21 декабря 2024

«КÆНДЗИНАН УÆДДÆР БЕРÆ ÆНЗТИ МАХ Æ НОМЕРÆН ЗАР!..»

30.09.2023 | 21:09

Уотæ загъд ес Махъоти Алихани туххæй зартæй еуеми. Æма æцæгæйдæр уотæ ’й – æхсаргин тугъдон, Советон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Амурхани фурт Алихани рохс ном дзиллæ цитгинæй имисунцæ, æ номерæнæн ци берæ зартæ финст æрцудæй – айдагъ уонæй нæ, фал ма ин æндæр агъазиау мадзæлттæй дæр. Æ райгурæн Чиколай æ ном хæссунцæ гъæуи сæйрагдæр гъæунгтæй еу æма фиццаг астæуккаг скъола, кæций тæккæ бацæуæни фарсбæл ба федаргонд æй æ номерæн къæйдорæйгонд мемориалон фæйнæг. Уæхæн фæйнæг æвæрд æй, Алихан Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл дæр. Фарæ сæрди Чиколай тугъдон намуси Аллейи æвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Алихани Намуси ордени æнхæст кавалертæ Хъалати Семени, Юрченко Иосифи æма Едзати Æхсарбеги бюсттæ.

Æма мæнæ æрæги ба ма арæзт æрцудæй еума  номерæн мадзал. Алихан Чиколай кæми райгурдæй æма гъомбæл кодта, еци цæрæнуати хæдзари фарсбæл цитгин уавæри æвæрд æрцудæй æ номерæн къæйдорæй конд фæйнæг. Аци арфиаг гъуддаг исаразунбæл зæрдиагæй байархайдта зундгонд амалгæнæг Хъарати Ибрагим – куд Алиханæн е ’мгъæуккаг, уотæ си хъæбæр сæрустур æй æма ’й æхецæн ихæсбæл банимадта æ ном ин никки исцитгиндæр кæнун.

Махъоти Алихани туххæй нæ газети кæд берæ хæттити финстан, уæддæр уотæ банимадтан æма бунати уодзæнæй абони дæр бабæй æрмæг ниммухур кæнун. 

Махъоти Алихани туххæй нæ газети ци берæ аллихузон æрмæгутæ мухургонд æрцудæй, уонæй уæ еуей хæццæ нæуæгæй зонгæ кæнæн. Уой дæр уомæ гæсгæ, æма ин, еуемæй, Чиколай æ фидиуæзæги хæдзари фарсбæл къæйдорæй мемориалон фæйнæг сагъд ке ’рцудæй, уæдта Цæгат Кавказ немуцаг-фашистон æрдонгтæй исуæгъдæ кæнунбæл цуппаринсæй анзи ке исæнхæст æй, уомæ гæсгæ. Махъой-фурт ба еци уæлахезон гъуддаги берæ лæгдзийнæдтæй фескъуæлхтæй. Е ’мтохгæнæг Иван Свиридов, болкъон, 295-аг фестæгæфсæддон дивизий штаби раздæри хецау æ имисуйнæгти уотæ финста: «Махъой-фурти тугъдон над, зæгъун æнгъезуй, райдæдта немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ Кавкази уорссæр хуæнхти тугъдтити, æма цифуддæр знаги дæрæн кæнгæй, сауæнгæ Берлини уæнгæ бахъæрттæй…»

Æма мах дæр нæ дзубанди Махъоти Алихани туххæй идайæн Цæгат Иристон немуцаг-фйашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни тугъдтити хабæрттæй, зундгонд æфсæддон архайæг æма ахургонд Мурити Дадо æ1рæстæги Махъой-фурти туххæй ци очерк ниффйинста, уомæй пайда кæнгæй…

 

…Чикола знаги æфсæддон хæйттæ байахæстонцæ 1942 анзи фæззæги. Батальони командир æрæмбурд кодта æфсæддонти æма син гъуддаг лæдæрун кæнуй:

– Мах базонун гъæуй, немуц циуавæр хъауритæй архайуй, сæ штаб кæми æй æма сæмæ идарддæр ци фæндæ ес, уой. Уони ку исбæлвурд кæнæн, уæд нин æнцондæр уодзæнæй æрбалæборгути хæццæ тохун.

Махъоти Алихан æ бунатæй фестадæй æма загъта:

– Мæн рарветæ тъасхи.

Командир деси бацудæй:

– Æма ду тъасхæгæнæг ку нæ дæ, фал пулеметæйæхсæг, уомæй дæр роти командир.

– Гъо, пулеметæйæхсæг дæн, фал æз еугуремæй дæр хуæздæр исæнхæст кæндзæнæн тъасхæгæнæги куст, – загъта Алихан, – уомæн æма ардигон дæн, Чиколай райгурдтæн, ами ахур кодтон скъолай.

– Е æндæр гъуддаг æй, ами бунæттæ, æвæдзи, хуарз зонис… Цæй, куд? Лейтенант Махъой-фуртæн бабарæ кæнæн аци ихæс? Тугъдон командир ке æй, уой нæ еугурдæр зонæн.

Æцæгæйдæр, уæди агъоммæ Алихан тухтæй Хонсайраг æфсади хæццæ, архайдта Цæгат Кавкази, Фæскавкази фронти, нур ба æ райгурæн гъæумæ æрбахаудтæй. Ардигæй 1940 анзи бацудæй ахур кæнунмæ Орджоникидзей фестæг училищемæ.

…Изæрæй Махъоти Алихан е ’мбæлтти хæццæ, тохæндзаумауæй ефтонг уогæй, багъузтæй Ирæфи билæмæ, е ’скæсæйнаг билгæрæнтти сосæггай багъузтæй Чиколайæй минкъий изолдæр Дзæгъепбарзмæ, æ них исаразта æ зонгæ зæронд ахургæнæги хæдзарæмæ. Тъасхæгæнгутæ хæдзари алливарс сæхе баримахстонцæ, Алихан дуар гъавгæй бахуаста.

– Кæци дæ? – райгъустæй медæгæй нæлгоймаги гъæлæс.

– Хеуæнттæ ан, байгон кæнæ дуар, – нидæн гъæлæсæй дигоронау загъта Алихан. Дуар сабургай байгон æй. Зæронд ахургæнæг æфсæддонти ку фæууидта, Алихани ба ку базудта, уæд æ десæн кæрон нæбал адтæй.

– Ду дæ, Алихан? Кæцæй фæдтæ?

– Фæстæдæр дин лæмбунæг радзордзæнæн хабæрттæ. Нур ба хъæбæр æнæевдæлон ан. Дæ агъаз нæ гъæуй. Гъæуи знæгтæ кæми æрæнцадæнцæ?

– Æрбадайтæ, фæйнæ комидзаги искæнетæ…

– Нæ, рæстæг махмæ не ’нгъæлмæ кæсуй.

Ахургæнæг син радзурдта: знаги афицертæ æма æфсæддонтæ æрбунат кодтонцæ скъолай азгъунсти. Гъæуайгæстæ æрæвардтонцæ аллирдигæй, сæ бацæуæнтæ æхгæд æнцæ.

Алихан ин райарфæ кодта, хуæрзæхсæвæ загъта зæрондæн æма скъолай æрдæмæ фæннæхстæр æнцæ, цæугæ-цæун унаффæ рахастонцæ: ниццæвун гъæуй гитлеронти. Скъоламæ хæстæг бацудæнцæ, гъæуайгæс автомати хæццæ дууердæмæ куд рацо-бацо кодта, уой саудалинги æрæстæфтæнцæ. Дууемæй фæстети багъузтæнцæ æма ’й фæссабур кодтонцæ. Дууæ-æртæ минуттей фæсте ба гъуддаг конд адтæй. Махъой-фурт е ’мбæлтти хæццæ æрбаздахтæй штабмæ, уацари ци афицерти райста, уони бунатбæл исæмбæлун кодта, ци документтæ байста знагæй, уонæй базудтонцæ немуци пълæнттæ. Аци цауи туххæй лейтенант Махъоти Алиханæн лæвæрд æрцудæй фиццаг хецауадон хуарзæнхæ – майдан «За боевые заслуги».

Немуц Иристони зæнхæбæл берæ нæ фæххаттæнцæ. Сурх Æфсади хæйттæ син бæрзæйсæттæн цæф никкодтонцæ æма ледзæги фæцæнцæ. Бæгъатæрæй тухтæй 295-аг æхсæг дивизий рæнгъити Махъоти Алихан, иннети хæццæ уæгъдæ кодта сахартæ Нальчик, Пятигорск, Кисловодск, Ессентуки, Армавир, Краснодар. Махъой-фурт, батальони командир уогæй, уæззау цæф фæцæй, фал æ хаййи байзадæй, æхе дзæбæх кæнунмæ некумæ бакумдта.

Еуафони æсгаргутæ фегъосун кодтонцæ, станцæ Трудолюбовки знаг тухгин ке æрфедар æй, уой туххæй.

Дивизий командир болкъон Филатов фæдздзурдта, цæмæй равзаронцæ нимпурсунмæ сæрмагонд къуæрттæ. Еци къуæрттæй еуей сæргъи æрлæудтæй хестæр лейтенант Махъоти Алихан. Æ къуари разæй æрæвардта дзармадзантæ, уотемæй станцæмæ балæбурдтонцæ æма сæ бон бацæй немуци расорун уордигæй. Лæгдзийнадæ æма æхсарæ ке равдиста, уомæ гæсгæ Алиханæн лæвæрд æрцудæй Сурх Турусай орден.

1944 анзи советон æфсæддонтæ цæугæдон Днепрбæл бахезунмæ сæ уод гъардтонцæ. Знаг фæстæмæ цудæй, фал Каховкæ æма Херсони рази ба нихкъуæрд лæвардтонцæ махонтæн. Цæугæдони иннæ фарс немуц федæрттæ исаразта æма уони ниддæрæн кæнунбæл адтæй сæ тох Махъоти Алихани батальони æфсæддонтæн. Аци рауæн Днепри уæрхæ ’й дууæ километремæ хæстæг, никки ба ма Украини еци уалдзæг уарунгун фæцæй æма цæугæдон æ билгæрæнттæй ракалдæй. Алихани багъудæй бæлæгътæ агорун, уони фæрци æнцондæрæй байервæздзæнæнцæ æхсæвигон дони иннæ фарсмæ.

Цубур рæстæги фæсте Алихан фегъосун кодта уæлдæр командиртæн: æ батальон цæттæ æй нимпурсунмæ. 13 мартъий æхсæвигон бæлæгъти банакæ кодтонцæ тъасхæгæнгутæ, сапертæ, пулеметæйæхсгутæ, сæ хæццæ – Алихан дæр. Æхсæвæ райдæдта уарун, кодта думгæ, талингæй æгириддæр неци зиндтæй. Знаг æрбалæборунæй нæ тарстæй, уæхæн рæстæг ка тохуй, уæлдайдæр ба уæхæн цæугæдони сæрти ка бандеудзæнæй. Цæугæдони нигулæнмæ ку бахъæрттæнцæ, уæд бæлæгътæ фæстæмæ иннетæмæ рарвистонцæ, Алихани къуар ба, гъуддагæн ка неци лæдæрдтæй, еци фашисттæбæл ралæудтæнцæ, бæгънæгутæй фæйнердæмæ лигъдæнцæ æма сæ мæлæт ирдтонцæ.

Уотемæй æнæгъæнæ дивизи донуордæг фæцæй æма знаги басастонцæ.

Арæхстгин разамунд ке лæвардта Днепри сæрти бахезунбæл, уæдта лæгдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй Махъоти Алихан Амурхани фурт ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми унаффæмæ гæсгæ 1944 анзи 3 июли хуарзæнхæгонд æрцудæй Ленини орденæй.

Не ’фсæдтæ размæ æмпурстонцæ. Бахизтæнцæ цæугæдæнттæ Хонсайраг Буг æма Днестрбæл. Алихани æфсæддонтæй еу дæр нæ фæгъгъудæй, лæвардта дæсни разамунд æма ин лæвæрд æрцудæй Фидибæсти тугъди фиццаг къæпхæни орден.

1944 анзи сæрди не ’фсæдтæ искæдзос кодтонцæ гитлеронтæй Украини нигулæн районтæ æма сæ них исаразтонцæ Европи иннæ бæститæ исуæгъдæ кæнунмæ. Советон Æфсад фиццагидæр æ агъази къох кæмæ бадардта, е адтæй Польшæ. Ами дæр Махъоти Алихани батальон æхе лæгигъæдгунæй равдиста, фиццæгти хæццæ бахизтæнцæ цæугæдон Вислæбæл æма пурхæ кодта фашистти. Алихан бабæй фæццæф æй, нæ кумдта госпитæлмæ, фал си берæ тог ке фæккалдæй, уомæ гæсгæ ба ’й æвæстеуатæй исæмбæлун кодтонцæ дохтиртæбæл. Госпитæли уогæй берæ хæттити æхе курдта тугъди будурмæ æма фæстагмæ исæнхæст æй æ курдиадæ: нæуæгæй æрвист æрцудæй фронтмæ.

– Майор Махъой-фурт, уæ бæрнæхсти уогæй, идарддæр цæттæ æй е ’фсæддон службæ хæссунмæ! – раст æрлæудтæй æхсæн полкки командири рази.

– Идарддæр службæ зæгъис, – бафарста дæлболкъон Чайка æма имæ лæмбунæгдæр бакастæй. – Мæнмæ гæсгæ, кæмидæр фембалдан.

– Гъо, фембалдан. Æз дæр аци дивизий тухтæн, æцæг æндæр полкки.

– Мах дивизий? Кæми? – десхузæй бафарста Чайка.

– Гъуди кæнис Нальчик, станцæ Добролюбовкæ, Херсон?

– Гъо, гъо, гъуди кæнун. Ду уæд командæ кодтай раззагдæр батальонæн. Раззæгти хæццæ бахизтæ Днепр, Буг, Днестри сæрти. Дæу туххæй еци рæстæг берæ дзубанди цудæй… Нæма феронх дæ, разæй куд цæун гъæуй, уой? Нур дæр дæ разæй ка цæудзæнæй, уæхæн батальони сæргъи ниввæрдзинан, æвæдзи, – загъта Чайка æма Алихани дзуапп æ зæрдæмæ фæццудæй:

– Е хæстæгдæр тугъди рабæрæг уодзæнæй.

Æма, æцæгæйдæр, Чайки мæйæ æмæ æрдæги фæсте курдиадæ финсун багъудæй, цæмæй Махъоти Алиханæн Советон Цæдеси Бæгъатæри ном раттонцæ, уой туххæй. «1945 анзи 26 мартъийæй 2 маймæ цæугæдон Одери рази ци мæлæтдзаг тох цудæй, уоми Алихан равдиста æхе æндиудæй, тæккæ уæззаудæр уавæр ку исæвзурдæй, уæд Махъой-фурт гранатти басти хæццæ æ фазæбæл бабурдæй, æ хæццæ иннæ сурхæфсæддонтæ дæр æма цубур рæстæгмæ знаг тугъди будури ниууагъта аст содзгæ танки, сæ размæцуд уорæд æрцудæй. Цубур рæстæгмæ бабæй фашисттæ нæуæгæй æрбалæбурдтонцæ. Карз тохи фæсте Махъоти Алихани батальон нæуæгæй фæстæмæ рагæлста немуцаг æрдонгти. Бони æмбесмæ авд хатти нихкъуæрд æрцудæй немуцæн. Изæрæй гитлеронти дууæ фестæг полкки, 50 танки сæ разæй, уотемæй нæуæгæй æрбампурстонцæ фиццаг батальонбæл, фал сæ гъавд нæуæгæй фæссикк æй. Майор Махъой-фурти дæсни разамундæй, æ лæгигъæдæ æма æхсари фæрци æ бон бацæй знаг бауорамун».

Фæстæдæр фæццæф æй, фал æ тохун нæ ниууагъта, æ батальонæн Берлини гъæунгти тохгæй, лæвардта дæсни разамунд, байахæстонцæ вокзал æма сахари цуппар квартали.

«Берлини тугъдтити батальонæн æмбæлгæ хузи разамунд ке лæвардта Махъоти Алихан, æхсарæ æма лæгигъæдæ ке равдиста, уой туххæй Махъоти Амурхани фурт Алихан æй Советон Цæдеси Бæгъатæри номи аккаг», – финста полкки командир Чайка. Еци фæндони фарс рахуæстæй фæндзæймаг æфсади командæгæнæг инæлар-болкъон Н.Э. Берзарин, фиццаг Белоруссаг фронти командæгæнæг Советон Цæдеси Маршæл Г.К. Жуков. Æма 1946 анзи 15 майи ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указмæ гæсгæ Махъоти Алиханæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Уæлахезонæй исæздахтæй Иристонмæ æма хъазауатонæй бавналдта ихæлд хæдзарадæ æ къæхтæбæл ислæуун кæнунмæ. Ами дæр кæддæриддæр адтæй фæнзуйнаг, раззаг, æгъдаубæлхуæст адæймаг.

 

Махъоти Алихани æ уосиатмæ гæсгæ байвардтонцæ, Чикола немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй уæгъдæ кæнуни тугъдтити æ тугъдон æмбæлттæй ка фæммард æй, етæ кæми æвæрд æнцæ, еци Æнсувæрон уæлмæрдти Чиколай уæлбилæ – мæнæ уæлдæр ци къарæ мухур кæнæн, уоми æ фæсте зиннуй еци уæлмæрдти æвæрд еумæйаг циртдзæвæн…