21 декабря 2024

АЙЙЕВАДÆ

09.09.2023 | 23:53

Ирон театри азгъунст бундоронæй райаразуни туххæй курдиадæ лæвæрд æрцудæй Уæрæсей культури министрадæмæ. Нерæнгæ ба театр æ куст æнхæст кæнуй æ равгитæмæ гæсгæ. Æ 88-аг театралон сезон байгон кæндзæнæй 22 сентябри. Уодзæнæй си æхсæз нæуæг спектакли: «Дууадæс къелай» (И. Ильф æма Е. Петрови романмæ гæсгæ), «Овод» (Э.Л. Войничи романмæ гæсгæ), «Гæздæнти æнсувæртæ» (Кокайти Тотрадзи пьесæмæ гæсгæ), «Мамаша Кураж» (Бертольд Брехти пьесæмæ гæсгæ), «Сау лæппу» æма «Мæ зæрдæмæ ныккæс» (Айларти Асæхмæти пьеситæмæ гæсгæ). Арæзт ма ’рцæудзæнæнцæ Уатати Бимболат æма Хугати Сурени имисæн изæртæ æма Айларти Асæхмæти юбилейон изæр.