БÆРЗОНД АРГЪГОНД ГУÆЦÆЛТИ ХАДЖИМОРАТÆН Æ ÆНОВУД ХЪАЗАУАТИ ФÆДБÆЛ
Уæрæсей Президент Владимир Путин Кади гæгъæдийæй исхуарзæнхгин кодта Цæгат Иристони муфти, Пусулмон дини управлений сæргълæууæг Гуæцæлти Хаджиморати. Аци бæрзонд хуæрзеуæг ин нæ бæсти разамонæг исаккаг кодта, адæмти æма динти ’хсæн рахастдзийнæдтæ хуæздæр кæнунмæ устур æвæрæн ке хæссуй, уой туххæй.
Гуæцæлти Хаджиморат нæ республики пусулмон æхсæнадæн разамунд дæттуй 2010 анзæй нурмæ. Æма еци рæстæги ин æ æмархайгути хæццæ æнтæсуй берæ аллихузон арфиаг мадзæлттæ аразун. Уонæн сæ еугурей нисанеуæг дæр æй, дзиллити уодиконди хуарздзийнадæ аразунмæ тулавастдзийнадæ федар кæнун, алли адæмихæттити æма фæйнæ хузи динтæ æнхæстгæнæг адæймæгути рæстзæрдæй кæрæдзей хæццæ хæларæй æма кæрæдзей нимайгæй цæрунмæ разæнгард кæнун.
Е ’новуд æма рæстуодæй фæллойни туххæй Гуæцæлти Хаджиморатæн устур кадæ ес айдагъ нæ республики нæ, фал Уæрæсей æндæр рауæнти – куд пусулмон æхсæнади медæгæ, уотæ иннæ динти минæвæртти ’хсæн дæр. Уомæн, ку зæгъæн ирд æвдесæн æй, нæ бæсти Президент ин уæхæн бæрзонд хуæрзеуæг ке исаккаг кодта, е дæр.
Æма мах дæр зæрдиагæй арфæ кæнæн Хаджиморатæн, нæ зæрдæ ин зæгъуй федар æнæнездзийнадæ, уоди фæразондзийнадæ, цæмæй æ рæстуодæй берæ хъиамæттæ уонцæ æнтæстгин, рæстмæ кæнонцæ райдзастдзийнадæй.