27 декабря 2024

КАДÆЙ ЦИТГИН  – Æ ЦАРДВÆНДАГ

14.10.2023 | 12:34

Нæ райгурæн Иристони кадгинæй намусгингæнæг ка адтæй æма абони дæр æй, уонæй æнцæ нæ æхсаргин æфсæддон архайгутæ. Уомæ гæсгæ си боз æма сæрустур ан. Уонæй еу адтæй Мæрзойти Василийи фурт Станислав дæр. Нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма е Уæрæсей æфсæддон анзфинсти æрахæста тæккæ аккагдæр бунат. Æ фидæ Василийи – е адтæй нæ фидибæстон æфсади болкъон – бафæнзгæй, Станислав равзурста æфсæддон карнæ. Хумæтæг рæнгъон æфсæддонæй райдайгæй, иссæй болкъон, 58-аг æфсади командæгæнæги хуæдæййевæг. Устур кадæ ин адтæй, куд нимадтонцæ, уотемæй иссайдæ нæ бæсти раздзæуæгдæр балхонтæй еу… Фал… Æ цардвæндаги тæккæ тæмæни е ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй, æверхъауæй фæммард æй… хуæрзæригонæй, цудæй ибæл æдеугурæй фараст æма дууинсæй анзи.

Æзинæ, 13 октябри Мæрзойти Василийи фурт Станислави райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма æртинсæй анзи (1953-2002).