09 майя 2024

АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

03.02.2024 | 13:16

Еу мæгур лæг æлдари иуазæгуати æрбахонун исфæндæ кодта.

Рандæй имæ æхуæдæг хонæг. Æлдар ин уотæ:

– Кæд си мæнæй æлдардæр уа, уæд дæмæ нæ цæун.

– Нæ, нæ! – æ уодæй арт исцагъта мæгур лæг.

Æрбацудæй æлдар мæгури къæсмæ. Гъæздуг фингæбæл æй æрбадун кодта. Мийнасæ кæнун райдæдтонцæ. Уалинмæ иннæ уатæй сувæллони кæун райгъустæй.

– Æз  дæ, мæнæй æлдардæр уæмæ ес, зæгъгæ, нæ фарстон?

– Е сувæллон æй, æлдар.

Сувæллон æлдарæй æлдардæр æй, зæгъгæ, æлдар исистадæй æма рацудæй хæдзарæй.

Аци таурæхъ, ка ’й зонуй, фегъустайайтæ, фал уин æй уæддæр уæ зæрдæбæл æрлæуун кодтан – уомæ гæсгæ æма нæ рагфидтæлтæмæ бийнонти федауцæ сувæллæнттæ адтæнцæ. Нури рæстæгути еци зундгиндзийнадæ уоййасæбæл нимади, гъулæггагæн, нæбал æй. Уомæн берæ дæнцитæ ’рхæссæн ес.

Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг еугуруæрæсеуон центр уæрæсейæгти ’хсæн æрæги исаразта æрфарст, бийнонти ’хсæн цал сувæллони уа, зæгъгæ, уой фæдбæл. Ци адæми бафарстонцæ, уонæй алли дуккаг дæр (50%) тæккæ бæлдтагдæрбæл нимайуй берæсувæллонгин бийнонтæ. Сæ зингæдæр хаййи (76%) гъудимæ гæсгæ гъæуама гъæуайгонд цæуонцæ, æма нæуæг фæлтæртæн фæдзæхст цæуонцæ бийнонти цардиуаги æгъдæуттæ, фал кадæртæ ба (20%) уой æнæмæнгæ гъæугæ фæткæбæл нæ нимайунцæ. Æрфарст адæмæн сæ фулдæр хай нимайуй (78%) сувæллæнтти гъомбæладæбæл дзуапдæттæг фиццагидæр бийнонтæ ’нцæ.

Бийнонти цал сувæллони уа, уой фæдбæл ба æрфарст адæм уотæ гъуди кæнунцæ:

Æртæ – 40%

Дууæ – 38%

Æхсæз æма фулдæр – 2%

Еу – 2%

Цуппар кенæ фондз – 8%

Уоййасæбæл нæ гъæунцæ – 5%

Мæ бон неци æй зæгъун – 5%