15 января 2025

ÆМА  АМОНДХÆССÆГ  ИССÆЙ  БИЙНОЙНАГИ  АГЪАЗ

15.07.2023 | 21:10

Америкаг финсæг Натаниел Готорнæн æ еузæрдиуон цардæмбал æма лимæн София ку нæ адтайдæ, уæд, æвæдзи, дуйней литератури номдзуддæр адæймæгути фарсмæ æ ном нæ фæззиндтайдæ.

Еууæхæни Натаниел сæхемæ æрбацудæй нифссастæй, уонтæхъел æма сæргубурæй æма æ уосæн загъта, мæ кустæй мæ ратардтонцæ, зæгъгæ. Косгæ ба кодта илциесæни (налоговая).

– Хъæбæр хуарз, – игъæлдзæгæй загъта уосæ. – Нур дин замманай фадуат ес дæ киунугæ ниффинсунæн!..

– Куд нæ! – мæтъæлæй загъта Натаниел. – Æма цалинмæ киунугæ финсон, уæдмæ ба цæмæй цæрдзинан?

Лæг десæй рамардæй, София скъаппи лагъз ку раласта æма си æхцати устур цъæпæра ку исиста, уæд.

– Кæцæй дæмæ æрбахаудтæнцæ?! – фæгъгъæр кодта Натаниел.

– Устур курдиади хецау ке дæ, уой алкæддæр зудтон, – загъта уосæ. – Федарæй ми æруагæс кодта, еууæхæни адæмæн æмбесонди киунугæ ке ниффинсдзæнæ, е. Гъема, ци мизд мæмæ радтисæ, уомæн æ еу хай бафснайинæ… Аци æхца нин анзи фагæ уодзæнæнцæ…

Гъе уотемæй зундгин, уарзон силгоймаги фæрци америкаг литератури фæззиндтæй Натаниел Готорни агъазиау роман «Сурх дамугъа».

 

Нидо КУБЕЙН