ЗÆРДРЕСГÆЙ ИН ИМИСÆН Æ РОХС НОМ…
Анзи размæ, æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй БАЛИКЪОТИ Мæхæмæти фурт Тотраз… Нæ Иристони цитгиндæр лæгтæй еу, зундгонд ахургонд, историон наукити доктор, профессор, публицист, æхсæнадон архайæг, сæйрагдæр ба – царди хумæтæгдзийнадæ æ берæ лæгдзийнæдтæй ка исфедаун кæнидæ, адæми рæстуодæй ка уарзта æма адæм сæхуæдтæ дæр зæрдтагонæй ке уарзтонцæ, махæн, республикон газет «Дигорæ»-йи редакций коллективæн не ’мгустгæнæг, нæ уарзон хестæр – гъе уæхæн æцæгæй курухон адæймаг фæгъгъудæй нæ дзиллæй. Æма ма нин хъæбæр берæ рæстæгути хъæбæр берæ гъуддæгути нæ фагæ кæндзæнæнцæ æ курухондзийнадæ, æ алæмæти федауцæ уодиконди менеугутæ.
Баликъоти Тотраз абони кæд не ’хсæн нæбал æй, уæддæр нин цæрæццаг æй æ рохс ном. Абони ба ’й уомæ гæсгæ имисæн, æма сабати, 28 октябри уодзæнæй æ афæйгæндæ (Дзæуæгигъæуи дзæхæрадæнтти æмбæладæ «Иристон»-и, Тæутий-фурти гъæунгæ, 472).
Уой фæдбæл мухур кæнæн Баликъоти Тотрази туххæй æ хуæрзæрдхуард æма æмгустгæнæг Дзидзойти Валерийи уац.