09 майя 2024

АДÆМИ ÆДАСДЗИЙНАДИ УАВÆРМÆ – УÆЛДАЙ ЦÆСТИНГАС

23.12.2023 | 00:40

Нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег æнæнгъæлæги уавæрти æма зингисервæзтитæ ма ’руадзуни фæдбæл арæзт сæрмагонд къамисæн ци æмбурд исаразта, уоми дзубанди цудæй, адæми æдасдзийнади фарстатæмæ зумæги æма Нæуæг анз бæрæг кæнуни рæстæг адæми æдасдзийнади сæрбæлтау æнæмæнгæ ци мадзæлттæ гъæуама арæзт æрцæуонцæ, уой фæдбæл.

Нæ республики æнæнгъæлæги уавæрти паддзахадон управлений разамонæги хуæдæййевæг, цæстдарæг архайд æма профилактикон кусти управлений хецау Дзанайти Павел куд фегъосун кодта, уотемæй, бæрæгбони мадзæлттæн ци фæзуæттæ исбæрæг кодтонцæ, уони еудадзуг бабæрæг кæнунцæ ведомстви косгутæ, уонæми бæрнон косгутæн лæдæрун кæнунцæ зингисервæзтитæ ма æруадзунæн æнæмæнгæ домæнтæ. Медгъуддæгути министради косгути хæццæ аразунцæ сæрмагонд рейдтæ, пиротехникон продукци кæми уæйæ кæнунцæ, еци ’рауæнтæмæ, æнæнгъæлæги сæмæ фæззиннунцæ. Уæхæн цуппар сæрмагонд тукани ес Дзæуæгигъæуи, еу ба – Мæздæги.

Районти разамонгутæн фæдзæхст æрцудæй, объектти æнæнгъæлæги цаутæ ма ’руадзуни туххæй исбæлвурдгонд гъæндзийнæдтæ райеуварс кæнун, уæдта цæмæй скъолатæ æма рæвдауæндæнттæмæ уæлдай бæрнондæр гъосдард æрцæуа.

Æмбурди ма дзубанди цудæй зуймон рæстæг дони объектти адæми хедаруни æдасдзийнади туххæй. Уоми ци куст цæуй, уой туххæй радзурдта æнæнгъæлæги уавæрти министради регионалон управлений дони объектти адæми æдасдзийнади хайади хецау Кудзиати Тамерлан. Уæлдай гъосдард рагацау уодзæнæй, рæхги ка уодзæнæй, еци  Донæй аргъауæни бæрæгбони размæ.

Куд иннæ æнзти, уотæ бабæй нур дæр фæуустурдæр уодзæнæй, Цъæйи туристон кластермæ ци туристтæ ’рбацæудзæнæнцæ, уони нимæдзæ. Æма Уæрæсей æнæнгъæлæги уавæрти министради цæгатиристойнаг агорæг-ервæзунгæнæг къуари хецауи хуæдæййевæг Плити Руслан куд загъта, уотемæй курортмæ надбæл Цъæйдони сæрти хеди уавæрмæ æркæсун гъæуй. Хед арæзт æрцудæй 1969 анзи, 2017 анзи ба, дони æмвæзадæ карз уарунти фæсте ке исбæрзонд æй, уой фудæй æ галеу буцæу тæссаг уавæр исæвзурун кодта.

Цæгат Иристони транспорт æма фæндаггон инфраструктури комитети сæрдар Солити Тариэл куд фегъосун кодта, уотемæй, аци анз специалисттæ хедмæ базилдæнцæ. Фал хед æнæгъæнæй бундоронæй райаразуйнаг æй, æма уомæн фæрæзнитæ ка радех кæндзæнæй, уой исбæрæг кæнун гъæуй. Томайти Ирбег профилон ведомствæн байхæс кодта аци фарстамæ лæмбунæг æркæсун æма хеди уавæрмæ еудадзуг цæстæ дарун, уæлдайдæр – зуймон уавæрти рæстæг.

 

Аци хабæрттæ нин фегъосун кодтонцæ нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ.