КУСТÆН УОТИД Æ УИНДÆ МА ÆВДЕСÆ, ФАЛ – Æ ГЪÆДÆ!..
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло разамундæй рацудæй нæ республики Хецауади иуонгти æма муниципалитетти разамонгути еумæйаг алликъуæреуон æмбурд. Уоми Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег куд фегъосун кодта, уотемæй уой размæ къуæрей дæргъи республики æнæнгъæлæги цаутæ не ’рцудæй. Фал уæддæр синоптикти рагацау бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, нерæнгæ ма тæссаг æй республики хецæн районти тухгин уарунтæ æма ехуарунтæ æрцæунæй. Уомæ гæсгæ ба аллихузон æнæнгъæлæги цаутæ ма ’руадзун æма æрдзон фидбилизти фæстеугутæ еуварс кæнуни паддзахадон системи дæлхайæдтæ косунцæ аразунцæ уæлдай цæттæдзийнади фæтки бундорбæл.
Аци æмбурди нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан æ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемæй республики стационарти нуртæккæ аллихузон незтæй сæхе дзæбæх кæнунцæ 3 741 сæйги. Фæстаг рæстæг ахедгæдæр кæнуй цæугæ медицинон комплексти архайд. Зæгъæн, 2023 анзи райдайдæнæй нуриуæнгæ етæ сæрмагонд графиктæмæ гæсгæ сæ куст кæнунцæ республики муниципалитетти. Анзи фиццаг æмбеси дæргъи еци комплексти специалистти лæггæдтæй испайда кодтонцæ 18 мин адæймагемæй фулдæр. Тагъд медицинон агъази станций кусти туххæй дзоргæй, Тебиай-фурт куд загъта, уотемæй станци дæлхайæдти косунгъон æнцæ 65 бригади.
Республики разамонæг æ радзубандий ма сæрмагондæй баханхæ кодта, бунæттон товаруадзгутæн паддзахадæ уæлæнхасæн агъази мадзæлттæ ке аразуй, уой. Уой фæдбæл дзоргæй загъта:
– Куд рабæрæг æй, уотемæй амалгъонтæ æма товаруадзгутæн сæ еу хай уæхæн паддзахадон агъази мадзæлтти фæткæ зонгæ дæр нæ фæккæнунцæ. Æма, ке зæгъун æй гъæуй, пайда дæр си не ’скæнунцæ. Уомæ гæсгæ ба уотæ бакæнун гъæуй, цæмæй алли товаруадзæг дæр лæмбунæг зона, паддзахадæ ин циуавæр уæлæнхасæн агъазæй зæрдæй æвæруй, уой. .
Республики Хецауади Сæрдари фиццаг хуæдæййевæг Æгъузарти Мурати радзубанди ба адтæй, хаццони ци республикон зæнхитæ ес, уонæн арендон феддонтæ куд æмбурдгонд цæунцæ, уой фæдбæл. Нуртæккæ республики еугур районти дæр арендон феддонтæ афойнадæбæл æмбурдгонд цæунцæ. Фал, 2019-2023 æнзти зæнхити кадастрон аргъ еуцæйбæрцæдæр ке фæмминкъийдæр æй, уомæ гæсгæ амунд æнзти республики бюджетмæ нæбал æрбафтудæй 260 миллион сомей бæрцæ.
Нæ рагфидтæлтæй байзадæй ауæхæн загъд: «Кустæн æ уиндæ ма æвдесæ, фал – æ гъæдæ!..» Уой уомæ гæсгæ раймистан, æма хе æстауæн дзубандитæ неци пайда ес, ахедгæ уа ни алке куст дæр.