13 октября 2025

АДТÆЙ НИН ФАРНÆХÆССÆГ, ЦИТГИЙНАГ НИН ÆЙ Æ ЦАРДВÆНДАГ…

11.10.2025 | 20:10

Цард нади хузæн æй. Æцæг, надæн аргъгæнæг бæлццон фæууй, адæймаги цардвæндагæн ба – адæм дæр æма рæстæгутæ дæр. Уомæ гæсгæ ба нæ бон федарæй уотæ зæгъун æй, æма адæм дæр, æма рæстæгутæ дæр кæд æма еци уæлзæнхон цардиуаги гъуддæгутæй арфиаг æнцæ, уæд уонæн сæ фиццæгти-фиццæгтæй еу æй Гапбати Александри фурт Иван (адæм æй уарзонæй худтонцæ Гоце). Кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ цардвæндаг нæ фæккæрон æй, нæ цардиуаги нæ хæццæ æмдзо кæнуй æ арфиаг фæллæнттæй, нæ дзиллæ ’й зæрдиагæй имисунцæ, сæ загъд фæууй: «Фарнæхæссæг нин адтæй, имисуйнаг нин æй æностæмæ!..» Абони ’й мах дæр имисæн, уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ æма æрæги, 7 октябри æ райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма фондзинсæй анзи (1915-1975). Æ номерæнæн мухур кæнæн хецæн æрмæгутæ 3-7-аг фæрстæбæл.

Гапбати Александри фурт Иван райгурдæй 1915 анзи Цæгат Иристони АССР-и Дигори райони Гæлиати. Гъæууон райдайæн скъола каст ку фæцæй, уæд ахур кодта педагогон техникуми, уæдта Мæскуй  хигъди-экономикон институти рабфаки. 1938 анзи Цæгат Иристони паддзахадон педагогон институт каст ку фæцæй, уæд куста Хъармани æма Æрæдони скъолати директорæй.

Гапбати Иван 1941 анзæй фæстæмæ кодта партион куст: адтæй партий Æрæдони райкоми организацион хайади сæргълæу-уæг, Дигори МТС-и политхайади хецауи хуæдæййевæг æма хецау, партий Дигори райкоми пропагандæ æма агитаций хайади сæргълæууæг, СЦКП-й Мæхчески райкоми, уæдта Дигори райкоми фиццаг секретарь.

Гапбати Иван 1950 анзи æвзурст æрцудæй СЦКП-й Цæгат Иристони обкоми секретарæй. 1952-1953 æнзти ахур кодта СЦКП-й ЦК-й партион къурсити, каст сæ ку фæцæй, уæдта нæуæгæй æрвист æрцудæй разамонæгæй партион кустмæ.

Гапбати Иван 1955 анзæй 1960 анзи уæнгæ куста Цæгат Иристони АССР-и Сæйраг Совети Президиуми секретарæй. 1960 анзæй 1963 анзи уæнгæ адтæй Цæгат Иристони АССР-и Министрти Совети, телеуинунади æма радиоигъосунади комитети сæрдар, 1963 анзæй фæстæмæ ба – республики культури министр.

ГАПБАТИ Иван (бадуй астæуæй) Мæскуй цитгин æмбурди рæстæг – уæд адтæй ССР Цæдеси Сæйраг Совети депутат.

Гапбати Иван 1966 анзи нисангонд æрцудæй Цæгат Иристони АССР-и Министрти Совети сæрдари хуæдæййевæгæй. Еци бунати куста æ царди фæстаг бæнтти уæнгæ.

Облæстон партион организаци Гапбати Ивани æрвиста кумæдæриддæр, партион æма советон кусти, еци къабæзти æвдиста устур организацион арæхстдзийнадæ. Æхе равдиста хъæппæресгун разамонæгæй, фæллойнæуарзагæ, партион æгъдауæй принципиалон адæймагæй. Гъæздуг фæлтæрддзийнадæ æма имæ берæ зонундзийнæдтæ ке адтæй, уой фæрци арæхстгинæй лух кодта республики культури арæзтади фарстатæ, къæрцгъос æма цæстуарзон адтæй адæммæ, устур кадæ ин кодтонцæ æма ’й уарзтонцæ фæллойнæгæнгутæ.

Устур Фидибæстон тугъди æнзти СЦКП-й обкоми фæдзæхстмæ гæсгæ Гапбати Иван партизанти тох аразта немуцаг-фашистон лæборгути нихмæ.

ГАПБАТИ Иванæн аци мемориалон фæйнæг æвæрд æй, Дзæуæгигъæуи Ватутини гъæунги ци 60-аг хæдзари цардæй, уой фарсбæл, уæдта Хъарман-Синдзигъæуи кæми цардæй, æ фиди еци хæдзари фарсбæл дæр. Мемориалон фæйнæг исаразта Ивани æмгъæуккаг, зундгонд скульптор ДЗБОЙТИ Михал.

Гапбати Александри фурт Иван разæн-гардæй архайдта æхсæнадон-политикон царди. Адтæй ССР Цæдеси æртиккаг равзурст Сæйраг Совети депутат, Цæгат Иристони АССР-и æртиккаг, цуппæрæймаг, фæндзæймаг, æхсæзæймаг, æвдæймаг æма æстæймаг равзурст Сæйраг Совети депутат. Цалдæр хатти æвзурст æрцудæй СЦКП-й Цæгат Иристони обкоми иуонгæй.

Гапбати Иван æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1975 анзи 10 феврали, байвардтонцæ ’й Дзæуæгигъæуи Ирон аргъауæни тургъи уæлмæрдти.

Райгурæн бæсти рази æскъуæлхтдзийнæдтæ ке равдиста, уой туххæй Гапбати Иванæн лæвæрд æрцудæй Фæллойнадон Сурх Турусай орден, орден «Кади Нисан» æма майдантæ.

Фал ин еугур хуæрзеугутæй хуæрзеуæгдæр ба адтæй, æ уарзон адæми нимайундзийнадæ. Гапбати Иван кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр цæруй нæ зæрдити, уомæн æма си ихæсгин ан – æ берæ хъиамæттæ еугурæй дæр адтæнцæ нæ райгурæн Иристони фарнæн, нæ адæми хуарзæн, уой фæдбæл гъуддæгутæй еунæгеми дæр æ хъауритæй, æ зундæй, æ дессаги лæгигъæдтæй æхебæл нæ аурста.

Æма ин абони æ номерæнæн уой бæрцæ æрмæгутæ ке мухур кæнæн, е дæр, махмæ гæсгæ, лæдæрд æй. Гапбати Иван æ цæргæ-цæрæнбæнтти рæстуодæй фæхъхъиамæт кодта нæ адæми хуарзæн, æ фæллæнттæй нин абони дæр ма беретæ фарнæхæссæг æнцæ. Никки ба – нæ зæрдæ уобæл дæр дарæн, æма Гапбай-фурт куд хумæтæг æма куд алæмæти искурдиадæгин адæймаг адтæй, уой туххæй хабæрттæ кæдимайди ба бафæнзунæн бабæззиуонцæ нури хецаудзийнади ка ’й, уонæн дæр. Уотæ ку рауайа, уæд, баруагæс уи уæд, зингæ ахедгæдæр уодзæнæй сæ куст.