НАРКОМАНИЙ ФИДБИЛИЗÆЙ ЕРВÆЗТ УОДЗИНАН ЕУМÆЙАГ АРХАЙДИ ФÆРЦИ!..
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг БИТАРТИ Вячеслав си сæрдареуæг кодта, уотемæй адтæй Наркотикти æнæзакъон зелдохи хæццæ тохи сæрмагонд республикон къамиси æмбурд. Къамиси иуонгтæ æрдзурдтонцæ аци анзи кусти рагагъоммæ бæрæггæнæнтæбæл, уæдта фæббæлвурд кодтонцæ федæни анзи архайди сæйраг фарстатæ.
Дзубандий архайдтонцæ Цæгат Иристони Парламенти Сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Иристон-Аланий сæйраг федералон инспектор Келехсати Владимир, Къамиси аппарати разамонæг Луизæ Лебедева, видеоконференций бастдзийнади фæрци – министрадтæ, барадæгъæуайгæнæг оргæнти æма æхсæнадон организацити разамонгутæ.
Æмбурди радзубанди кодта Цæгат Иристони Медгъуддæгти министради Наркотикти зелдохмæ цæстдарди управлений хецау Хинцæгти Нодар. Е лæмбунæг æрлæудтæй, сæрмагонд оперативон-профилактикон операци «Мак-2020» республики куд æнхæстгонд цудæй, уобæл. Æнæзакъон зелдохæй ист æрцудæй зайæгой наркотикон бауæргъæдти 46 килограмми.
Уомæй уæлдай, барадæгъæуайгæнæг оргæнти косгутæ рабæрæг кодтонцæ, гъæддаг гæни къотæртæ кæми задæй, уæхæн 87 бунати (сæ еумæйаг фæзуат – 28 гектари). Еугур еци бунæттæ дæр наркотикон зайæгойтæй æд бунтæ ракæдзос кодтонцæ. Хинцæгти Нодари дзубандимæ гæсгæ, операций мадзæлттæбæл косгæй, Медгъуддæгти министради службæгæнгутæ æнгон æмархайд кодтонцæ, фарстамæ бардарæг иннæ ведомствитæ æма барадæгъæуайгæнæг оргæнти минæвæртти хæццæ. Хинцæги-фурт куд бафеппайдта, уотемæй еци еумæйаг æнгон æмархайд хуæрзæрдæмæ ахедуй исæвзургæ уавæрбæл.
Аци фарстабæл дзубанди раизолдæр кодта Рахесфарси райони сæргълæууæг Фрайти Сослан. Е дæр лæмбунæг радзурдта, операци «Мак-2020»-и фæлгæти райони ци куст бакодтонцæ, уой туххæй. Æ дзубандимæ гæсгæ анзи дæргъи сæрмагонд косæг къуæрттæ рабæрæг кодтонцæ, гъæддаг гæнæ кæми задæй, уæхæн бунæтти 25 гектари. Абони уæнгæ еци бунæттæ наркотикон зайæгойтæй ракæдзос кодтонцæ.
Лухкæнуйнаг фарстатæн хатдзæгтæ кæнгæй, Битарти Вячеслав куд фæннисан кодта, уотемæй наркотикти нихмæ профилактикон кустмæ здахун гъæуй фæсевæди æргом. Æ дзубандимæ гæсгæ, фæсевæди минæвæрттæй кæд ескæмæн зундгонд æнцæ наркотикти æнæзакъон зелдохи цаутæ, уæд етæ уой туххæй гъæуама æвæстеуатæй игъосун кæнонцæ барадæгъæуайгæнæг оргæнтæн.
Наркотикон бауæргъæдти æнæзакъон зелдохи нихмæ республики дзиллон информацион фæрæзнитæ ци рохситауæн куст кæнунцæ, уой туххæй адтæй æ дзубанди Цæгат Иристони мухури æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæтбæл Комитети сæрдар Фидарати Юрийæн.
Фидари-фурт куд радзурдта, уотемæй комитети рази арæзт æрцудæй сæрмагонд экспертон къамис.
Еци структури иуонгтæ бæстон аргъ искæнунцæ наркотикти æнæзакъон зелдохи нихмæ информацион æрмæгутæн. Уомæй уæлдай, Комитети сæрдари дзубандимæ гæсгæ, наркотикти æнæзакъон зелдохæн гæрæнтæ æвæруни паддзахадон программи фæлгæти. Уой фæлгæти косун райдæдта сæрмагонд Интернет-портал «Живой город». Аци бæнтти хигъд æрцæудзæнæнцæ наркотикти æнæзакъон зелдохи нихмæ социалон плакатти республикон конкурси бæрæггæнæнтæ дæр.
Комитет æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ аразунцæ æндæр мадзæлттæ дæр, цæмæй адæммæ лæмбунæгдæр хъæртонцæ, наркотикон бауæргъæдтæ адæймаги æнæнездзийнадæ æма цардæн цæйбæрцæбæл тæссаг æнцæ, уæдта еци фæрæзнити æнæзакъон зелдохæн гæрæнтæ еумæйаг хъауритæй æвæрун ке гъæуй, еци хабæрттæ.
Цæгат Иристони Сæргълæууæг профилон ведомстви разамонгутæн баихæс кодта, цæмæй еци информацион-лæдæрæнгæнæн куст никки фæййахедгæдæр кæнонцæ, уой хæццæ, урухдæр пайда кæнун гъæуй социалон хизæгти фадуæттæй дæр.
Къамиси иуонгтæ сæрмагондæй æрдзурдтонцæ, наркотикон бауæргъæдтæ кæми ес, еци хуастæ афтекти куд уæйæ кæнунцæ, еци уагæвæрд æнаййеппæй æнхæст кæнунбæл дæр.
Федералон агентадæ «Росздрав-надзор»-и цæгатиристойнаг республикон управлений разамонæг Ольгæ Давыдова куд радзурдта, уотемæй афтекти архайди цæстдарди мадзæлттæ æнхæст кæнгæй, сæрмагонд къуари иуонгтæ рабæрæг кодтонцæ аллихузон æгъдауихæлдтитæ. Зæгъæн, хуастæ уæйæ кæнуни уагæвæрдтæ фехалдтонцæ æртæ афтекей косгутæ. Еугур цаути туххæй дæр фудгинтæ административон æгъдауæй æфхуæрд æрцудæнцæ. Уомæй уæлдай, «Росздравнаддзор»-и республикон управлений домæнтæмæ гæсгæ, æхгæд æрцудæнцæ, наркотикон хуастæ кæми уæйæ кодтонцæ 15 уæхæн сайти.
Бони фæтки фарстати фæдбæл дзубанди раидарддæр кодта Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг Томайти Тамарæ. Е куд фæннисан кодта, уотемæй 2018 æма 2019 æнзти еуцæйдæрбæрцæдæр фæмминкъийдæр æй, наркотикон хуастæмæ æмхиц ка ’й, еци адæми нимæдзæ (5,4 процентæй 4,3 процентей уæнгæ). Министри хуæдæййевæги бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, аци анз уæхæн адæми бæрцæ никкидæр ма фæнниллæгдæр æй 3,7 процентей уæнгæ.
Къамиси иуонгтæ куд фæннисан кодтонцæ, уотемæй фарстабæл бæрнон еугур ведомствити минæвæртти æмархайди фæрци уавæр хуæздæрæрдæмæ раййевæн ес.
Æмбурди архайгути докладтæн хатдзæгтæ кæнгæй, Битарти Вячеслав профилон ведомствити разамонгутæн баихæс кодта, цæмæй наркотикти æнæзакъон зелдохи нихмæ куст уа никки ахедгæдæр æма гъомусгиндæр.
Кæронбæттæни æмбурди архайгутæ æрдзурдтонцæ 2021 анзи къамиси кусти рагагъоммæ пълантæбæл.
Цæгат Иристони Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-сужбæ