АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..
06.09.2022 | 12:21
Уæлдæр æма астæуккаг сæрмагонд ахургæнæндæнтти райдæдта ахури нæуæг анз. Еци хабар кæд ахурдзаутæн дæр æма сæ ниййергутæн дæр æхцæуæн æй, уæддæр си кæмæндæрти ба сагъæссаг дæр æй – уæлдайдæр ба, бюджетон бунæтти ахур кæнуни равгæ кæмæн нæ фæцæй, уонæн, æма сæ ахури туххæй федун гъæуй æхца. Уомæ гæсгæ дзиллон цæстингас æртасгутæ, уæ кæстæртæ цæмæй уæлдæр ахургæнæндони ахур кæнонцæ, уой туххæй цæйбæрцæ æхца бафедунбæл арази айтæ, зæгъгæ, уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уони дзуæппитæ еумæйаг нимадæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй).
Ниййергути 60% арази ‘нцæ, сæ сувæллæнттæ цæмæй уæлдæр ахургонддзийнадæ райсонцæ, уой туххæй федунбæл.