27 декабря 2024

КУСТУАРЗОН ЛÆГ БОНÆНДÆДÆР НÆ ЗОНУЙ…

14.10.2023 | 12:42

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма Уæрæсей транспорти министр Виталий Савельевæн æрæги ци кустадон фембæлд адтæй, уой рæстæг æрдзубанди кодтонцæ Цæгат Иристони нæдти идарддæри райрæзти фарстатæбæл. Сæйраг æргом здæхт æрцудæй Ногири бунмæ Терки сæрти хеди арæзтадæмæ. Уой исаразунæн багъæудзæнæй федералон бюджети агъаз. Нуртæккæ куст цæуй æ проект æма хæрзти гæгъæдитæ бацæттæ кæнунбæл.

Дзубанди ма цудæй нæдти инфраструктури æндæр ахсгиаг фарстатæбæл дæр. Нисангонд цæунцæ дууæ устур проекти – «Дзæуæгигъæу – Æрæдон – Чикола – Лескен 2»-и  нади арæзтадæ æма над «Гизæл – Хъæрмæдон – Дæргъæвс – Дзиуаригъæу»-и райарæзт.

Уомæй уæлдай ма дзубанди кодтонцæ аэропорт «Дзæуæгигъæу»-и ирæзтбæл, Дзæуæгигъæу æма Мæскуй ’хсæн уæлдæфон балцигæнæн гъуддаг нури рæстæги домæнтæмæ гæсгæ фæррæвдзæдæр кæнунбæл.

*  *  *

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн Уæрæсей Президент Владимир Путини хæццæ æрæги ци фембæлд адтæй, уоми рахаст унаффитæ æвæстеуатæй æнхæст  кæнунбæл гъæугæ куст райаразуни туххæй Хецауади кезуйаг æмбурди бæлвурд ихæстæ бæрæггонд æрцудæй профилон министрадти разамонгутæн.

Нæ республики финансти министрадæ федералон министради хæццæ цубур рæстæгмæ гъæуама бакосонцæ Беслæни фидбилизи бахауæг адæмæн санаторитæ æма курортти сæхе дзæбæх кæнунæн æхцай фæрæзнитæ фæффулдæр кæнунбæл.

Республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæ гъæуама Фиййагдони поселокки пульмонологон центри райарæзти фарста гъæугæ хузи ралух кæна.

Ногири рази Терки сæрти хеди райарæзти хабæрттæ бабарæ кодта Цæгат Иристони Транспорти æма нæдти гъуддæгути комитетæн. Уæрæсей Транспорти министради хæццæ еумæ еци куститæ гъæуама райдайуонцæ 2024 анзи.

– Фæстеуат кæнун нæбал гъæуй, – загъта Сергей Меняйло. – Кæронмæ фæхъхъæртуй бюджет исфедар кæнуни æмгъуд æма имæ гъæуама хаст æрцæуонцæ, Уæрæсей  разамунди амунддзийнæдтæ æма унаффитæ исæнхæст кæнуни туххæй ци æййивддзийнæдтæ бахæссун гъæудзæнæй, етæ.

Уомæй уæлдай ма республики Сæргълæууæг бафæдзахста, цæмæй аци анзи кæронмæ, нуртæккæ ма аразгæ ке кæнунцæ æма райарæзти уавæри ма ка ’й, еци объекттæ цæттæ куд уонцæ, куститæбæл ба – æхца фист.

Æмбурди архайгути æргом ма Сергей Меняйло раздахта еума ахсгиаг гъуддагмæ – 2024 анзи нæ республики автономий 100 анзей бæрæгбони фæткæмæ ма бахæссун гъæуй никкидæр дууæ зингæ историон цауи – Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни 250 анзи æма сахар Дзæуæгигъæуи 240 анзи. Нæ Культури министрадæ гъæуама фæббæрæг кæна еци гъуддаг, æма гъæугæ хузи исбæрæг кæна, еци æртæ цауи 2024 анзи. Уомæй уæлдай ма бацæттæ кæна Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни 250 анзей бæрæгбони мадзæлттæ Мæскуй.

*  *  *

Ци гъуддæгути фæдбæл цæуй дзубанди, етæ еугурæйдæр ахсгиаг æнцæ. Æма цæмæй гъæугæ хузи арæзт æрцæуонцæ, уобæл бæрнонæй байархайунæй ихæсгин æнцæ, ка сæ гъæуама исараза, етæ. Уой дæр – æвæстеуатæй. Нæ рагфидтæлтæ куд зæгъиуонцæ: «Куст уарзон лæг бонæндæдæр нæ зонуй…»