23 ноября 2024

МÆГУР ЦАЛИНМÆ ГЪÆЗДУГИ МУЛК НИМАДТА…

30.09.2023 | 21:02

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй ауæхæн загъд: «Мæгур цалинмæ гъæздуги мулк нимадта, уæдмæ цирагъ ниххустæй…» Æма уотæ нæй?.. Уогæ цирагъ кæд ниххустæй, уæддæр кедæрти гъæздугдзийнæдтæ ба бæрæгæй зиннунцæ æма, æвæдзи, уомæ гæсгæ ба æнцæ нæ бæлдитæ дæр. Æма циуавæр гъуддæгутæ æнцæ уæлдай сагъæссагдæр уæрæсейæгтæн, уой фæдбæл дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Левадæ-Центр* исаразта æрфарст мæнæ ауæхæн фарстати фæдбæл (дзуæппитæ лæвæрд цæунцæ проценттæй).

  • Инфляци (æргъти ирæзт) – 53%
  • Коррупци æма гæртанесундзийнадæ – 29%
  • Нигулæни хæццæ нихмæлæуд – 29%
  • Сæрмагонд æфсæддон операци – 29%
  • Пенсимæ рацæуни карæ фæббæрзонд – 27%
  • Адæми фулдæр хаййи мæгурдзийнадæ – 25%
  • Медицинон лæггæдтæй пайда кæнуни кадавардзийнадæ – 22%
  • Æндæр рауæнтæй æрбацæугути, мигрантти æрбагулф – 21%
  • Цардиуагон фарстатæ (цæрæнуати æдзæллагдзийнадæ, æнæравги уавæртæ, ипотекæ…) – 20%
  • Æгустдзийнади ирæзт – 19%
  • Наркоманий ирæзт – 19%