕллойнӕ кӕнуй сауӕнгӕ ӕ зӕронди бонтӕмӕ, ӕнӕ фӕллойнӕй еу усмӕ дӕр нӕ фӕразуй.

Уӕхӕн сагъӕс мӕмӕ фӕззиндтӕй, Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕр ӕхсӕрисӕрккаг Боллоти Полийи къарӕмӕ кӕсгӕй. Бӕрӕг зиннуй, цидӕр гъудити ке бацудӕй, е. Цӕбӕл сагъӕс кӕнуй, цума, хъиамӕтгун, рацӕргӕ силгоймаг? Кӕд ӕй ӕ гъудитӕ ӕ евгъуд царди бонтӕмӕ фӕххастонцӕ? Кенӕ, исонибони цардиуагӕ ци уодзӕнӕй, куд уодзӕнӕй, кӕд уобӕл ӕй ӕ мӕтӕ? Цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ ӕ мӕтъӕл медбилти худт ӕма цӕстити фӕлладхуз здӕхт каст? Ӕви кӕд ӕхенимӕр уайдзӕф кӕнуй кӕмӕндӕр ӕма ’й еци усми феййафта къаресӕг Бӕлӕути Гаппо? Нӕ зонун, фал уӕхӕн сагъӕссаг гъудитӕ ӕвдесӕг цӕсгӕнттӕ ахид фӕууинӕн ес нуртӕккӕ кӕмидӕриддӕр Иристони гъӕути ӕма сахарти хестӕр кари адӕймӕгути ’хсӕн.

Абони царди зиндзийнӕдти уӕзӕ уонӕй хъӕбӕрдӕр, ӕвӕдзи, неке ӕрӕлхъивта, уомӕн ӕма ’й етӕ сӕ кари фӕлтӕрддзийнадӕй бӕлвурддӕр зонунцӕ, цард ци ’й ӕма цӕхуӕн уа, рӕстуодӕй фӕллойнӕгӕнӕг си гъӕуама ӕхе куд лӕдӕра, уой. Ӕма ’й уинунцӕ. Нуриккон цардарӕзти ӕгӕр берӕ ке иссӕнцӕ ӕнӕрастдзийнӕдтӕ, уой дӕр. Гъо, фал бухсунцӕ, фӕразунцӕ. Ци сӕ бон ӕй? Ӕндӕр син гӕнӕн нӕййес. Уӕддӕр ма сӕрустурӕй фӕззӕгъунцӕ, мах, дан, ахур ӕма ӕхсист ан. Ӕма еци уӕзи буни, кӕд се ’стгути хъис-хъис цӕуй, уӕддӕр хелунцӕ, хуми дӕллаг гали хузӕн размӕ ивазунцӕ царди уӕззау ӕфсойнӕ. Уотемӕй ба сӕ цӕргӕ – цӕрӕнбонти хуӕздӕр исонибони сӕрбӕлтау тогвӕллойнӕ фӕккодтонцӕ… Полийи хузӕн.

Полий Иристони зундгонд силгоймӕгтӕй еу адтӕй. Устур Фидибӕстон тугъди размӕ райдӕдта фӕллойнӕ кӕнун колхозон будурти. Адтӕй ӕ райгурӕн гъӕуи колхоз «Ирӕф»-и нартихуарикустгӕнӕг звеной разамонӕг.

Фидибӕстон Устур тугъд ку райдӕдта, уӕд ӕ цардӕмбал Мӕхӕмӕт рандӕй фронтмӕ. Дууӕ биццеуи хӕццӕ байзадӕй ӕригон мадӕ.

«Алцидӕр фронтӕн, алцидӕр уӕлахезӕн!» – Фидибӕсти уӕхӕн фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнгӕй, уодуӕлдайӕй хъиамӕт кодтонцӕ фӕсфронти советон адӕм. Еци дзамани уӕззау гъезӕмӕрттӕ бавзурстонцӕ ӕхсӕрисӕрккӕгтӕ дӕр. Уони хӕццӕ Полий дӕр.

Уӕхӕн хабӕрттӕ имисгӕй, уотӕ дзоридӕ:

– Тугъди рӕстӕг мах ци зиндзийнӕдтӕ бавзурстан, ци мӕгурибӕнттӕ фӕууидтан, уони нӕ адӕм макӕдбал бавзарӕнтӕ. Мӕ зӕрдӕй нӕ хецӕн кӕнунцӕ еци гъезӕмӕрттӕ. Гъуди ма ’й кӕнуй абони хузӕн. Мет еци уарӕги уардта Силтанухъи будурти. Мах ба уӕд бӕгънӕг ӕма бӕгъӕнвадӕй нартихуар тудтан къохтӕй. Нӕ разӕй цудӕй нӕлгоймаг, нартихуари хъӕлнӕгътӕй мет лӕдзӕгӕй ӕрцӕгъдидӕ, уотемӕй мах ба ӕ фӕсте нартихуар тонгӕ цудан. Ӕнӕ тонӕн дӕр ин нӕ адтӕй. Уомӕн ӕма паддзахадон ихӕс ӕнхӕстгӕнгӕ адтӕй. Фронтӕн агъаз кӕнун гъудӕй. Уоми фӕскъилдунӕй зиндӕр адтӕй. Уоми мӕлӕт тугъдонти ӕгъатирӕй цагъта. Ӕма нур дес фӕккӕнӕн, мӕ фӕлтӕри минӕвӕрттӕн цӕмӕй низзулунтӕ ‘нцӕ се ’нгулдзитӕ, кӕцӕй сӕмӕ ӕрцудӕнцӕ ӕндиснӕг (ревматизм) ӕма ӕндӕр уӕззау незтӕ. Мӕ фиди ’нсувӕри уосӕ, ӕригон силгоймаг, седзӕргӕс, еци уазал метбӕл рахаудтӕй, мӕлӕти къахбӕл ниллӕудтӕй. Фал ма уӕддӕр мӕн сагъӕс кодта. Ӕ цӕгатмӕ Сурх-Дигорӕмӕ дӕр нӕбал бахъӕрдтӕй. Уӕхӕн уавӕрти кустан… Ӕма син ӕнтӕсгӕ дӕр ӕгӕр берӕ дӕр ма кодта.

Уӕлдай зингӕдӕр ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ Полийи звеной иуонгтӕн сӕ къохи бафтудӕй тугъди фӕсте 1947 анзи. Ци зӕнхи хӕйттӕ сӕбӕл федаргонд адтӕй, уонӕй ӕрӕмбурд кодтонцӕ нӕхемӕ Иристони нӕ, фал бӕсти ӕндӕр рауӕнти дӕр ка некӕдма адтӕй, уойбӕрцӕбӕл берӕ тиллӕг. Гектари хуарӕрзадӕ иссӕй финддӕс ӕма инсӕй центнеремӕй фулдӕр, уой дӕр ӕгъзалдӕй нимайгӕй. Аци нимӕдзӕ абони кӕмӕдӕрти, ӕвӕдзи, уоййасӕбӕл агъазиау нӕ фӕккӕсдзӕнӕй, уӕлдайдӕр ба, нури хӕлӕфгӕнӕн рӕстӕгути бӕрзонддӕр тиллӕгӕрзади хицӕй нин нӕ будуртӕ аллихузон хъилмахӕссӕг минералон гъӕцӕнтӕй ка байдзаг кодта, уонӕмӕ. Хъилмахӕссӕг ба еци уавӕр уомӕ гӕсгӕ исхудтан, ӕма уотемӕй ци тиллӕг ӕрзайун кӕнунцӕ, уой нуртӕккӕ фонс ӕма маргъ дӕр, ӕгӕр ма исӕстонг уӕнтӕ, ӕндӕр ба ’й нӕ хуӕрунцӕ. Ка ’й зонуй, ескӕд ибӕл етӕ райахур уодзӕнӕнцӕ, фал уомӕй ӕ зӕрандзийнадӕ адӕмӕн нӕ фӕмминкъийдӕр уодзӕнӕй.

БОЛЛОТИ Полий (галеуæрдигæй фæндзæймаг) нæ республики адæмон хæдзаради раззагдæр косгути хæццæ балций

Мӕнӕ Боллоти Полийи туххӕй нӕ радзубандий ци рӕстӕгути кой кӕнӕн, уонӕми ба минералон гъӕцӕнтӕй, зӕгъун ӕнгъезуй, ӕгириддӕр нӕ пайда кодтонцӕ, зӕнхитӕмӕ зилдӕнцӕ фагусӕй ӕма ӕндӕр уӕхӕн ӕрдзон гъӕцӕнтӕй. Мадта хумти нартихуари ӕвзартӕмӕ дӕр фулдӕр зилдӕнцӕ иуонгти хъаурӕй. Нӕ фагӕ кодта трактортӕ, ӕндӕр гъӕууонхӕдзарадон техникӕ, уомӕ гӕсгӕ ба хумзӕнхитӕ гъуд кодтонцӕ къӕпетӕй, ӕхсӕдгӕ дӕр – уонӕй…

Мӕнӕ ци анзи кой ракодтан, уӕд Боллоти Полий разамунд ци зӕнхикустгӕнгути къуарӕн разамунд лӕвардта, е агъазиау фӕллойнадон ӕнтӕстдзийнӕдтӕй ке фескъуӕлхтӕй, уой туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕри ном. Ӕ реубӕл исӕрттивтонцӕ Сугъзӕрийнӕ Стъалу ӕма Ленини орден. Еци устур кадӕ ӕма намуси хабар райгъустӕй айдагъ Иристонбӕл нӕ, фал еугур Советон Цӕдесбӕл дӕр.

Ӕнзтӕ цӕунцӕ ӕма си алкедӕр адӕймаги цӕсгонбӕл ниууадзуй ӕ фӕд. Адӕймаг ку райгуруй, уӕд ин ӕнӕ зӕрондгӕнгӕ дӕр нӕййес… Ӕрзӕронд ӕй Полий дӕр. Цард ӕ уӕззаудӕр уӕргътӕ нури доги ӕрӕвардта хестӕр фӕлтӕри усхъитӕбӕл. Полий пенсиесӕг ӕй. Социалистон Фӕллойни Бӕгъатӕрӕн циуавӕр кадӕ искодта нури хецауадӕ, е бӕрӕг ӕй, ци пенси есуй, уомӕй дӕр. Сахар Дзӕуӕгигъӕуи ку цӕридӕ, ӕнӕ еске агъазӕй еунӕгӕй, уӕд ин ӕ пенси айдагъ дзол ӕма цаййи фагӕй уӕлдай нӕ уайдӕ.

Ӕхсир ӕма фидизгъӕли кой нӕбал кӕнӕн. Ӕ бон нӕ адтайдӕ нӕдӕр фатери, нӕдӕр электрон тухи, нӕдӕр дони ӕма ӕндӕр коммуналон лӕггӕдти туххӕй феддонтӕ федун.

Гъе ба дин гъе, ӕ Фидибӕсти ӕма ӕ адӕми хуарздзийнадӕн ӕ уод ка не ’вгъау кодта тугъди будури дӕр ӕма фӕскъилдун дӕр, тугъди фӕсте гъӕуагӕй-гъӕуагидӕр ӕнзти дӕр, еци ветеранти ирисхъӕ абониккон ӕмӕнтъери рӕстӕги. Раст фӕззӕгъунцӕ рацӕргӕ адӕми фулдӕр хай:

– Кӕд нӕ уӕхӕн уавӕри ӕвӕруй, нӕ рӕстуодӕй хъиамӕтти бӕркадӕй уотӕ хевӕндӕй ка пайда кӕнуй, еци нуриккон хецаудзийнадӕ, уӕд гъӕуама куд нӕ тингун кӕнӕн, нӕ фурмӕстӕй куд гъӕуама нӕ бафӕрсӕн, цӕй фӕдбӕл адтӕнцӕ нӕ уодуӕлдай хъиамӕттӕ, цӕбӕл ӕма цӕй сӕрбӕлтау тох кодтан, зӕгъгӕ? Цӕмӕй абони уӕхӕн уавӕри уӕн, уой туххӕй?..

Раст адтӕй нӕ курухон фидтӕлти загъд: «Ӕ сувӕллӕнттӕбӕл ка нӕ тухсуй ӕма ӕ рӕдуд исраст кӕнунбӕл ци паддзахадӕ нӕ архайуй, уомӕн нӕййес хиццаг исонибон…»

Цидӕр ӕй, уӕддӕр Полий гъенцъун нӕ кӕнуй. Нӕ уацхӕссӕг Бӕлӕути Гаппо ӕй ку фарста, дӕ цардвӕндаги дин фӕсмойнаг ести ес, зӕгъгӕ, уӕд ин уӕхӕн дзуапп равардта:

– Фӕсмон нецӕбӕл кӕнун. Уӕдта ку кӕнон, уӕддӕр си ци рауайдзӕнӕй? Мӕн хузӕнтти ма ка фӕрсуй!.. Нӕ кӕстӕртӕбӕл мӕтӕ мӕ тухсун кӕнуй. Махӕн нӕ ирисхъӕ, ӕвӕдзи, уӕхӕнӕй финст ӕрцудӕй нӕ тӕрнихтӕбӕл. Хуцау нин не ’ригони ӕнзти искарста уӕззау хедвӕллойнӕ кӕнун, ку ӕрзӕронд ан, уӕдта бабӕй уомӕй дӕр ӕма хецауадӕй дӕр иронхуати байзайун. Фал куд уодзӕнӕй нӕ кӕстӕрти исонибон? Сӕ уодиконд ӕма син сӕризунд куддӕр усхъуммитӕ ку кӕнунцӕ нури дзамани сайтангонд фӕткитӕ. Ӕнӕ фӕллойнӕй сӕмӕ берӕ гъӕздугдзийнӕдтӕ куд уа, уобӕл ӕй сӕ сагъӕс, уомӕ тулаваст ке кӕнунцӕ, е сӕ зундирахасти сӕбӕл хъаурӕгиндӕр кӕнун байдӕдта. Уой фудӕй фудракӕндитӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Ӕхцай хъаурӕ ӕ буни кӕнуй адӕймаги хуарз менеугутӕ – ӕфсармӕ, ӕрдхуард-ӕнсувӕрдзийнади ӕновуддзийнадӕ, лӕги кадӕ ӕма намус… Уӕййаг иссӕнцӕ, адӕймаг иннӕ цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хецӕн кодта, Хуцауӕй лӕвӕрд еци хуарзӕнхитӕ. Ӕма сагъӕссаг е ӕй. Ӕма ма кӕд естӕмӕ бӕллун, уӕд уомӕ, цӕмӕй бабӕй нӕ царди исцитгин уонцӕ фарнӕхӕссӕг ӕгъдӕуттӕ.

Фӕллойни ӕма тугъдон хъиамӕттӕй ка фескъуӕлхтӕй, уӕхӕн хестӕртӕ не ’хсӕн берӕ нӕбал ӕнцӕ. Фал кӕдмӕ цӕронцӕ, уӕдмӕ син зӕрдихудт гъӕуама маке хӕсса, фал зӕрдтагон ауодундзийнадӕй рӕвдуд уонцӕ. Уой аккаг ӕнцӕ етӕ. Берӕ нӕ фӕгъгъӕуй зӕронд уодгоймаги – ӕргъудидзийнадӕ. Зонгитӕ, хеуӕнттӕ, бунӕттон хецауади ӕргъудидзийнадӕй еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр хайгин ку уонцӕ, уӕд уӕхӕн мӕтъӕл ӕма сагъӕссаг каст нӕ кӕндзӕнӕнцӕ айдагъ хузистӕй нӕ, фал адӕймаги хӕццӕ комкоммӕ фембӕлгӕй дӕр.