27 декабря 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ.

14.10.2023 | 12:59

Мæскуй арæзт æрцудæй дуйнеуон форум «Уæрæсей энергетикон къуæре». Нæ бæсти Президент Владимир Путин уоми радзубанди кæнгæй, загъта:

– Куд зонетæ, уотемæй фæстаг мæйти исæмбалдан бензин æма дизелон артаги цæхгæр фæхъхъазардæрбæл. Хецауадæ исаразта мадзæлттæ гъуддаг фæннивæбæл кæнунæн, æргътæ фæстæмæ раздахунæн. Нæуæгæй домун, цæмæй раззагдæр энергокомпанитæ сæйрагдæрбæл нимайуонцæ фидибæстаг фæлхасгæнгути артагæй бафсадун. Хецауадæй ба корун, цæмæй архайуонцæ гъуддаг къулумпити уавæртæмæ ма ’руадзунбæл.

Форуми архайдтонцæ Цæгат Иристони минæвæрттæ дæр, сæ сæргъи нæ республики разамонæг Сергей Меняйло, уотемæй.

*  *  *

Гъæууон рауæнти цæрæг силгоймæгти Æхсæндуйнеуон бони (бæрæггонд цæуй 15 октябри) кадæн Дзæуæгигъæуи аграрон университети арæзт æрцудæй цитгингæнæн мадзал. Еци бæрæгбон цæмæй исфедудта, еци хуарздзийнæдтæй еу иссæй: аллихузон къабæзти косæг силгоймæгтæй уæлдай хъæбæрдæр ка фескъуæлхтæй, уони  нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис исхуарзæнхгин кодта Арфи гæгъæдитæй.

*  *  *

Куд нисангонд цæуй, уотемæй 2024 анзи тæккæ райдайæни фулдæргонд æрцæудзæнæй фæццæрунæн фæрæзни тæккæ минкъийдæр бæрцæ – кæд æма нуртæккæ æй 16 мин 240 соми, уæд исуодзæнæй 19 мин 242 соми (18,5% фулдæр).

*  *  *

Зундгонд куд æй, уотемæй Уæрæсей Президент Владимир Путини фæндæй, Беслæни теракти гъигæдард ка баййафта, уонæн æхцай фæрæзнитæй агъаз кæнуни бæрцæ фæффулдæр уодзæнæй. Æма нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис Уæрæсей финансти министради бюджети ’хсæн рахастдзийнæдти департаменти директор Ларисæ Ерошкина æрæги сæ фембæлди рæстæг куд бадзубанди кодтонцæ, уотемæй еци адæмæн амæйфæстæмæ санаторитæ æма курортти хе дзæбæх кæнунæн дехгонд цæудзæнæй раздæри 30,4 миллион соми нæ, фал 57,6 миллион соми. Еци агъазæй испайда кæнун сæ бон уодзæнæй 520 адæймагемæн (раздæр ба уони бæрцæ адтæй 336 адæймаги). Аци унаффæ æ хъаури уодзæнæй 2030 анзи уæнгæ, раздæр ба ’й нисан кодтонцæ 2026 анзи уæнгæ.