11 октября 2024

АБАЙТИ ВАСОЙ НОМЕРÆНÆН

01.09.2020 | 10:15

Куд зонæн, уотемæй 2020 анзи декабри Цæгат Иристони арæзт æрцæудзæнæй устур уæрæсейаг ахургонд, иранист æма этимолог, профессор Абайти Васой райгурди 120 анзей кадæн мадзæлттæ.
Уой фæдбæл æрæги сæрмагонд Указ бафинста Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг БИТАРТИ Вячеслав. Еци Указæй арæзт æрцудæй юбилейон мадзæлттæмæ цæттæгæнæг комитет. Уой сконди æнцæ хецаудзийнади æнхæстгæнæг оргæнти косгутæ, наукон æма æхсæнадон организацити минæвæрттæ.
Фембæлди архайгутæ лæмбунæг æрдзурдтонцæ ахургонди райгурди 120 анзей кадæн мадзæлтти рагагъоммæ пъланбæл. Нæ республики Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-службæ куд игъосун кæнунцæ, уотемæй нисангонд цæуй, берæ аллихузон зонадон-рохсадон æма номерæн мадзæлттæ исаразун. Зæгъæн, Абай-фурти наукон кустити æртæтомон киунуги рауагъд, æригон ахургæндтæ æма студентти наукон-практикон конференци, ахургонди цард æма архайди туххæй лекцити цикл, номерæн уроктæ скъолати, дуйнеуон наукон конференци «Абай-фурти кадæн бакаститæ» æма уотæ идарддæр. Сæрмагонд исфæлдистадон къуæрттæ исесдзæнæнцæ документалон кинонивæ æма бацæттæ кæндзæнæнцæ телеуинунади равдиститæ Васой царди æма наукон исфæлдистади туххæй.
Юбилейон мадзæлтти зингæдæр цау исуодзæнæй, Абай-фуртæн Дзæуæгигъæуи циртдзæвæн ке исæвæрдзæнæнцæ, е.
Цæттæгæнæг комитети иуонгтæ æркæсдзæнæнцæ зундгонд ахургонди юбилей аккаг хузи исбæрæг кæнуни фæдбæл æхсæнади минæвæртти иннæ хъæппæ-рестæ æма фæндæнттæмæ дæр.