27 декабря 2024

НÆХЕ РАСУЛ

09.09.2023 | 23:55

Расул Гамзатови финст æмдзæвгæ æма уобæл Ян Френкели арæзт зар «Хъурройтæ» ку фегъосæн, уæд уайтæккæдæр нæ цæстити рази февзуруй, Гæздæнти æдзард тугъдон æнсувæремæн Дзиуаригъæуи ци номерæн циртдзæвæн æвæрд æй, е. Циртдзæвæни рази æрлæугæй адæймаги зæрдæбæл уайтæккæдæр æрбалæууй еци æмдзæвгæ-зар…  Еци зар игъустгонд æй дуйней алли рауæнти дæр æма иссæй, Фидибæсти сæрбæлтау æ цард ка иснивонд кодта, уони уодрохсдзийнади æвдесæндзийнадæ. Махæн, нæ республики дзиллæн ба ма е иссæй Цæгат Иристони æма Дагестани ’хсæн æнгом хеуондзийнади æвдесæнгæнæг, Расул ба нæ адæмæн иссæй хуæдæнсувæри хузæн, уогæ æхуæдæг дæр æй ахид иской кæнидæ, Иристон ин æ райгурæн Дæгестани хузæн зæрдтагон ке æй, уой.

Советон доги дæр æма æбони дæр номдзуд авайраг поэт, публицист æма æхсæнадон архайæг Расул Гамзатовæн агъазиауæй кадæгонд цæуй. Уомæн ирд æвдесæн æй е дæр, æма нæ паддзахади разамонæг Владимир Путини сæрмагонд бардзурдæй аци анз Уæрæсей нимад æрцудæй куд Расул Гамзатови Анз. Фидибæсти ’рдигæй бæрзонд цитгингонд цудæй: æ рæстæги ин исаккаг кодтонцæ Социалистон Фæллойни Бæгъатæри ном, иссæй Ленинон æма берæ æндæр агъазиау премити лауреат, хуарзæнхæгонд æрцудæй паддзахади нимаддæр хуæрзеугутæй. Етæ ин цитгин куд нæ адтайуонцæ, фал ин уæлдай зæрдтагон ба адтæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон премий лауреат ке иссæй (лæвæрд ин æрцудæй 2003 анзи). Уомæн æма ку зæгъæн, Иристон дессаги зæрдтагон уарзтæй уарзта, хонидæ ’й «устур поэттæ æма алæмæти тугъдонти бæстæ…» Уæлдай цæстиварди ба имæ Къоста адтæй: «Он – мой личный поэт, он – поэт моего народа! У каждого человека есть наследственная любовь и приобретенная любовь. Коста Хетагуров для меня – и то и другое. Я его знал почти с семнадцати лет. В 1939 году мой отец по зову Коста Хетагурова впервые был в Осетии. Отец влюбился в него, перевел стихи осетинского поэта на родной язык. Они пролетели над моим аварским аулом, и в моей сакле было тепло и светло от стихов Коста. Потом я сам был на юбилее Хетагурова. По его зову каждый раз бываю в Осетии. Это явление удивительное. Каждый народ имеет свой Эльбрус и свой Казбек в области поэзии. Коста – мост между ними и самая высокая гора, всеобщая гора…»

Еугур еци фæззелæнтæ зæрдæбæл даргæй, æхсæзæймаг сентябри Расул Гамзатови райгурдбæл сæдæ анзи ке исæнхæст æй, уой нæхецæн æнæмæнгæ исæнхæст кæнуйнаг ихæсбæл банимадтан, æма ин æ рохс ном æримисун, исцитгин æй кæнун, махмæ ин ци кадæ æма нимайундзийнадæ ес, уой нæ равгитæмæ гæсгæ алливæрсондæрæй бавдесун. Уомæ гæсгæ нæ газети абониккон номери æрмæгутæн сæ фулдæр уой фæдбæл æнцæ.

 

Расул ГАМЗАТОВ

ХЪУРРОЙТÆ

Мæнмæ кæсуй хатгай, цума салдæттæ, –

Ка не ’сцудæй тогæйдзаг будуртæй,

Аци зæнхи не ’рхустæнцæ кæддæрти, –

Фал уорс хъурройтæ ’ссæнцæ æмбурдæй.

 

Еци дзамантæй етæ нури уæнгæ

Тæхунцæ ’ма дзорунцæ асæстæй,

Кæд уотæ арæх ’ма æнкъардæй, уомæ гæсгæ,

Мах нигъгъос уæн, уæлæрвтæмæ кæсгæй?

 

Абони, изæрмелтæбæл, хъурройтæ,

Уинун æз, куд тæхунцæ мегъи раст.

Адæм уогæй, будурти ма гъеууотæ

Етæ хаттæнцæ, не ’халгæй сæ баст.

 

Етæ æмраст тæхунцæ сæ даргъ надбæл,

Райгъусуй кедæр нæмттæ сæ хъуртæй,

Кæд уомæ гæсгæ хъурройтæн се ’взаг дæр

Æнгæс даруй авайрагмæ муртæй?

 

Тæхуй, тæхуй фæллад цорк арви мали,

Бони кæрони мегъи æй æ тахт.

Еу мингий цох дæр ес балæн æ хали,

Ка ’й зонуй, ’ма е ба æй мæн бунат!

 

Еу бон растдзæй, – хъурройбалæн æ хæццæ

Гъеуæхæн цъæх тари ранайдзæн æз дæр.

Маргъæй дзордзæн уæлæрвтæй сумах нæмттæ, –

Ке уи ниууагътон зæнхæбæл кæддæр.

СКЪОДТАТИ Эльбруси тæлмац