26 декабря 2024

ЦÆУÆТÆЙ ЗÆРДИРАЙ НИЙЙЕРÆГ – ХУÆРЗАМОНД!..

29.07.2023 | 22:15

КЦОЙТИ Юрийи конд скульптурæ (гъæдæй конд).

Дуйней ци берæ аллихузон бæрæгбæнттæ бæрæггонд цæунцæ, уонæй кæцидæртими уоййасæбæл хиццагæй неци ес, æма уомæ гæсгæ ба махмæ, Уæрæсей дзиллæмæ, цæстиварди дæр нæ ’нцæ. Фал си ес, мах дæр ке бафæнзæн æма ке бæрæг кæнæн, уæхæнттæ дæр. Зæгъæн, Америки Еугонд Штатти цæргутæ алли анз дæр 1 августи цитгинæй бæрæг кæнунцæ ниййергути банимайундзийнади Бон. Баруагæс уи уæд, нæ фæррæдуйдзинан, еци бæрæгбон ци гъуддаги фæдбæл нисангонд æй, е Зæнхи цъарæбæл еугур цæргутæн дæр кадгин æй, зæгъгæ, ку зæгъæн, уæд.

Ниййергутæ!.. Ци ма уа уомæй зæрдтагондæр æма æхцæуæндæр дзурд адæймагæн. Уони фæрци фæууидтан бони рохс, уони нифсæй цæрæн, лæууæн нæ къæхтæбæл. Уогæ, еци бæрæгбон гъæуама еунæг бони хæццæ баст ма уа. Фал адæймаг, цалинмæ цæра, уæдмæ дæр ниййергутæмæ æ уарзондзийнади рахаст еу усмæ дæр макæд гъæуама нидæн кæна. Гъæуама уотæ уа.

«Ниййергутæ ’нцæ, аргъ кæмæн нæййес, уæхæн хæзна, аргъгонд ба син, гъулæггагæн, алкæд нæ фæццæуй, цæйбæрци аккаг æнцæ, уойбæрцæ», – уотæ загъта дуйней курухон лæгтæй еу…

Мах, сæ кæстæртæ, фулдæр хатт уотæ фæгъгъуди кæнæн, ниййергутæ нин ци хуæрзти бацæунцæ, е гъæуама æнæмæнгæ уотæ уа.

Сувæллонæй мах нæ алфамбулай дуйне уинæн уони цæститæй, уони зундбæл ахур кæнæн, етæ ’нцæ нæ фæххуæцæг, нæ дарæг, хуарздзийнæдтæй æскъуæлхунмæ разæнгардгæнæг, аллайаг гъуддæгутæй фæррæдуйунæй нæ уорамæг.

Æма, æцæгæйдæр, ниййергутæ ’нцæ, сувæллони зæрдæмæ еугуремæй хæстæгдæр ка лæууй, етæ, баййевæн кæмæн нæййес некæбæл, уæхæн зæрдтагонтæ. Етæ ресунцæ нæ ристæй, нæ мæтæй, нæ сагъæстæй. Уонæй æхцæуæндæр некæмæн фæуунцæ нæ уæлахезтæ, нæ æнтæститæ. Цæстæй уинæн кæмæн нæййес, айдагъдæр уодæй бавзарæн кæмæн ес, уæхæн федар цæгиндзитæй нин лæуунцæ нæ карнæ фæлдесунадæн буцæуæн.

Адæймагмæ ма, æнæмæнгæ, æрцæуй фæстагмæ устур фæсмон, æ рæстæги æ ниййергутæн æ бон ке нæ бацæй – кенæ ’й цидæр бахъор кодта, кенæ ба е ’нæргъудидзийнади фудæй – уæддæр уотид фæлмæн зæгъуйнæгтæ исзæгъун, уони барæвдаун, уой туххæй. Уотæ нæмæ фæккæсуй, цума нин етæ æносон, æнæмæлгæ ’нцæ… Цума ма нин рæстæг уодзæнæй уони фагæ зæрдæмæгъаргæ дзурдтæ иссерунæн… Гъе уотемæйти, нæ еци рæдудбæл ма фæсмонгондæй хъонц кæнгæй, райевгъуйунцæ нæбæл æнæ уонæй нин нæ цæргæ бæнттæ, æнзтæ…

Æцæгæй ниййергутæ нæ царди ци бунат ахæссунцæ, е ни баруагæс уй айдагъдæр уæд, æма нæхуæдтæ ниййергутæ ку исуæн. Айдагъдæр уæд райдайæн лæдæрун, цæйбæрцæ зунд, хъауритæ æма рæстæг фæгъгъæуй, цæмæй дæ сувæллон царди тонхи рацæуа, уобæл бахарз кæнун.

«Касдони уедуг æма къибилайдзаг ба уарзт» раттун фæгъгъæуй, цæмæй дæ бæдолæ æ къæхтæбæл ислæууа, уомæн.

Аци фарстабæл дзорун æнгъезуй æнæкæрон берæ. Мах ба фæндуй айдагъдæр зæгъун: «Берæ нин цæретæ, нæ хъазар мадтæлтæ æма фидтæлтæ, уæ бæдæлтти зин макæд фæууингæй, сæ рæвдудæй хайгин, сæ арфиаг гъуддæгутæй ба сæрустур уогæй!..»

Абони аци æрмæг ка кæсуй, уонæн ба фæдзæхсæн: «Уарзетæ уæ ниййергути, цалинмæ ма уин уодæгас æнцæ, цалинмæ ма уин  уæ фарсмæ ’нцæ!.. Бон фулдæр цæмæй рацæронцæ, уобæл уæ уодтæ даретæ!..»

Хуарз уидæ, еци цитгин бæрæгбон махмæ дæр ку ниффедар уидæ æма тæккæ райдзастдæр хузи бæрæггонд ку цæуидæ. Ниййергути барæвдаунæн ци равгитæ æма гæнæнтæ ес, уонæй æнхæстæй пайда кæнун арфиаг гъуддаг æй!..