27 декабря 2024

«ФÆДЗÆХСУН УИН: НИЙЙЕРГУТÆБÆЛ ТУХСЕТÆ…»

09.09.2023 | 23:40

Расул ГАМЗАТОВ. Æ финст æмдзæвгитæй мухур кæнæн еуцалдæр, нæ маддæлон æвзагмæ тæлмацгондæй.

МАДДÆЛОН ÆВЗАГ

 

Фун алкæддæр лæги æфтауй десбæл.

Æз фæууидтон фун: мæ мæлæт мæмæ æрцудæй.

Мæ уод æз истон еу тæвдæ бони æмбесбæл

Дæгестани, нæмуг мæ реуи адтæй.

 

Хæлхæлæй уадæй хуæнхаг сауæдонæ мæ цорти.

Нæ гъудтæн неке, феронх кодтонцæ мæн…

Хуссун æнцад мæ райгурæн зæнхи дортæбæл

Æма – рæхги мæ мард сикъити уодзæнæй.

 

Цума мæлун æма мин неке зонуй

Ме ’сæвди хабар, – нæбал игъусуй мæ гъæр,

Æрмæст ниууасунцæ цæргæстæ бæрзондæй

Æма ниннæтунцæ хъуазтæ ба кæмидæр.

 

Æма кæуæг мæнбæл нæ зиннуй абони,

Æригонæй æдзард ке фæдтæн æз, –

Нæдæр мæ мадæ, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,

Нæййес, нæййе, не ’гъусуй гъарæнги гъæлæс.

 

Гъе уотæ мардтæн, цардæй кодтон хецæн.

Æваст дин игъосун: Адæм мæмæ æмвахс

Æрбацæунцæ æма кæунцæ сæхецæн

Раст ме ’взагбæл – авайрагау, – дзубанди.

 

Ку игъустон дзорун маддæлон æвзагбæл,

Уæд кодтон æз æгас, уолæфгæ – фагæ.

Уæд балæдæрдтæн: мæ хуасæгæнæг æй рагæй…

Ка? Дæсни? Дохтур? – маддæлон æвзаг!

 

Ес уæхæнттæ, сæ нези хай син райсуй

Кедæр æвзаг, – ду уонæй нæ дæ.

Æма кæд ме ’взаг фесæфдзæй исон,

Уæд абони æз мæлæтмæ дæн цæттæ.

МÆРЗОЙТИ Сергейи тæлмац

 

МАХÆЙ ХУЫЗДÆР

 

Лæгмæ хуыздæр цы ис бæллиццæй –

Фæкæнæм цардизæр йæ кой:

Цæмæй нæ байзæддаг нæхицæй

Хуыздæр, парахатдæр цæрой,

 

Æрдæг цин нæ – æххæст сæ цин уæд,

Сæ фæндтæ – мах фæндтæй хуыздæр,

Сæ уарзты уæд фылдæр лæгдзинад,

Куы уарзой махау тынг, уæддæр.

 

Æхсæв уæд адджындæр сæ фынæй

Фыдæлты бонцъæхон фынæй.

Сæ улæфт сабыр уæд тæлфынæй.

Куыд сабыр – назты къох бынæй.

Фæлæ канд улæфын циу удæн! –

Уадз, хистæр намысыл тыхсой.

Уадз, мах куыд фыстам, уымæй уыдон

Бæрзонддæр сагъæстыл фыссой.

 

Цæсгом бæрзонд æгъдауæн сисæнт,

Æмæ сын зын куы уа, уæддæр

Рæстдзинад уарзæнт æмæ хизæнт,

Цыбырæй: махæй уæнт хуыздæр.

ПЛИТЫ Грисы тæлмац

 

ЗАРÆГ

 

Тар æхсæвы дымгæ ниуы…

Рудзынг хостау… Цымæ чи у?

Уый уарын, ды нæ дæ.

Чидæр бавзæрста йæ тыхтæ,

 

Æмæ кæрты дуар ныттыгъта, –

Уый у дымгæ, ды нæ дæ.

Раздæхти йæ балцæй цотмæ,

Фыд æмæ сыл цинтæ кодта, –

 

Уый у уарын, ды нæ дæ.

Урс кæрцы фæзынд нæ баба,

Хæхтыл урс мит арф куыд бада, –

Уый у зымæг, ды нæ дæ.

 

Хъызт мæ судзы, судзы хур дæр, –

Цæссыгтæ нæ сысынц мурдæр, –

Басур сæ кæн, зарæг, ды.

Ацыд уалдзæг, ацыд сæрд дæр,

 

Фæлæ не схъомыл ис мæ зæрдæ.

Схъарм æй кæн æрмæстдæр ды.

МАМСЫРАТЫ Дæбейы тæлмац

 

НÆ ХÆХХОН ФÆНДÆГТЫЛ

(Зарæг)

 

Нындзыг ысты хæхтæ сæ тызмæг фæлгæтты,

Дон донмæ ыскодта йæ тахт.

Нæ хæххон фæндæгтыл, нæ хæххон фæндæгтыл

Ызгъоры мæ хæдтулгæ тагъд.

Ныппака фæйнæрдæм мæ хæлары нымæт,

Йæ саулохыл уадау тæхы.

Фæндаг мын æвæстиатæй ратты мæ лымæн,

Салам ын зæрдæйæ зæгъын.

Мæ фæндаджы гæххæтт – мæ худы дыдагъы,

Мæ зæрдæйыл – бафтыди рох.

Мæ уарзон куы цæры хæххон хъæу Хунзахы,

Бæрзонд хæхты астæу – уæлхох.

Куыд тагъд кодтон иу бон нæ бынатмæ, афтæ

Мæ фæндаг ныссуйтæ, ныддаргъ

Æмæ дын фæстагмæ æнæнхъæл куы бафтин

Чысыл хъæуы цурмæ, йæ ном та – Хунзах.

Мæхи ма ныр абон æнæвгъау цы хæрын,

Кæд иугæр мæ хуыссæг фæлыгъд?

Æнæсæттон фидар чызгай йæхи ’нхъæлы,–

Æмæ йæм куы нæ ис ысдзырд.

Хæдтулгæйы, марадз-зæгъай, æмæ бады,

Йæхи дын кæд хизы мæнæй

Æмæ ма фæзæгъы: чызджы, дам, йæ рады

Фыццагау æскъæфæнтæ нæй.

КОКАЙТЫ Тотрадзы тæлмац.

 

*  *  *

Нæ мæ хъæуынц уæ дохтыр æмæ хос,

Ыстæй сымах – йæ мад ма ’гас кæмæн у –

Мæнæн кæнат ныфсæвæрæн ныхас, –

Нæ хъæуы, нæ: уæддæр зындзæн йæ мæнг уд.

 

Нæ дæн мæсты, нæ уæ кæнын зылын,

Фæлæ зæгъут: цы пайда и уæ тыхстæй?

Мæнæн дæр искæй тыхст хæссын зын уыд,

Кæдмæ мæ мад йæ ингæнмæ ныххызти.

 

Ныр чи нал и, уый нал уыдзæн мæнæн, –

Æз куыд кæуон, ды дæр ку афтæ мемæ –

Фæлтау, мæ бон, ныййарæджы мæт кæн,

Æрбалæуу йе ’нцой а дзыллæты ’хсæн,

Дæ сихорыл æй абадын кæн демæ.

 

Ныййарæджы мæт кæн, – æз курæг дæн, –

Рæвдау æй абон, райсом дæр, иннæбон.

Кæннод куы уай зæронд æмæ æнæбон

Дæхи хæрдзынæ уæд – æлгъит-иу мæн!

 

Æз нал æрбадын боныгон æнцад,

Æхсæв æваст фæгæпп кæнын мæ хъæрмæ:

Цыма мæм дзуры дард ранæй мæ мад,

Йæ хъæлæс мæм æрбайхъуысы: «Мæ хъæбул!..»

 

Ныр мæм цæут, сæргуыбырæй лæуут,

Уæ лæудæй ц› и? – уый бафтыди æнустыл.

Фæлтау хуыздæр: уæ хæдзæрттæм цæут,

Фæдзæхсын уæ: ныййарджытыл тыхсут,

Рæвдаут сæ æрвылбон дæр, тыхсут сыл!

ХУЫГАТЫ Сергейы тæлмац

 

*  *  *

Фæкæсынц нæм рагмæрдтæ дардæй,

Нæ фезмæлдмæ дарынц сæ хъус –

Куы ’рлæууæм æрхуымæй, æнкъардæй

Сæ рагон цыртыты уæлхъус.

 

Ис бирæ фарн ивгъуыд фæлтæртæм…

У рæстæг мысинæгты зæй…

Æрцæуынц та æгæстæ мæрдтæм,

Цæмæй сын æркувой сæрæй!

 

Æз ме ’гъдау нæ уаин æххæстхъом,

Нæ-иу цæуин арæх ныфсгур, –

Куы разынид чъизи мæ цæсгом

Мæ мадæн йæ сурæты цур!

 

Уæд бон дæр, изæр дæр, æхсæв дæр –

Æз уæлмæрдтæй айсын мæхи –

Æнкъарын: фæдæн та сыгъдæгдæр,

Мæ зæрдæ дзы арфдæр фæци…

 

Фыдохджын фæкæуы, фæниуы, –

Ысуадзы йæ хъыгты æрхуым.

Нæ мæрдты раз аххосджын чи у,

Фæхъары йæ тæригъæд уым.

 

Æз бирæ бæстæтыл фæцыдтæн!

Нæ уæлмæрдты дардæй уынын:

Мæ сæнтты нæ рагон цыртытæн

Сæ галиуварс арæх лæууын!..

ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандры тæлмац