07 декабря 2024

АДÆМИ ЦАРДИ САБУРДЗИЙНАДÆ БАГЪÆУАЙ КÆНУНИ СÆРБÆЛТАУ

30.03.2024 | 21:19

Евгъуд цуппæрæни адтæй нæ республики Парламенти æмбурд. Депутаттæ ци фарстатæмæ ’ркастæнцæ, уони уæлæнхасæн ма байгъустонцæ республики Медгъуддæгути министради 2023 анзи кусти бæрæггæнæнти туххæй министри хуæдæййевæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Цибирти Тайморази дзуаппон радзубандимæ. Куд загъта, уотемæй фудракæндти нимæдзæ евгъуд анз фæффулдæр æй, уæлдайдæр ба – информацион технологити хæццæ баст фудракæндти нимæдзæ: етæ фондз анзей размæ кæд 7,3 проценти адтæнцæ, уæд 2023 анзи ба исхъæрттæнцæ 30,4 процентемæ. Фудгæнгутæн аккаг нихкъуæрд дæттуни туххæй министради гъæуй сæхе специалисттæ, уомæ гæсгæ сæ косгути ахур кæнунмæ рарветунцæ Мæскумæ, Петербург æма æндæр сахартæмæ. Цибирти Тайморази дзубандимæ гæсгæ, фæффулдæр æй, ке раргом кодтонцæ, еци фудракæндти нимæдзæ. Наркотиктæ Цæгат Иристонмæ ласт цæмæй мабал цæуонцæ, уой туххæй æхгæд æрцудæнцæ, кæбæлти сæ ластонцæ, 39 уæхæн нади. Æфхуæрд баййафтонцæ 397 фудгæнæги. Тохæнгарзи æнæзакъон зелдохи нихмæ, уæззау æма уæлдай уæззаудæр æндæр фудракæндтитæ аразуни нихмæ, экстремизм æма терроризми фæззиндтитæ не ’руадзуни нисани хæццæ, республики арæнтæ, адæми сабур æма хузæнон цард багъæуай кæнуни, уæдта нæдтæбæл цæуни æдасдзийнади фæткæ æнхæст кæнуни туххæй ци мадзæлттæ арæзт цудæй, уони фæдбæл министр лæмбунæг æрдзубанди кодта.

Фарстай фæдбæл æмдоклад искодта Черчести Аслан. Фарстатæ æма феппайуйнæгтæ адтæй депутаттæ Цæллагти Жаннæмæ, Цæгæрати Русланмæ, Дидарти Сосланмæ, Фадзайти Арсенмæ, Уртати Азæмæтмæ, Суанти Вадиммæ.

Уомæй уæлдай ма депутаттæ равзурстонцæ æма фиццаг кенæ дуккаг бакасти исфедар кодтонцæ республики социалон-экономикон æма æхсæнадон-политикон царди хæццæ баст закъонтæ æма закъонти проекттæ.