Æ ФИДИ ФАРНÆ ÆХЕ ФАРНÆЙ БÆРКАДГИНДÆР КОДТА ···
Мæскуйæй нæмæ исигъустæй уæззау хабар – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй нæ фидибæстон цирки номдзуд архайæг, Уæрæсей адæмон артисткæ (1980) æма Цæгат Иристони адæмон артисткæ (1964) Туйгъанти Михали кизгæ Дзерассæ. Фарæ ибæл исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи. Æма уой фæдбæл нæ газети ниммухур кодтан устур æрмæг, фæййарфитæ ин кодтан… Уой æнгъæл ка адтæй, анз рацæудзæнæй æма еци дессаги райдзаст силгоймагæн «рохсаг уо…» зæгъун багъæудзæнæй… Æма хъонцгæнгæй ин абони ерæн æ рохс ном, мæнæ дæлдæр ци æрмæг мухур кæнæн, уомæй…
Советон цирки номдзуд архайæг Туйгъанти Михал æмæ æ цардæмбал, цирки игъустгонд артисткæ Нинæн (æ кизгон муггаг – Никитас) ци агъазиау исфæлдистадон æскъуæлхтдзийнæдтæ бантæстæй, уони исонибонбæл куд нæ сагъæс кодтайуонцæ, куд нæ тухстайуонцæ, сæ гъуддаг син идарддæр ка хъæртун кæндзæнæй, уобæл.
Уомæ гæсгæ ба фуртмæ куд нæ бæлдайуонцæ… Фал син нæ Исфæлдесæг ба исаккаг кодта дууæ кизги. Уонæй алкæбæлдæр куд нæ цийнæ кодтайуонцæ. Гъо, фуртæй сæ Исфæлдесæг кæд нæ фæххайгин кодта, уæддæр сæ кæстæри хуарзæй ба æнхæстæй фæййамондгун кодта, дууæ ниййерæгемæн заманай фадуат равардта сæ сагъæсти сæйраг нисанеуæг цæмæй исæцæг уа, уомæн. Кæд фуртмæ бæлдтæй, уæддæр син кизгæ ку фæззиндтæй, уæд Михали зæрдæ æгириддæр нæ фæссастæй. Æ кизгуттæй ин, цæмæдæр гæсгæ, адтæй устур нифс. Уæлдайдæр ба – кæстæрæй. Хумæтæги ин нæ равардтонцæ Нарти цитгиндæр силгоймаги ном – Дзерассæ, е Нартæн адтæй сæ Устур мадæ, царддæттæг мадæ.
Михали æ зæрдæ нæ фæссайдта – æ цард ци гъуддагæн иснивонд кодта, æма уойбæрцæ берæ æнзти дæргъи кæмæн фæллæггадæ кодта, уой æ кизгæ Дзерассæ æхемæ райста, æма ’й еци æнтæстгинæй идарддæр æнхæст кæнун байдæдта. Æма ин æнтæсгæ дæр берæ бакодта. Цирки бæхтæбæл джикитовкæмæ ци нæуæгдзийнæдтæ бахаста æма еци аййевадæ бæрзондæй-бæрзонддæртæмæ ке исиста, е æруагæс кодта дуйней еугур рауæнти дæр. Адтæй ин устур кадæ, хонгæ дæр æй кодтонцæ «Цирки уосæ – паддзах». Уой фæдбæл æй нæ абони дзубанди дæр…
«Дзерæ, бæхбæл рабадай… Дæ фиди кизгæ нæ дæ?»
Дзерассæн æ карнæ нæ Исфæлдесæг уотæ исбæлдат кодта, æма æ фиди кади туруса æхемæ райсгæй æй идарддæр еци цитгинæй куд хастайдæ. Цирк уарзун æма уоми зин хъиамæттæ æновудæй бауарзун, æвæдзи, æ тоги адтæй. Дзерассæ æхуæ-дæг фæстæдæр, «Иристон», зæгъгæ, ци къуар исаразта, уой еудадзугондæр архайгутæй еу (æхсæз æма инсæй анзи си фæккуста) нæ республики æскъуæлхт артист Дзапарти Морат уотæ дзурдта:
– Æнæ уотæ уæн дæр ин, æвæдзи, нæ адтæй. Дзерассæ æ сувæллони бонтæй фæстæмæ исгъомбæл æй цирки. Еумæ ку бадианæ æма ку дзубандитæ кæнианæ, уæд берæ дессаги цаутæ æма хабæрттæ æримисидæ раздæриккон цирки цардæй. Еухатт ба мин ракодта мæнæ ауæхæн хабар: «Минкъий ма ку адтæн, уæд, ахид куд уидæ, уотæ бабæй мæ мæ мадæ æ хæццæ циркмæ репетицимæ æрбакодта. Уæд мæ фидæмæ ци бæхтæ адтæй, уонæй еу адтæй хъæбæр фудаг, æ ном дæр, куд фæззæгъунцæ, æхебæл – «Бандит». Е, дан, æхебæл саргъ исæвæрун нæ, фал бацæун дæр, мæ фидæй уæлдай неке уагъта. Æз куддæртæй фæдздзæгъæл дæн цирки берæ къумти æма бафтудтæн бæхдонæмæ. Цудайдæ мæбæл уæд, æвæдзи, еу-цуппар анзей бæрцæ. Мæ мадæ ма уой фæсте дæр ахид æримисидæ еци цау, кæун, дан, байдæдтон, агорæн дæ æнæгъæнæ цирки, фал дæ нæбал ирдтан. Уæдмæ мæ фидæ, дан, агорæг бæхдонæмæ бауадæй, æз дæр – æ фæсте. Кæсæн æма «Бандит»-и къæхти буни фунæй кæнис. Бæх змæлгæ дæр нæ кодта. Кастæй дæмæ æдзинæг. Æз тарстæн, еци æзнæт бæх ку фесхъæтæг уа, ку дæ ниммара, æма зир-зир кодтон…»
Морат куд бафеппайдта, уотемæй Дзерассæ еци цауи кой ахид нæ кодта… Фал æй ку радзоридæ, уæд уой фæсте еуцæйдæрбæрцæдæр рæстæг æнæдзоргæй фæу-
уидæ, æхе гъудити ранигъулидæ. Ка ’й зонуй, уæд уотæ хъæбæр ка фæттарстæй, хъæбæр æгæрон уарзтæй ке уарзта, æ еци мади æримисидæ – уæлдайдæр æхемæ уомæ гæсгæ нийгъосидæ, æма æ мадæ æверхъау мардæй ке фæммард æй…
Цæуæтæй ин айдагъдæр дууæ кизги ке исæнтæстæй, æвæдзи, уобæл исарази уогæй, уæддæр Михал уонæбæл æ зæрдæ дардта, гъома, мин кæд етæ мæ гъуддаг идарддæр хъæртун кæнонцæ. Уæлдайдæр ба – Дзерассæбæл. Куд æрæстæфтæй, уотемæй е æхцулдæр адтæй æ фиди кустбæл, бæхтæбæл. Фал минкъийтæбæл æма æ фæндитæй фудевгед кодта. Цæветтонгæ, мæнæ царди дæхецæн бæлвурд дæсниадæ равзарæ, зæгъгæ, еци карæмæ ку исхъæрдтæй сæ кизгæ, æ ниййергутæ уотæ æнгъæл ку адтæнцæ, гъома, мæнæ нур ба æрлæудзæнæй æ фиди арфиаг надбæл, равзардзæнæй уой, берæ арæхстдзийнадæ æма рауон-циуондзийнадæ, зунд æма зæрдæргъæвддзийнадæ кæми гъудæй, еци дæсниадæ.
Фал гъуддаг, ниййергути куд фæндадтæй, фиццаг уотæ нæ рауадæй. Дзерассæ хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст фæцæй дæс къласи Дзæуæгигъæуи. Æма дин æхецæн ку равзаридæ, æ мадæ æма æ фидæ æнгъæл дæр ке нæ адтæнцæ, уæхæн æндæр дæсниадæ. Е сæ кæд сагъæсти бафтудта, уæддæр нецибал загътонцæ кизги фæнди туххæй. Дзерассæ æнтæстгинæй фæлварæнтæ равардта Мæскуй Морис Торези номбæл фæсарæйнаг æвзæгти институтмæ æма иссæй, хъæбæр устур нимади ка адтæй, еци уæлдæр ахургæнæндони студенткæ. Æ ахури гъуддæгутæ куд æнтæстгинæй цудæнцæ, уомæ гæсгæ бæрæг адтæй: Дзерассæ федарæй равзурста æ царди идарддæри над.
Еу кæддæр Дзерассæ каникулти рæстæг Мæскуйæй рандæй Ленинградмæ – уæд уоми гастролти адтæй æ фидæ. Кизгæ дин еу хатт ку бацæуидæ циркмæ, репетицити рæстæг. Бауадæй, уотид, æ фиди рауинунмæ… Фал æй æ къах фæстæмæ нæбал хаста… Æ цæститæ нæбал иста бæхтæй…
Дзерассæ æхуæдæг уой фæсте куд имиста, уотемæй имæ уæд кадæр ку исдзоридæ:
– Дзерæ, бæхбæл рабадай. Гæрр, тæрсгæ кæнис, гæрр, дæ фиди кизгæ нæ дæ?..
Е дæр син еци æндиудæй ку зæгъидæ:
– Æгириддæр нæ тæрсун!..
Æ фидæй имæ цидæртæ ке хъæрдтæй, е рабæрæг æй, цума ин сæдæймаг хатт адтæй, уотæ цæрдæг æрбабадтæй бæхбæл. Бæхбæл арени æрзелæнтæ кæнгæй рауидта, æ фидæ имæ куд лæмбунæг кастæй æма си куд боз адтæй, уой.
Еци цæстингас ин искарста æ идарддæри цардвæндаги нивæ – уæд Дзерассæ, цума ин арви æрттивд фæннисан кодта æ карни исонибон, уотæ ’й балæдæрдтæй: æнæ циркæй, æнæ бæхтæй ин фæццæрæн нæбал ес. Циркмæ æ алли бацуд дæр имæ бæрæгбон кастæй. Æма уоййадæбæл
ниууагъта æ фæсарæйнаг æвзæгти институт æма ахур кæнунмæ бацудæй бæхти-спортивон скъоламæ.
Михал манежи æ зæрдиаг архайд ниууагъта 1962 анзи. Æ бæхти аттракцион равардта, сæрустур кæмæй адтæй, æ сæр бæрзæндти кæмæй хаста, цирки æ аййевадæ нæргæ ке цæрдзæнæй идарддæр, уомæй ин устур нифс ка адтæй, æ еци бæдолæ Дзерассæмæ. Кизгæ уæдмæ иссæй дæсни бæхбæлбадæг. Еудадзугдæр еци æнæзийнадæ æма æвæллайгæй архайдта æ дæсниади бундоронæй-бундорондæр арæхсунбæл, ци иснисан кæнидæ, уомæ тундзтæй æдзæстхезæй, æхебæл нæ
ауæрдгæй. Берæ фудæбон бакодта, «Иристон», зæгъгæ, ке исхудта, æ еци нæуæг национ аттракцион адæми тæрхонмæ рахæссуни размæ.
Дзерассæ æ аттракциони багъæуай кодта, æ фидæ хуæздæрæй ци исаразта, уони. Равардта син нæуæг цард. Бæхбæлбадгути архайдмæ, концерттæмæ бахаста æхе æргъудиконд нæуæгдзийнæдтæ. Æ дууадæс бæхбæлбадæги сау-сурх дарæси рæсугъд, æхуæдæг ба силгоймаги зæрдæмæдзæугæ уорс полцъий уотемæй, ратæхиуонцæ манежмæ, цæстифæнникъулдмæ райаразиуонцæ тæккæ вазуггиндæр трюктæ, æвдистонцæ бæхбæл бадуни уæлдæр скъола.
Дзерассæ æма æ къуари иуонгтæ гастролти фæууиуонцæ Советон Цæдеси, Уæрæсей, æнæгъæнæ дуйней хъæбæр берæ рауæнти. Æма уомити цæрæг адæмти зонгæ кодтонцæ æма деси æфтудтонцæ Иристони бæхти-спортивон аййевадæй. Иристони хуæнхти комиуолæфт сæ хъæртун кодтонцæ, æууæндун сæ кодтонцæ, ездондзийнадæ, æфсармæ, æгъдау, лæгдзийнадæ æма нифс ке ’нцæ нæ адæми сæйрагдæр менеугутæ, уобæл.
Æ кусти Дзерассæн федар цæгиндзæ алкæддæр адтæнцæ е ’мзæрдиуон, æмархайæг фæсевæд. Етæ уотид дæсни артисттæ нæ адтæнцæ, фал адтæнцæ берæ арфиаг менеугутæй æнхæст лæхъуæнтæ, Иристони кадæ æма ирон лæги ном ка сæрустур кодта се ’гъдау æма архайдæй, уæхæнттæ: Мамити Махарбег, Батиати Арсен, Гæджинти Виктор, Дзобати Эльбрус, Дзапарти Мурат, Гугкати Руслан, Хъанухъти Таймораз, Хабати Цæра, Урумти Виктор, Майрæмухъати Руслан, Цъæхилти Олег… Етæ Дзерасси хæццæ кадгинæй идарддæр хъæртун кодтонцæ Туйгъанти намусгин династий намус, архайдтонцæ, цæмæй сæ бæхти ансамбль «Иристон» уа уой аккаг, сæхе нæуæг æнтæстдзийнæдтæй æй гъæздугдæр æма бæрзонддæр кæнонцæ. Етæ иссæнцæ еу бийнонти хузæн æнгом, кæрæдзебæл æновуд æма æхцул, кæрæдземæн адгин. Се ’хсæн еудзийнадæ федар æвæрд ке адтæй, аййевади æбæрæг бæрзæндтæмæ еци нифсгунæй ке цудæнцæ, кæрæдзей хуарз ке лæдæрдтæнцæ, æвæдзи, уой туххæй алкæддæр сæ къохи дæр æфтудæнцæ зингæ æнтæстдзийнæдтæ.
«Хъæбæр хæларзæрдæ æма раст адæймагæй æй базудтон…»
Адæймагæн æ дæсниади цийфæнди æскъуæлхтдзийнæдтæ ку бантæса, цийфæнди бæрзæндтæмæ ку исхеза, уæддæр ин адæм ба уони нимайгæй дæр, æнæгъæнæй аргъ кæнунцæ, хумæтæг царди ци æй, дзиллити æхсæн æхе кутемæй æвдесуй, уомæ гæсгæ. Туйгъанти номдзуд кизги артисттæй еу, Дзапарти Мурат, кæддæр финста:
– Дзерассæ кусти фæдбæл гъуддæгути куд домагæ фæууй, уотæ æнæуой царди ба æй хъæбæр раст æма хæларзæрдæ адæймаг. Министри хæццæ – министр, хумæтæг адæймаги хæццæ – хумæтæг адæймаг. Еу кæддæр Хонсар Америки Аргентини гастролти адтан, æма мин Дзерассæ уотæ бакодта, цæуæн базармæ бауайæн. Еумæ куд рацудан, уотемæй тæккæ тегъæбæл рауидтан зæнхæбæл бадгæ еу мæгургорæг уоси. Æ рази – къопп. Æрлæудтан, æма нæ гæнæнтæ ци амудтонцæ, уойбæрцæ битир ин равардтан…
Нæ бон адтæй, нæхе неци уинæг искæнгæй, æ рæзти исевгъуйун – уогæ беретæ уотæ кодтонцæ. Фал уой нæ сæрмæ не ’рхастан, нæ ирон æфсарми сæрти рахезун æма еци мæгури не ’ргъуди кæнун. Идарддæр цæугæй дæр ма Дзерассæ катай кодта, мадта нур еци зæронд уосæ ци фæууодзæнæй, кæми æрæхсæвеуат кæндзæнæй, зæгъгæ… Гъе уæхæн уоди хецау адтæй!..
– Æвддæсанздзудæй мæ байагурдтонцæ циркмæ, – имиста Мурат. – Æма мин Дзерассæ иссæй мæ мади хузæн. Гъуди ма ’й кæнун, мæнæ даргъ дзиккотæ рауадзунбæл ку фæццалх æнцæ лæхъуæнтæ дæр, уæд æз дæр «фæсте нæ байзадтæн». Æма мин Дзерассæ мæ еци дæргъæй – дæргъæмæ дадалитæ исивазта, ани кæд рандæ кæндзæнæ, зæгъгæ. Уотæ мæ бафсæрмитæ кодта, æма мæ, кæд нæ фæндадтæй, уæддæр мæ еци «бæрцæ» уайтæккæдæр ралвидтон.
Нæ минкъий Иристон гъæздуг æй искурдиадæгин адæймæгутæй. Еци номдзуд адæймæгути рæнгъи æнцæ, нæ адæмæн, нæ Иристонæн æносон кадæ ка искодта, етæ, Туйгъанти Михал æма æ искурдиадæгин кизгæ, Уæрæсей адæмон æма Цæгат Иристони адæмон артисткæ Туйгъанти Дзерассæ.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта
САКЪИТИ Эльбрус.
Ирина Гуржибекова
Исса Плиев на представлении джигитов Тугановых
Кони топчут манеж.
Кони мчат невесомо.
И наездники дружно творят чудеса.
Это все так понятно тебе и знакомо.
Это все уже было с тобою, Исса.
Только кони неслись по горящему полю.
Только взрывы снарядов – не взрывы ладош.
Отлетают года, с их тревогой и болью.
Но от памяти разве уедешь? Уйдешь?
…Нет нарядных рядов. Нет улыбок актерских!
Возвращается память к привалам ночным.
Где, горячие, сохнут на ветру гимнастерки
И где снятся коням овсяные сны.
… Хороши скакуны, и наездники тоже.
Будто вверх их вздымает орел на крыле…
А вот паренек, вроде, был помоложе,
Тот, что спит в Ньиредьхазе, в венгерской земле.
… Пусть оваций волна так и хлещет из зала,
И джигиты почти растворяются в ней.
Но глаза их средь сотен найдут генерала,
Чья высокая слава их славы трудней.