АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..
Аци загъд алкæддæр ахсгиаг адтæй фæллойнæгæнæг адæймагæн, нури тухст рæстæгути ба ма сагъæссаг дæр иссæй. Еуемæй, алкæмæн кæми ес равгитæ аккаг куст – дæ зæрдæмæ дæр куд цæуа, уæдта дæ хъиамæтæн дæр дин аккаг улупа куд федонцæ. Уомæ гæсгæ ба беретæ цийфæнди кустбæл дæр исарази унцæ, гъома, уæддæр ести уа æхе дæр æма æ бийнонти дæр естæмæйти фæддаруни гæнæнтæ. Уогæ нифс ба нæ нидæндæр кæнуй, æма ни алкедæр бæллуй, исонибони уавæр хуæздæр уодзæнæй, зæгъгæ. Циуавæр улупабæл арази айтæ æнæнцойнибæнттæ æма æнæ фæлладуадзæн рæстæгæй (отпускæй) косунбæл? Уæхæн фарста дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг æртасгутæ равардтонцæ Уæрæсей еугур регионти цæргутæмæ (æдеугурæй – 5000 адæймагемæ). Æма куд рабæрæг æй, уотемæй нæлгоймæгти финансон æнгъæлдзаутæ 24% фулдæр æнцæ силгоймæгти бæлдитæй. Мадта уæддæр циуавæр улупа есун фæндуй адæми: