22 декабря 2024

АДТÆЙ КÆСТÆРТÆН НИФСДÆТТÆГ…

05.09.2023 | 16:08

СÆБАНТИ Тæрхъан æ бийнонти хæццæ: разæй бадунцæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) æ цард-æмбал Софья, сæ фурт Азамат æма Тæрхъан. Лæуунцæ: сæ кизгуттæ Фатимæ æма Ларисæ.

Ацал-ауал анзи еци зæрдхъурмæй  имисæн, Беслæни фудбæлахи ка бастъалдæй, уони рохс нæмттæ. Уони туххæй  æрмæгутæ нуриуæнгæ дæр мухур кодтан, абони ба нæ фæндуй СÆБАНТИ Гæбулий фурт Тæрхъани æримисун. Нæ дзубанди ба идайæн, Тæрхъан беслæйнаг фудракæнди ку фæммард æй, уæд уой фæдбæл зундгонд журналист Тепсихъоти Зойæ (гъулæггагæн, е дæр абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…) ци æрмæг ниффинста, уомæй…

 

ÆХСАРГИН АХУРГÆНÆГ Æ ФÆСТАГ УРОК ДÆР ÆХСАРГИНÆЙ РАРВИСТА…

СÆБАНТИ Тæрхъани цардвæндаг намусгин æма цитгин адтæй, зæгъгæ, ку зæгъæн, уæд уомæй растæй-растдæр уодзинан. Устур Фидибæстон тугъди æхсаргин архайæг, ССР Цæдеси адæмон ахуради отличник, Уæрæсей скъолай æскъуæлхт ахургæнæг, е берæ хуæрзти бацудæй нæ адæмæн, куд кæстæр фæлтæрти искурдиадæгин гъомбæлгæнæг, куд адæмон ахуради дæсни æма хъæппæресгин разамунддæттæг. Берæ æнзти дæргъи разамунд фæллæвардта Беслæни фиццаг скъолайæн. Æ куст цæйбæрцæбæл æнтæстгин адтæй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма аци ахургæнæндонæ иссæй нæ республики тæккæ нимаддæртæй еу.

Æноси цуппæрæймаг хаййæй фулдæр кæми бакосай, еци рауæн дин, æнæмæнгæ, исуодзæнæй куд дуккаг хæдзарæ æма дæбæл æнæ уомæй дæ фæлладуадзæн  бон дæр ниддаргъ уодзæнæй. Æма, зæгъун æнгъезуй, Беслæни фиццаг астæуккаг скъола Сæбанти Тæрхъанæн æцæгæйдæр адтæй æ дуккаг хæдзарæ. Растдæр ба уотæ зæгъун уодзæнæй, æма, æ уарзон бийнонти хæццæ   кæми цардæй, еци хæдзарæ, æма, кæми куста, еци скъола дæр æмбæрцæ-æмхузон хецон ин адтæнцæ.  Фулдæр хæттити сæхемæ, сæ хæдзари, айдагъдæр æхсæвеуат æркæнидæ. Скъолай ба фæууидæ сæумицъæхæй ба – изæри талинги уæнгæ. Уæхæн рæстæг дæр ибæл уидæ, æма æ цæуæти  бони  рохсмæ дæр  нæ фæууинидæ.

Уомæн æма хъæбæр бæрнон гъуддаги лæуд адтæй – дæс æма инсæй анзей дæргъи разамунд фæллæвардта Беслæни тæккæ агъазиаудæр æма нимаддæр скъолайæн. Тæрхъан уогæ фæстаг æнзти скъолайæн директор нæбал адтæй æ карæмæ гæсгæ,  дæс æма ибæл цуппаринсæй анзи минкъий гъæуагæ цудæй, фал еу усмæ дæр æнæ скъола нæ лæудтæй, гъуддаг дæр æй неци адтайдæ, уотемæй сабур къахдзæфтæй рараст уидæ æ дуккаг хæдзарæмæ, тургъи фæррацо-бацо кæнидæ, бацæуидæ медæмæ скъоламæ дæр, æ цæстæ радаридæ цæрдæг æма игъæлдзæг сабийтæбæл, бонхуарз зæгъидæ ахургæнгутæн, уæдта фæстæмæ сабур къахдзæфтæй раздæхидæ.

Тæрхъан кæд игургæ Беслæни нæ ракодта, царди рохсмæ æ ниййергутæн Киристонгъæуи (нури Дигорай) фæззиндтæй, уоми рагъомбæл æй, уæддæр æ зæрдæ ба баст адтæй Беслæнбæл, ами цæрæг дзиллæбæл. Æма ин ами дæр зæрдиагæй агъазиау аргъгонд цудæй. Уобæл дзорæг æй е дæр, цæйбæрцæбæл арфиаг си адтæнцæ скъолай коллектив дæр, ами ахурдзаутæ, уонæн сæ ниййергутæ.

Уобæл дзорæг æй е дæр, æма ’й алли анз дæр сæрмагондæй байагориуонцæ ахури нæуæг анзи райдайуни фæдбæл арæзт кадгин мадзалмæ. Уотæ адтæй 2004 анзи дæр… Еугурæйдæр сæхе бæргæ цæттæ кодтонцæ еци хатт дæр бабæй сæ еумæйаг бæрæгбон  зæрдæмæдзæугæй рарветунмæ. Тæрхъан дæр хуæрзарæзтæй, сæумæй æрбацудæй скъоламæ. Æгæр раги цуд ин фæцæй, фал нæ батухстæй, æрзилдæй скъолай бæстихæйттæбæл –  æркастæй  кълæстæмæ, нæуæг ахури анзмæ куд цалцæггонд æрцудæнцæ, ахургæнæн кълæстæ куд ефтонг æнцæ гъæугæ техникон фæрæзнитæй, уобæл бацийнæ кодта.


Устур Фидибæстон тугъди рæстæг кæрæй-кæронмæ æхсаргинæй фæттох кæнгæй немуцаг-фашистон лæгсирдти нихмæ, капитан СÆБАНТИ Тæрхъан уæлахезонæй исæздахтæй æ фидиуæзæгмæ. Æма уæлахезонæй фæхъхъиамæт кодта ирæзгæ фæлтæртæ гъомбæл кæнуни къабази. Тæрхъан æ уарзон скъолай æверхъаудзийнади рæстæг кæд фæммард æй, уæддæр нæ зæрдити байзадæй Уæлахезонæй, уомæн æма еци фудбæлах исаразæг нуриккон лæгсирдти нихмæ æрлæудтæй æхсаргинæй, æ нифс æма уоди федардзийнадæй си тухгиндæр разиндтæй.


 

Ке зæгъун æй гъæуй, еци фарстатæ рагæй нæбал хаудтæнцæ раздæри директормæ, фал куд исахур æй, уомæ гæсгæ еци ахсгиаг гъуддæгутæй æхе еуварс нæ ласта, фæндадтæй æй зонун, ци ес хуарзæй дæр æма къулумпидзийнадæй дæр скъолай.

Уæдмæ мадзал райдайуни рæстæг æрхъæрттæй,  скъолай урух тургъи æрбамбурд æнцæ ахургæнгутæ, сабийтæ сæ ниййергути æма хæстæгути хæццæ. Кæд æма скъоладзаутæ айдагъ сæхуæдтæ фарастсæдей бæрцæ адтæнцæ, уæд сæ хæццæ ’рбацæугути хæццæ ба зингæ фæффулдæр æнцæ.

Зæронд ахургæнæг, скъолай раздæри директор, ходæндзастæй æ цæстæ радардта æригон фæлтæрбæл, ахургæнгутæбæл, ниййергутæбæл æма ин сæ фæууиндæ устур æхцæуæндзийнадæ лæвардта… Тæрхъан не ’хсæн ку нæбал æй, уæд ма ’й кутемæй базондзинан, цæбæл расагъæс кодта еци рæстæг. Фал ин æ зæрдихатт зонгæй ба, нæ бон æй уотæ зæгъун, æма уæд æ гъудитæ, æвæдзи, адтæнцæ кæстæрти туххæй: «Куд хуарз æй, мадта, æригондзийнадæ!.. Æз дæр адтæн æригон, фал мæ догæ мæгурдæр адтæй, абони ба сабийти цард райдзаст æма сабур æй. Амонд æма æнæфидбилизæй багъомбæл уæнтæ, Иристонæн аккаг хъæболтæ куд исуонцæ!..»

Уæд дин еу усми  Тæрхъан фæккомкоммæ ’й, æнай-æнойти скъолай тургъи тæрæгбæхæй ка исмедæг æй, еци циуавæрдæр æнахур адæммæ. Хуæдтолгæй æргæппитæ кодтонцæ æд тохæнгæрзтæ, сæ цæсгæнттæ цидæр къимбустæй æмбæрзт… Фехститæ кодтонцæ уæлдæфмæ автоматтæй, уотемæй адæми медæмæ скъолай спортивон зали ’рдæмæ ’схуститæгæнгæй тæрун райдæдтонцæ. Зали дуæрттæ сæмæ æгæр унгæг фæккастæнцæ æма ма сувæллæнтти къæрæзгитæй дæр медæмæ гæлстонцæ.

Тæрхъан, цардæй фæлтæрд адæймаг, уайтæккæ балæдæрдтæй, скъоламæ æрæмбурд адæми террористтæ амæнæти ке райстонцæ, уой.

Куд тугъдон лæг, уотæ   балæдæрдтæй, адæм ци устур фудбæлахи бахаудтæнцæ, уой дæр. Тугъди цæхæри æ райдайæнæй ба æ кæронмæ знаги нихмæ ка фæттох кодта, еци лæг æй куд нæ зудта, æвуд адæми нихмæ тохæндзаумау ка райста, уони æррадзийнадæ цæйбæрцæбæл тæссаг æй, цæйбæрцæбæл фидбилизтæ исараздзæнæнцæ, уой.

Сæбанти Тæрхъани е ’мкосæг ахургæнгути, гъомбæлгæнуйнæгтæ æма уони ниййергути хæццæ террористтæ æртæ бони æма дууæ æхсæвей дæргъи ци æвадуат æма тухст уавæрти фæддардтонцæ, тохæнгарз æма рæмодзæн æрмæгæй ефтонг спортивон зали син цитæ  бавзарун кодтонцæ, уони радзорунæн ка исбæззидæ, уæхæн дзурдтæ еунæг æвзаги дæр нæййес. Уоййасæбæл æверхъаудзийнадæ адтæй.

Амæнæти æ хæццæ ци адæм адтæй, уонæй ка райервазтæй, етæ имистонцæ,  Тæрхъан каргун уогæй, куд фæразон æма хъайтарæй æвдиста æхе. Нæ син уодæнстæй террористтæн сæ æгъатир, сæ гъæддаг миуæ, курдта си, цæмæй исуæгъдæ кæнонцæ адæми фидбилизæй, батæрегъæд кæнонцæ сувæллæнттæн, раттонцæ син дон, хуæруйнаг. Фал курухон номдзуд лæги уайдзæфтæ нæ багъардтонцæ террористтæмæ, айдагъдæр ин загътонцæ, рацæргæ лæг дæ æма, дан, дин дæхе уæгъдæ кæнæн, зæгъгæ. Фал зæронд ахургæнæг, æ сæрмæ  не ’рхаста сувæллæнтти разæй æ уод багъæуай кæнун.

Æма еци гъезæмарæ уавæрти æхсаргинæй хаста æ уарзон скъолай фудбæлахи бахауæг ахурдзаути ’хсæн æ царди сæйрагдæр, гъулæггагæн, фæстаг урок – лæгдзийнади æма уодфедардзийнади урок. Ниффæразта еугур зинтæн æма уомæй нифсдæттæг адтæй иннетæн дæр.

Куд хъæбæр тæрегъæд кодта ирæзгæ сабийтæн дон æма хуæруйнаг гъæуагæй спортивон зали зæрдæгъартæ ка кодта, уонæн. Зæронд ахургæнæг æ фæлмаст цæститæ залбæл радаридæ, уазал пъолбæл дæр сæхе радаргъ кæнунæн бунат кæмæн нæ фагæ кодта, еци сувæллæнттæ хъурæй-хъурмæ  сæ кæрæдзебæл сæхе къолтæ кодтонцæ. Тæрхъан лæдæрдтæй, хуссæггъæуагæ æма æстонгæн сæ бухсундзийнадæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр ке кодта. Уой уингæй,  æхе зинтæ лæдæргæ дæр нæ кæнгæй, катай кодта, фидæ æ бæдæлттæн куд тæрса, уотæ син тарстæй фидбилизæй.
Æгъатир, мæнгард террористти цæстингаси Сæбани-фурт уидта æгæрон æнæуинондзийнадæ минкъий Иристони ирæзгæ фæлтæрмæ. Æндæра  цæй туххæй  сæбæл æрхъола ’нцæ террористтæ, ци син кодтонцæ еци æвуд адæм, цæмæн нæмæ лæборунцæ тохæнгарзи хæццæ, æнагъон сабийтæмæ, силгоймæгтæй циуавæр маст есунцæ?

Ка ’й зонуй, æ еци гъудити хæццæ æ зæрдæбæл æрбалæууиуонцæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæгутæ. Уæд немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тох кæнгæй, æхе цæститæй фæууинидæ, цъамар знаг цæйбæрцæбæл фудмиутæ исаразидæ æвуд адæмæн, куд нæ тæрегъæд кæниуонцæ нæдæр зæрæндтæн, нæдæр сабийтæн. Фал уидæ уæхæн цаутæ дæр, æма знæгтæй кадæртæ сувæллони нæ рамардтайуонцæ, æ дзоли кенæ сæкæри хай стонг советон сувæллæнттæн лæвардтонцæ. Уæд скъола ка байахæста, етæ циуавæр тогцъух адæмтæй равзурдæнцæ.

Идардмæуинагæ æма зæрдæй зонагæ адтæй курухон зæронд ахургæнæг Сæбанти Тæрхъан. Минкъий имисуйнæгтæ нæ адтæй æ царди. Советон цардарæзтбæл фудæбонгинæй кæд еске æхе равдиста, уæд уонæй  сæ еу – Тæрхъан багъæуай кодта устур Советон Цæдес 1941-1945 æнзти немуцаг фашисттæй, исæздахтæй уæлахези хæццæ, æ бæгъатæрдзийнади туххæй ба хуарзæнхæгонд æрцудæй къуар ордени æма майданемæй.

Еци фидбилизи бæнтти Сæбанти Тæрхъан бадт фæцæй рæмодзæн æрмæги бунмæ. Фал уомæй уæддæр æхецæн нæ тарстæй. Зæронд лæгæн е ’ уæнгти ма нерæнгæ адтæй бухсундзийнадæ, бæгъатæрдзийнадæ, фудголтæн нихкъуæрд дæттунгъон дæр адтæй æ циргъ æма зундгин загъдæй.

Æ мæтæ æма ауодундзийнадæ сувæллæнттæбæл адтæй, уонæн тарстæй. Се ’хсæн адтæнцæ æхе бæдоли бæдæлттæ – Санетæ æма Алинæ дæр сæ мадæ Алети хæццæ. Куд æй фæндадтæй æ минкъий хорти æ дæларми æрбакæнун, сæ фæлмастдзийнадæ син æхемæ райсун. Æма кæд цъухи дзурдæй, уарзæгой цæстингасæй æ рæвдудгъæуагæ нæ адтæнцæ, уæддæр имæ е фагæ нæ кастæй, бæлдтæй тагъддæр сувæллæнтти исуæгъдæ кæнунмæ, сæ фæрнуг хæдзæрттæбæл  сæ исæмбæлун кæнунмæ.

СÆБАНТИ Тæрхъан æ фурт Азамати кизгуттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) Санетæ æма Амини хæццæ.

Гъулæггагæн, еци бæлдæ амæнæти бахауæг адæмæн сæ еугуремæй нæ исæнхæст æй. Террористтæ исрæмугътонцæ спортивон зал æма Беслæни фиццаг скъолай бæстихæйттæ æд адæм царæфтуд бацæнцæ.

Фиццаг исрæмугъди бабун æй Тæрхъан, æ царди фулдæр æнзтæ ци скъолайæн иснивонд кодта, фæстаг къуар анзи ба пенсий уогæй дæр, рæстæгæй-рæстæгмæ æхе райерхæфсунмæ кумæ цудæй, еци ахургæнæндони террористти къохæй æ мæлæт иссирдта. Хуцауæй арази, æма  æ бæдæлтти бæдæлттæ,  сæ мадæ, Тæрхъанæн æ дзæбæх киндзи хæццæ содзгæ скъолайæй уодæгасæй ке райервазтæнцæ. Æнæнезæй, амондгунæй цæрæнтæ…

Дуйней исконди сосæгдзийнæдтæ раргом кæнунбæл недзамантæй ба нури уæнгæ , æма ин æ сосæгдзийнæдтæ раргом кæнунбæл циуавæр устур ахургæндтæ ба нæ архайунцæ, фал син нерæнгæ нецима уоййасæбæл æнтæсуй. Фал ни уæддæр æруагæс кæнуй, мæрдти бæсти хуæрзæригон æвуд уодтæн уодæнцойни цардиуагæ ке разиндзæнæй, е. Æма нæ Исфæлдесæгæй корæн, цæмæй, Беслæни ци æверхъаудзийнадæ æрцудæй,  уоми ка бастъалдæй, уонæн дзенети рохсдæр рауæн куд исаккаг кæна, æртæ боней дæргъи уоййасæбæл гъезæмæрттæ бавзаргæй мæрдти бæстæмæ ка банæхстæр æй, еци сувæллæнттæ сæ номдзуд ахургæнæг Сæбанти Тæрхъани хæццæ дзенети уодæнцойнæдзийнадæй æнхæстæй хайгин куд уонцæ.

*  *  *

СÆБАНТИ Тæрхъан адæмуарзон адтæй, æма ’й адæм дæр рæстзæрдæй уарзтонцæ, аргъ ин кодтонцæ, бæрзонд цæстиварди сæмæ адтæй. Уомæн æвдесæн æй, Беслæни фубæлахи фæдбæл зундгонд журналист КÆБОЙТИ Мурат (гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…) ци киунугæ «Плакал дождь холодными слезами» бацæттæ кодта, уоми мухургонд æрмæгутæ, сæ еу – Тæрхъани синхæнтти финстæг. Æма ’й мах дæр абони мухур кæнæн. 

 

Æ ЦАРД АДТÆЙ ЗАРИ ХУЗÆН: ХУÆРЗЗÆРДÆ ÆМА ÆХСАРГИН

Тæрхъан… Аци ном кæд æма абони хъæбæр æстæн æй æма ’й ефстагмæ фегъосдзæнæ, уæддæр Беслæни цæргутæн хуарз зундгонд æй. Уомæн æма син æримисун кæнуй, хъæбæр хуарз ке зудтонцæ æма  зæрдтагонæй-зæрдтагондæр син ка  адтæй, еци адæймаги – Сæбанти Гæбулий фурт Тæрхъани.

Кæд æма ’й Беслæни зудтонцæ куд курухон хестæр, кæддæр сæрустур кæмæй адтæнцæ, нур ба нин, 2004 анзи сентябри си ци æверхъаудзийнадæ ’рцудæй, уой фудæй хъонцгæнæн ка иссæй, нæ сахари еци фиццаг скъолай директор. Махæн ба Тæрхъан нæ уарзон æма нæ хъазар синхон адтæй.

Баба – уотæ ’й худтан фурбоцæй фæсаууонмæ.  Æма е хумæтæги нæ адтæй – цæй туххæй æй уарзтайанæ æма ин аргъ кодтайанæ, уæхæн менеугутæй ба ма æгæрдæр адтæй хайгин. Сæбанти хæдзарæмæ естигор бацо, уæд дæ ревæдæй некæд рауагътайуонцæ. Лæмбунæг дæмæ байгъустайдæ Тæрхъан, уæдта ци курдтайсæ, еци дзаумау агорунбæл фæццалх уидæ уайтæккæдæр. Ескæмæн ести хуарздзийнадæ ракæнунæй бæрзонддæр имæ неци кастæй. Мадта ин ци æхцæуæн уидæ, куд Устур Фидибæстон тугъди архайæг, уотæ ин ци рæуæг хуæдтолгæ «Ока» балæвар кодтонцæ, уобæл æ фурти фурт адæми ескумæ куд раласæ-баласæ кодта, уомæ кæсун дæр.

Сæбанти Гæбулий фурт Тæрхъан ахид æримисидæ, æ раздæри ахурдзаутæй дууей, нуртæккæ бунæтти косгутæ «Горгаз»-и дуармæ куд исбуцæу æнцæ, сæ раздæри  директори æ хæдзарæмæ си ка баластайдæ, уобæл, еци хабар. Æма исхаудтæй, æ хуæдтолги бадæнтæ фæлмæндæр кæмæн  адтæнцæ, уой халæ.

–  Дзæгъæли нæ фæццардтæн еунæг бон дæр, уомæ гæсгæ ба нецæбæл дæн фæсмойнаг,– ахид ракæнидæ уотæ.

Æма æ дзубандитæ цудæнцæ зæрди арфæй. Уомæн æвдесæнтæй ба сæ сæйрагдæр æнцæ æ зæнæг: Фатимæ,  Ларисæ æма Азамат. Сæ еугур дæр адæми тонхи рацудæнцæ, хуæрзæгъдау, адæми ’хсæн кадгин, нимади.

Сæбанти Тæрхъани байвардтонцæ, Беслæни фудбæлахи ка фæммард æй, уони хæццæ «Изæдти Сахари».

Тæрхъан цæйбæрцæбæл лæдæргæ æма хуæдæфсармæ адæймаг адтæй, уомæн ба æвдесæн æй, æ бийнонти ’хсæн куд курухонæй æвдиста æхе, е дæр.

– Алетæ, бахатир кæнæ, мæ зæруай æма æнæхъаурæдзийнади дæумæ ке ’рхаудтæн, уомæй, – ахид зæгъидæ æ киндзæн.

Тæрхъанæн æ цардæмбал Софья, Бесолти Александри кизгæ, гъулæггагæн, æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1995 анзи. Куд нæ æрхун кодтайдæ рацæргæ лæг. Уой  æ кæстæртæ дæр куд нæ лæдæрдтайуонцæ, уомæ гæсгæ ба ибæл уæлдай æновудæй ауодудтонцæ. Уæлдайдæр ба æ киндзæ Алетæ, Гасинти Бариси кизгæ. Хъæбæр боз си адтæй Тæрхъан.

Æстæн адæймæгутæй  фегъосдзæнæ нуртæкки доги уæхæн дзурдтæ. Цума æхе кизгæмæ æхе бахатидæ, уæхæн гъæлæси уагæй дзоридæ æ хæццæ. Æма ести незæй ку батухсидæ зæронд лæг, уæд Алетæ æхецæн бунат нæбал еридæ. Уогæ Тæрхъан сæйгитæ ахид нæ кодта, уæдта ’й уомæ евдæлгæ дæр нæ кодта, уомæн æма æ зæнæги раст надбæл æрлæуун кæнуни ихæс æ рагъбæл адтæй. Изæйрон гъар æхсæвти гъæунги синхæнттæ ку æрбамбурд уиуонцæ, уæд Тæрхъан дæр сæ размæ рацæуидæ æма сæ дзубандимæ гæсгæ бунати ку уидæ æма ку федауидæ, уæд æ киндзи хуарзи кой æнæракæнгæ нæ фæууидæ, растауидæ ’й, бæрæг адтæй цæйбæрцæбæл си боз æй…

Тæрхъан фæммард æй 3 сентябри æ уарзон скъолай медæгæ, æ царди фулдæр æнзтæ кæмæн иснивонд кодта, уоми. Уой  размæ дууæ бони æма дууæ æхсæвей дæргъи нифситæ лæвардта æ кæстæртæн, сувæллæнттæн, ма тæрсетæ, бомбитæ æцæг нæ ’нцæ, нæ фехæлдзæнæнцæ, зæгъгæ. Бæргæ æцæгæйдæр уотæ ку рауадайдæ…

Ци хъæбæр нин нæ фагæ кæнис, нæ уарзон хестæр æма синхон… Ходæн бæнтти бæсти нæ синхмæ æрхæндæгдзийнадæ æрбакъахдзæф кодта. Некæмæй ни æруагæс кæнуй, гъæунгæмæ нæ размæ ке некæдбал рацæудзæнæ, е.

Æцæг бæгъатæри хузæн дардта æхе Тæрхъан еци бæнтти, бомбæ ку исрæмугъта, уæд æ реуæй нимбарзта Къесати Наташæ æма æ фурт Аслани. Наташæ куд зæгъуй, уотемæй еци бомби æсхъеуæццæгтæй гъæуама мах фæммард адтайанæ, фал еци цæфтæ æхемæ райста Тæрхъан… Фæммард æй…