БЮДЖЕТОН ХАБÆРТТÆ
20.05.2023 | 17:45
ХÆДАРЦАТИ Аслæнбег нæ республики Парламенти бюджети комитети сæрдар:
– Республикон бюджети æфтуйæггин хай аци анзи фиццаг квартали иссæй 11,804 миллиард соми, гъома, анзи нисангонд бæрцæн æ 25 процентти; хæрзтæ ба иссæнцæ 11,066 миллиард соми (23%). Хъалонтæ æма æнæхъалонон æрбафтуйæггæгти нисангонд бæрцæ ба æнхæстгонд æрцудæй æдеугурæй 20 процентти – 3,203 миллиард соми. Уотæ цæй фудæй рауадæй, уой æнæмæнгæ исбæлвурд кæнун гъæуй, гъæугæ мадзæлттæ иснисан кæнун уавæр æвæстеуатæй исраст кæнунæн.