26 апреля 2024

Æ ÆФСÆДДОН КАРНÆ ИССÆЙ НАМУСГИН…

30.06.2022 | 15:00

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Кавкази, бæлвурддæр ба Цæгат Иристони зæнхæбæл немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохи Иван Павели фурт Рослый, Фæскавказаг фронти Цæгатаг æфсæдти къуари 9-аг æфсади 11-аг гвардион æхсæн корпуси командæгæнæг, æхе бавдиста искурдиадæгин æфсæддон разамонæгæй. Абони ба ‘й имисæн уомæ гæсгæ дæр, æма 28 июни æ райгурдбæл исæнхæст æй æхсæзинсæй анзи (1902-1980).

Уой фæдбæл абони нæ газети 4-5-аг фæрстæбæл мухур кæнæн И. Рослыйи имисуйнæгтæ.