АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..
19.08.2022 | 15:05
«АМОНДАГОРÆГ ФÆЛЛАЙГÆ НÆ КÆНУЙ…»
Уæхæн фæдзæхст нин нæ рагфидтæлтæй байзадæй. Раст æй аци гъуди, фал адæймаг, æхецæн амонд агоргæй, хуæст ибæл ку нæ кæна, уæд фæллайгæ дæр куд нæ бакæндзæнæй. Æма уой ба, æвæдзи, амондмæ ка бæллуй, уонæй хуæздæр неке зондзæнæй. Уой фæдбæл æхсæнадон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ нæ бæсти цæргутæмæ равардтонцæ уæхæн фарста: «Уæхе амондгунбæл нимайетæ?» æма ци дзуæппитæ фегъустонцæ, етæ рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй).