ХАБÆРТТÆ, ЦАУТÆ
Ямало-Ненецки автономон зилди сæйраг сахар Нæуæг Уренгойи аци къуæре цæуй уæззау атлетики Уæрæсей чемпионат нæлгоймæгтæ æма силгоймæгти ’хсæн. Архайунцæ си Цæгат Иристони минæвæрттæ дæр – æртæ кизги æма æхсæз лæхъуæни. Нерæнгæ бал агъазиау æнтæстдзийнадæй фескъуæлхтæнцæ не ’мзæнхон кизгуттæ – Гусалти Зæринæ, Келæхсати Мæдинæ æма Соттити Янæ. Æртемæй дæр иссæнцæ Уæрæсей чемпионтæ.
* * *
Турки не ’мзæнхонтæй ка цæруй, уонæй 18-35-анздзуд цуппар адæймаги нæ республики Хецауади хундæй бабæрæг кæндзæнæнцæ Цæгат Иристон. Ами си уодзæнæй равгæ сæ рагфидтæлти зæнхæбæл историон рауæнтæ бабæрæг кæнунæн, нæ адæми абони цардиуаги хабæрттæ бæлвурддæрæй базонунæн.
* * *
Национ парк «Алани»-й фæзуати æрæги арæзт æрцудæнцæ æвадуат рауæнтæбæл уайунæй аллианзон еристæ. Архайдтонцæ си дæс æма авдинсæй адæймагемæй фулдæр – Уæрæсей финддæс рауæней минæвæрттæ. Аци анз си арæзт æрцудæй сувæллæнтти ’хсæн еристæ дæр.
* * *
Аци анз Цæгат Иристони федаргонд æрцæудзæнæй 1243 социалон бадзурди. Нерæнгæ бал арæзт æрцудæй 644 бадзурди. Уонæй 67 æнцæ куст иссеруни, 196 ба – хе агъазадон даруни фæдбæл. Еугур еци гъуддæгутæн аци анз дехгонд цæуй авд æма инсæй миллион соми.
* * *
Запорожьей облæсти Чернигови райони цæрæг сувæллæнтти къуар (25 кизги æма биццеуи) æрæги исиуазæг кодта Цæгат Иристон – етæ æртæ къуæрей дæргъи сæ фæллад исуадздзæнæнцæ æма се ’нæнездзийнадæ фæррæвдзæдæр кæндзæнæнцæ реабилитацион центр «Тамиск»-и.
* * *
Аци анз нæ республики цалцæггонд æрцæудзæнæнцæ 42 æхсæнадон фæлладуадзæн бунати æма берæфатерон цæрæн хæдзæртти тургъитæ.
* * *
Се ’нæнездзийнадæ цауд кæмæн æй, уæхæн адæймæгути къуарæн Дзæуæгигъæуи администраци равардта фæйнæ 1,6 миллион сомей аргъ сертификаттæ сæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнуни нисанеуæгæй.