23 ноября 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ

29.07.2023 | 22:47

Берæфатерон цæрæн хæдзæрттæ капиталон цалцæггæнæн куститæн феддонти минкъийдæр бæрцæ 2024 анзи исуодзæнæй 6,20 соми цæрæнбунати еумæйаг фæзуати еу квадратон метрæн (2022 анзи еци бæрцæ адтæй 5,92 соми).

* * *

Ирон-дигорон фæсевæдæй нуртæккæ Иристонæй еуварсдæр рауæнти ка цæуй, уони устур къуарæн равгæ фæцæй, «Фæсарæнти цæрæг æмзæнхонти хæццæ æмархайд æма гуманитарон бастдзийнæдти райрæзт», зæгъгæ, дæлпрограмми фæрци сæ фидтæлтиккон бæстæ бабæрæг кæнун. Етæ ’рбацудæнцæ куд фæсарæйнаг цалдæр бæстемæй, уотæ Уæрæсей регионтæй дæр. Сæ балций рæстæг архайдтонцæ культурон-зонадон аллихузон мадзæлтти, адтæнцæ нæ республики историон-æрдзон рауæнти.

* * *

Республикон онкологон диспансери материалон-техникон уавæртæ фæххузæнондæр кæнуни нисанеуæгæй гъæуама арæзт æрцæуа 9 миллион сомей бæрцæбæл контракт. Никки ма 5 миллион соми гъавунцæ радех кæнун Æрæдони райони центрон сæйгæдони магнитон-резонансон томограф ниввæрунæн – уордæмæ ’й гъæуама баласонцæ августи.

* * *

Уæрæсей алли регионтæй 45 волонтери æрæмбурд æнцæ нæ республики, цæмæй æнхæстгонд цæун райдайа Цæгат Иристони, Мæхъæли æма Дагестани волонтерти сæрмагонд Æхсæндуйнеуон проект «Хæлардзийнади надамонæг цирæгътæ. Кавкази мæсгутæ». Аци мадзал æнхæстгонд цæуй æхсæзæймаг хатт, æма æ нисанеуæг æй алли адæмихæттити ’хсæн лæдæрундзийнадæ æма нимайундзийнадæ федардæр  цæмæй кæна. Проекти архайгутæ фæддех æнцæ æртæ къуаребæл. Уонæй еу къуар «Хъонахъ» – косдзæнæй Алагири райони Хурумти мæсуги; къуар «Цæргæстæ» – Мæхъæли мæсгути комплекс «Харп»-и; къуар «Хуæнхæгтæ» – Дагестани гъæу Зæронд Хиндахи мæсуги.

* * *

«Уæрæсей раздзæугутæ», зæгъгæ, конкурси регионалон хаймæ рацудæнцæ Цæгат Иристони æхсæз минæвари. Аци ериси ахедундзийнадæ агъазиау ке æй, уобæл æрæги цудæй дзубанди сæрмагонд проект «Уæрæсе – равгити бæстæ», сæрдареуæг си кодта Владимир Путин.