27 июля 2024

АДÆЙМАГ ХУÆЗДÆРМÆ ÆНГЪÆЛГÆСÆЙ ФУДЕВГЕД ДÆР КÆНУЙ…

28.10.2023 | 21:08

Дзиллон цæстингаси Фонди æртасгутæ æрæги уæрæсейæгти ’хсæн ци æрфарст исаразтонцæ, уой сæйраг фарста адтæй: «Фæстаг мæйти дæргъи уæ материалон уавæр уæддæр еуцæйбæрцæдæр фæххуæздæр æй?»

Æма алли дæс уæрæсейагемæй кæд айдагъдæр еу (11%) куд загъта, уотемæй фæстаг дууæ-æртæ мæйей дæргъи æ уавæр фæххуæздæр æй, уæд алли фæндзæймаг адæймаг (22%) дæр уотæ нимайуй, æма фæллæгъуздæр æй. Æрфарст адæмæн сæ цуппæрæймаг хаймæ хæстæг сæ нури уавæр нимайунцæ хуарзбæл (Мæскуй уæхæнтти бæрцæ ’й 30%). Уой хæццæ ба 18% куд нимайунцæ, уотемæй хъæбæр тухст финансон уавæри ’нцæ. Сæ цæрæн фæрæзнитæй уæлдай боз æнцæ фæсевæд, æхцай фæрæзнитæ син ке нæ фагæ кæнунцæ, уомæй ба фулдæр гъаст кæнунцæ 40-60 анзей кари адæймæгутæ. Сæ цардиуагæ хæстæгдæр анзи фæххуæздæр уодзæнæй, зæгъгæ, сæ зæрдæ дарунцæ æрфарст адæми 28%, уой хæццæ 13% ба тæрсунцæ, никки ку фæллæгъуздæр уа, уомæй, 36% ба уотæ æнгъæл æнцæ, уоййасæбæл неци æййивддзийнæдтæ æрцæудзæнæй.