04 октября 2024

АДӔМТӔ КӔРӔДЗЕЙ КУ НИМАЙУОНЦӔ, УӔД ХУЦАУ ДӔР СӔ ФАРС ӔЙ!..

17.03.2021 | 15:45

Абони Дзӕуӕгигъӕуи ӕ куст райдайдзӕнӕй Цӕгат Иристони пусулмӕнтти Уодварнон управлений дзуапдӕттӕн ӕвзарӕн ӕмбурд. Аци ахсгиаг цауи размӕ нӕ республики Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеславӕн адтӕй косӕг фембӕлд Уодварни управлений сӕрдар Гуӕцӕлти Хаджиморати хӕццӕ.

Фембӕлди рӕстӕг бундорон дзубанди цудӕй нӕ республики алли динти ӕма адӕмихӕттити минӕвӕртти ‘хсӕн кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ ӕма федуддзийнадӕ федардӕр уни, еугур цӕргути ӕмзунд ӕма ӕнгомдзийнади фӕдбӕл фарстатӕ ӕнтӕстгиндӕрӕй ӕнхӕст кӕнуни гъуддаг гъомусгиндӕр кӕнуни фӕдбӕл.

Битарти Вячеслав ӕ радзубандий куд фӕннисан кодта, уотемӕй пусулмӕнтти Уодварни управлени ахедгӕ куст кӕнуй ӕригон фӕлтӕри раст гъомбӕладӕбӕл, еудадзугдӕр аразуй аллихузон хуӕрзауодӕн мадзӕлттӕ. Управлений иуонгтӕ агъазгъӕуагӕ адӕмбӕл ауодунцӕ, кӕци адӕмихаттӕй ӕй ӕма циуавӕр динбӕл хуӕст ӕй, уомӕ нӕ кӕсгӕй.

– Нӕ республикӕ алкӕддӕр бӕрӕг дардта ӕ адӕмти кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ ӕма хӕлар рахастӕй. Ӕма еци ӕууӕл нӕ республики гъомусбӕл хуарзӕрдӕмӕ ахедуй, ӕхсӕнади цард кӕнуй сабурдӕр ӕма хузӕнондӕр. Ӕма еци гъуддаги, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ахедгӕ ‘й республикӕ дини ӕхсӕнӕдти, национ-культурон еугӕндти архайд. Цӕгат Иристони пусулмӕнтти Уодварни управлени зингӕ мадзӕлттӕ аразуй, цӕмӕй республики цӕргути уодварнӕ ирӕза, цӕмӕй федардӕр кӕна алли динти минӕвӕртти ‘хсӕн федуддзийнадӕ, – загъта Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг.

Гуӕцӕлти Хаджиморат ӕ радзубандий лӕмбунӕг ӕрлӕудтӕй управлений 2020 анзи кусти бӕрӕггӕнӕнтӕбӕл. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, кӕд коронавируси пандемийи фудӕй исӕвзургӕ эпидемиологон уавӕр еугур цардархайдбӕл дӕр фӕззиндтӕй, уӕддӕр евгъуд анз сӕ размӕ ци нисантӕ исӕвардтонцӕ, уонӕбӕл ахедгӕ куст цудӕй. Уомӕй уӕлдай, Гуӕцӕли-фурт куд фегъосун кодта, уотемӕй 17 мартъий уодзӕнӕй пусулмӕнтти Уодварни республикон управлений дзуапдӕттӕн-ӕвзарӕн ӕмбурд. Уоми ӕвзурст ӕрцӕудзӕнӕй республики муфти хӕстӕгдӕр фондз анземӕн.

Фембӕлди кӕронбӕттӕни Битарти Вячеслав пусулмӕнтти Уодварни управлений разамундӕн арфӕ ракодта, региони хузӕнон цард федардӕр кӕнуни гъуддагмӕ устур ӕвӕрӕн ке хӕссуй, уой туххӕй.