26 декабря 2024

«ÆЦÆГÆЙ АМОНДГУН ÆЙ ФИДИБÆСТИ ФАРНÆЙ ХАЙГИН АДÆЙМАГ!..»

10.06.2023 | 21:07

Кæддæр, дан, еу лæхъуæн исфæндæ кодта æ карни гъуддæгути фæдбæл балций фæццæун. Æма рафæндараст уни размæ æ мади бафарста:

– Фæндаггагæн мæ хæццæ ци хæссон?

– Дæ фиди ном, дæ фиди фарнæ, – адтæй мади дзуапп.

Гъе уотемæй, æ фиди ном, æ фиди фарни хæццæ лæхъуæн ранæхстæр æй æ балций надбæл. Æма кумæдæриддæр бафтуйидæ, уоми ибæл адæм исæмбæлиуонцæ хъæбæр æхцæуæнæй, зæрдиагæй æй исиуазæг кæниуонцæ – æ фиди намусмæ гæсгæ…

Аци таурæхъ, æвæдзи, фегъустайайтæ, уæдта ин æ кой нæ газети амæй размæ дæр ма кодтан. Фал æй абони бабæй æримистан ахсгиаг цауи фæдбæл – авдисæри, 12 июни бæрæггонд цæудзæнæй Уæрæсей Бон. Куд паддзахадон бæрæгбон, уотæ ма хуæрз æригон æй (бæрæггонд цæуй 1994 анзæй фæстæмæ 12 июни), уæддæр æ ахедундзийнадæ ба агъазиау æй. Фиццаги-фиццагидæр, уомæй æма уой бæрæг кæнгæй, æ Райгурæн бæстæ зæрдтагон уарзтæй цитгийнаг кæмæн æй, етæ рæстуодæй расагъæс кæнунцæ æ карнæбæл, æ амондгундæр исонибони сæрбæлтау ин хуарз фæуунæй сæ бон ци æй, уобæл.

Нæ æдзард поэт Кочисати Мухарбег (1920-1944) кæддæр уотæ финста: «Фидибæстæ, дæуæй мæнæн хъазардæр, адгиндæр нæ адтæй æма нæййес. Айдагъ дæ кой, дæ  боц дæр устур нифс æнцæ лæгæн…» Æ еци загъд цæйбæрцæбæл æууæнккаг адтæй, е ба рабæрæг æй, Райгурæн бæсти гъезæмайраг рæстæгути æ сæр ку багъудæй, уæд Устур Фидибæстон тугъди рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохи  е ’ригон цард иснивонд кодта æ сæребарæдзийнади сæрбæлтау…

Абони дæр нæ Райгурæн бæстæбæл искодта лæгæвзарæн рæстæгутæ – Уæрæсемæ знаги цæстæй нуриуæнгæ дæр ка кастæй æма нерæнгæ дæр ма ка кæсуй, етæ бабæй æ нихмæ аллихузон фудракæндтитæ аразунæй иселлæг æнцæ, гъавунцæ ’й бабун  кæнунмæ. Фал, нæ нихмæ раздæри архайгути фудвæндитæй куд неци рауадæй, уотæ нури фудгæнгутæн дæр сæ цъамар фæндитæй неци бантæсдзæнæй. Уомæн æма Уæрæсей рæстзæрдæ дзиллæ алкæддæр нифсгун адтæнцæ æма нерæнгæ дæр æнцæ нæ Фидибæсти æнæбасæттондзийнадæбæл æууæнкæй, æ сæрбæлтау архайунмæ разæнгарддзийнадæй.  Уомæн æма си федарæй æруагæс кæнуй нæ рагфидтæлти фæдзæхст: «Æцæгæй амондгун æй Фидибæсти фарнæй хайгин адæймаг!..»