27 декабря 2024

ДЗИЛЛОН БАЙГЪУСТИТÆ

08.11.2023 | 13:05

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Парламент, фæсаууонмæ хузи, «РЦИ-Аланий 2024 æма 2026 æнзти республикон бюджети туххæй» закъони проекти фæдбæл кæнуй дзиллон байгъуститæ. Æ хæццæ базонгæ уæн ес Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Парламенти сæрмагонд сайти, информацион-телекоммуникацион хизæ «Интернет»-и: parlament.alania.gov.ru. Дзиллон байгъустити иуонгтæ исун сæ бон æй республики цæргутæн, Парламенти депутаттæн, республики æма федералон нисанеуæги паддзахадон хецауади оргæнти косгутæн, бунæттон хеунаффæйади минæвæрттæн, æхсæнади косгутæн. Проекти туххæй сæ гъудитæ æма фæндитæ финстæги хузи бадæттæн ес 17 ноябри уæнгæ уæхæн адресбæл: РЦИ-Алани, Дзæуæгигъæу, Сæребари фæзæ, 1-аг хæдзарæ кенæ электронон почтæмæ: komitet_budjet@mail.ru.