АДӔМИ УОДӔНЦОЙНӔН
02.02.2021 | 15:08
Ирӕфи райони Ӕхсӕрисӕри исаразтонцӕ нӕуӕг фельдшерон-акушерон косӕндонӕ.
Финддӕс ӕма ӕртинсӕй квадратон метри кӕмӕн ӕй ӕ еумӕйаг фӕзуат, еци медицинон объект тагъд рӕстӕги искосдзӕнӕй, – зӕгъуй райони Централон сӕйгӕдони сӕйраг дохтир Бесолти Тамерлан. – Бӕстихай технологон уагӕй ефтонггонд ӕй. Стационарӕн си бунӕттӕ нӕййес, фал аци фарста лух кӕндзинан. Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма нисангонд цӕуй аци анз Мӕцути дӕр фельдшерон-акушерон косӕндонӕ исаразун.
***
Нӕ республики Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади къабази абони архайди фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ :
ЦӔМӔЙ ЭПИДЕМИОЛОГОН УАВӔР еугур рауӕнти дӕр ХУӔЗДӔРМӔ ӔЙЙЕВА…