27 декабря 2024

«УÆХЕБÆЛ ÆУУÆНДЕТÆ ÆМА ЗÆРДИРАЙ УОДЗИНАЙТÆ!..»

29.04.2023 | 14:51

Цæмæдæр гæсгæ иуонгæй ка фæссахъат æй, еци футболистти гъазтмæ кæсгæй, зæрдæбæл æрбалæууй номдзуд немуцаг поэт Иоганн Гетей фæдзæхст: «Уæхебæл æууæндун райдайетæ æма уайтæккæ базондзинайтæ, куд цæргæ уин æй, уой…» Нæ зонæн, аци лæгтæ-лæхъуæнтæ ескæд фегъустайуонцæ еци загъд, фал ни федарæй æруагæс кæнуй, æвадуат уавæри бахаугæй, нифссаст нæ фæцæнцæ æма сæ къох сæ карнæбæл нæ ракъуæрдтонцæ, фал бавдистонцæ уоди хъаурæ, сæхебæл баууæндтæнцæ æма сæ царди хабæрттæ разæнгардæй æнхæст кæнунцæ.

Уомæн æвдесæн æй, Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги ку фембалдæй, сæ бауæри хæйттæ ампутацигонд кæмæн æрцудæнцæ, еци футболистти хæццæ се ’хсæн ци зæрдæй-зæрдæмæ дзубанди рауадæй, е дæр.

Фембæлди рауæн ба иссæй стадион «Юность». Республики разамонæг уоми бакастæй сæ тренировкитæмæ, уæдта сæхе æма сæ тренерти хæццæ фæдздзубанди кодта.

Зæгъун гъæуй уой, æма ампутантти футболон клуб «Иристон» нæуæгæй фæстæмæ æ куст райдæдта 2022 анзи январи. Команди ес финддæс спортсмени. Цæйбæрцæбæл æнтæстгин æнцæ, уомæн ба æвдесæн зунд æй: цубур рæстæгмæ сæ командæ иссæй еугуруæрæсеуон æмвæзади еристи уæлахезон æма призер. Уомæй уæлдай, уæрæсейаг еугонд команди ес Цæгат Иристонæй дæр цуппар спортсмени.

Нуртæккæ футболон клуб «Иристон» æхе цæттæ кæнуй ампутантти Уæрæсей чемпионатмæ футболæй.

Фембæлди рæстæг Сергей Меняйло куд баханхæ кодта, уотемæй физикон культурæ æма спорти къабази вазуггин фарстатæй еу æй – адаптивон физикон культурæ æма спорти ирæзт, уæдта е ’нæнездзийнадæ гъигæдард кæмæн æй, еци адæймæгути спортбæл æхцул кæнуни гъуддаг дæр.

Куд ма загъта, уотемæй Уæрæсей Федераций спорти министрадæмæ æрвист æрцудæй курдиадæ, æ иуæнгтæ гъигæдард кæмæн æнцæ, еци адæмæн нæ республики сæрмагонд физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс бассейни хæццæ исаразуни фæдбæл федералон бюджетæй æхца радех кæнуни туххæй. Нерæнгæ гæгъæди æй профилон министради, бæлвурдæй имæ каст гъæуама ’рцæуа, æма гъуддаг, нæ зæрдæ дарæн, гъæугæ хузи арæзт æрцæудзæнæй.

– Инвалидтæн сæрмагонд спортивон объект исаразуни фарста æнæмæнгæ ралух кæнун гъæуй, – загъта Сергей Меняйло. – Нæуæг комплекси син хуарз фадуæттæ фæззиндзæнæй, спорти фæрци физикон æма психологон уагæй реабилитацийæн.

Еци гъуддаг арæзт цалинмæ цæуа, уæдмæ ба син гъæуама уа гъæугæ фадуæттæ сæхе цæттæ кæнунæн. Æма республики разамонæг физикон культурæ æма спорти министрадæн нæ республики байхæс кодта командæ «Иристон»-и футболисттæн Беслæни стадион «Пищевик»-и фæзи тренировкити мадзæлттæ исаразун.

– Стадиони хъæбæр хуарз уавæртæ ес. Фтуболистти ку бафæндæ уа аци рауæн тренировкитæ кæнун, уæд сæ ласдзинан уордæмæ. Лæхъуæнтæ сæрæн æнцæ, ес сæмæ бæлвурд нисантæ. Дузæрдуггаг нæй, командæн никки агъазиаудæр æнтæстдзийнæдтæ ке бафтуйдзæнæй æ къохи. Мах æрдигæй ба син агъаздзийнадæ алкæддæр æнхæстæй уодзæнæй…

Зæрдæбæл ма æрлæуун кæнæн уой дæр, æма фæлварæ Сергей Меняйло фембалдæй футболи Уæрæсей ампутантти еугонд команди тренер Бæцойти Руслан æма команди капитан Гæмауонти Игори хæццæ. Дзубанди цудæй уæлдæр амунд команди архайд фæстæмæ нæ республики иснæуæг кæнунбæл æма син нæ республики Сæргълæууæг уой фæдбæл аразий дзуапп равардта.

 Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ


ЗОНУЙНАГ

Дзæуæгигъæуи арæзт æрцæудзæнæй Уæрæсей чемпионат бауæрæй сахъат футболистти (ампутантти) æхсæн. Уой фиццаг зилд райдайдзæнæй 16 майи. Архайдзæнæнцæ си командитæ Махачкалайæй, Грознайæй, Волгоградæй, Новороссийскæй, Мæскуйæй, Ижевскæй, Барнаулæй, уæдта цæгатиристойнаг футболон клуб «Иристон» дæр.

Фиццаг зилди еристи фæсте ба, 14-20 июни рацæудзæнæнцæ дуккаг зилди фембæлдтитæ.

Еристæ цæудзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи сувæллæнтти спортивон скъола «Æвзонгадæ»-йи фæзи.