26 декабря 2024

ЕСКЕ УСХЪÆБÆЛ ÆНЦАЙГÆЙ ХОНХИ СÆРМÆ НЕ ’СХЕЗДЗÆНÆ!..

22.07.2023 | 12:40

Сергей МЕРЕНКОВИ конд хузæ.

Нæ нури фурдзорагæ политиктæй еу æрæги еци зундгин хузæй уотæ раунаффæ кодта, нæ бæсти демографион уавæр, дан, æнцонтæй фæррæвдзæдæр гæнæн ес… æндæр паддзахæдтæй нæмæ æрбаледзæг адæми фæрци. Æ еци загъд цæйбæрцæбæл æдзæлгъадæ ’й, уой æхуæдæг, æвæдзи, нæ лæдæруй, фал нæ Райгурæн бæсти исонибонбæл æцæгæй ка тухсуй, етæ ба æ хæццæ нæ исарази уодзæнæнцæ, уомæн æма лæдæрд æй, æцæгæлæнтти фæрци нæ сагъæссаг гъуддæгутæ ке нæ исараздзинан.

Нæ абони сагъæссагдæр фарстатæй ба нæмæ еу æй демографион уавæр, кæци анзæй-анзмæ сагъæссагдæр кæнуй (нæ республики аци анзи æртæ мæйей уавæри туххæй игъосуйнаг кæсетæ 2-аг фарсбæл). Иннæ сагъæссаг фарста – нæ республики цæргутæй беретæ сæ карни хабæрттæ зæрдæмæдзæугæдæрæй аразуни фæндæй цæрунмæ цæунцæ æндæр рауæнтæмæ. Нæ республики статистикон управлени куд игъосун кæнуй, уотемæй аци анзи фиццаг квартали уони бæрцæ иссæй 650 адæймаги (фари еци рæстæги ба – 707 адæймаги). Нур уони ’хсæн куд нæ адтайдæ, ами нæхемæ хъæбæр æхсицгонæй ка гъæуй, уæхæн специалисттæ дæр – кенæ ами син нæ разиндтæй аккаг куст иссеруни равгæ, кенæ ба сæ æндæр цидæр уавæртæ фесхъæтæг кодтонцæ. Цидæр адтæй, уæддæр си, гъулæггагæн, фæффудевгед ан…

Статуправлений игъосункæнуйнагмæ гæсгæ аци анзи 1 апърели уæнгæ нæ республики регистрацигонд æрцудæй цæмæдæр гæсгæ æндæр рауæнтæй ка фæлледзæги æй æма сæ цæрæн рауæнтæ æнæбæри ка раййивта, уæхæн 56 адæймаги (фарæ ба еци рæстæги уæнгæ – 165 адæймаги). Уонæн сæ тæккæ фулдæр – 48 адæймаги (85,7%) æрбафтудæнцæ нæмæ Гурдзийæй. Ка ’нцæ æма ци ’нцæ, уобæл нæ дзордзинан – мах иуазæгуарзон адæм ан æма фусуни æгъдауæй барæвдаудзинан. Фал уæддæр…Етæ нæ бæрцæбæл ке бафтудæнцæ, е лæдæрд æй, фал нæ цардиуаги хуæрзгъæдæдзийнадæбæл, цума, ци хузи фæззиндзæнæнцæ, амæй размæ зæрдтагонæй ке исиуазæг кодтан, уонæй берæ кæмæйдæрти куд фæффудæнгъæлцæ ан, уотæ  бабæй ма рауайæд…

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Еске усхъæбæл æнцайгæй хонхи сæрмæ не ’схездзæнæ!..» Мах дæр уотæ нæ зæгъæн, æма, ци нæуæг адæм нæбæл æрбафтуйуй, уони усхъити фæрци исхездзинан нæ бæлдтити бæрзæндтæмæ. Фал уæддæр нæ зæрдæ ба дарæн, æма етæ сæ хуæрзæгъдау æма лæгигъæдтæй нин аккаг æмдзæргæ ке исуодзæнæнцæ æма нæ царди гъуддæгути кæрæдземæй боз уодзинан… Нæ Исфæлдесæг нин уой исаккаг кæнæд!..

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.